Дигор-Хъабан
Авд Уæхъæци муккагæй дзурдтонцæ. Раст мæгур цæрæг лæг сæ астæу исæвзурстонцæ – Дигори Хъабан. Авд Уæхъæцей Æстъона йин цӕрӕн бунатӕн равардтонцӕ. Нӕ фидтӕлтӕ лӕгигъӕдӕбӕл дзорага адтӕнцӕ. Сӕ лӕгигъӕдӕ - сӕ дуйнемӕ гӕсгӕ. Гъе, Дигори Хъабани уой туххӕй равзарунцӕ.
Бӕрцӕлвид байраг, ӕ тӕрнихи уорс ӕстъӕлфӕ, ӕртӕ сау уӕрей хӕтдзӕ; ӕрт 'анзи 'й хуарӕй ку исхаста. Алли анз дӕр си йеу уӕр ӕвгарста ӕ уӕраги хъанзи бӕрӕг базонунмӕ. Ӕртиккаг уӕр ку нивгарста, уӕд ин ӕ бӕрӕг базудта: «Мӕ бӕх копсиуалӕ, йе 'нгъуд над нӕ бал фӕссайдзӕнӕй». Уӕд ин саргъи рӕвдзӕ дӕр бакодта. Ӕ зӕрди хӕтун ӕрӕфтудӕй. Хӕтуни размӕ уосӕ ӕрхонуй Баделиатӕй хъумайагӕн.
Ӕцӕг уосӕ баагоруй ӕхе мӕгур Дигори муккагӕй. Уӕд ӕцӕг хӕтунмӕ ранӕхстӕруй афӕдзи ӕнгъудӕй Гурдзистонмӕ. Дигорӕ йин йе 'рцудмӕ нивӕндтӕ кодтонцӕ. Ӕ афӕдзи бони ӕриздахтӕй Устур Мӕхчесгӕмӕ.
Туйгъанти устур Туйгъан, ӕ фусун имӕ ӕркодта Дигори Хъабан. Ӕ копсиуалӕн ӕй ӕхе тургъи бӕхбӕдтӕнӕн ниввӕруй. Дигори Хъабан медӕгмӕ бацӕуй; ӕ гъар хуӕрдӕ, ӕ гъар ниуӕстӕй ин уазал ниуазӕн рарветуй.
Туйгъанти устур Туйгъан ӕ къахи фийтӕбӕл ниллӕууй ӕ цийнӕй: «Мӕнӕ мин Дигори Хъабан ӕгайтимӕ мӕ ном иссирдта!» Бонмӕ уой хӕдзари фӕббадуй. Сӕумӕй ранӕхстӕруй йе гурӕн бунатмӕ. Естъонамӕ иссӕуй. Дигорӕ йе 'ссудмӕ ӕримбурдунцӕ. Бонхуарз син зӕгъуй. «Ӕгайтима нин дзӕбӕх ӕрцудтӕ!»
Афӕдзи бонмӕ 'й некумӕ бал рауахтонцӕ.
Ӕ афӕдзи бон ку ӕрхӕтдзӕ уй, дууӕ уорс йегари, копсиуали хӕтдзӕ цауӕни рацӕуй. Фидтӕлти хӕзна хъӕрӕймагӕй сӕумӕй рӕфтӕмӕ сӕгдзауӕн ку кӕнуй, рӕфтӕй изӕрмӕ тӕрхъосдзауӕн.
Ӕ йеу хатти рацуди Туйгъанти ӕфсинттӕ, сӕ уостӕлтӕ, сӕ кизгудти хӕтдзӕ, кӕрӕдзей бӕрӕг нӕ базонгӕй, къӕрӕзгитӕй уомӕ кастӕнцӕ. Сæ уорс изӕлуй къабӕзтӕ уомӕ ку тилдтонцӕ, мӕнмӕ рацо, мæнмӕ рацо, зӕгъгӕ.
- Мӕ бацуд, ӕцӕг, бунат ин нӕ уодзӕнӕй!
Енгъӕлдзауӕй йимӕ байзайунцӕ. Ӕстъонай размӕ ку иссӕуй, æ бæхæ къах ракъуӕруй; ӕ галеу къохӕй æй ниццӕвуй.
Дигори ӕмбурд сауӕнги дӕр уой ӕрцуди ӕнхӕст дардтонцæ сӕхе. Ӕ бӕхбӕл нигъгъазуй. Ӕ бӕхи гурӕнтӕ сор къанаутӕ.
Хъабардей устур коми на 'дтӕнцӕ. Хуарз лӕги хабар сӕмӕ цудæй. Ӕ бӕхи лӕгигъӕдӕ дӕр ӕхемӕ гӕсгӕ. Ӕрбайимӕ ӕрветунцӕ лӕваргор: «Дӕ бӕх нин нӕ йеугурей номбӕл афӕй йади радтӕ!» Нӕ-а син нӕ загъта. Равардта син ӕй. Афӕдзи бони ӕхсӕви ӕмбеси Естьонай дуар ӕрбахуастӕуй. Ӕ хъумайаг уоси фурт бацӕуй Дигори Хъабанмӕ: «Дӕ номӕй дӕ агурдӕ уй!»
Ӕ уӕлдзар кӕрцӕ йе 'усхъитӕбӕл, ӕ дууӕ ӕркъей ӕ къӕхтӕбӕл, дуар райгон кӕнуй; дӕс бӕхгини ӕ дуармӕ. Дигорон ӕгасцӕуай син зӕгъуй. Ӕ бӕхбӕл ӕ къох тӕрнихӕй думӕги сӕрмӕ радаруй.
Хъабардей лӕвари йибӕл фӕууидта ӕвзестӕй саргъ, сугъзӕринӕй ӕ ном ӕвард. Медӕгмӕ сӕ бакӕнуй. Дигорон цӕнхӕ, кӕрдзинӕй сӕ байуазӕг кӕнуй. Сӕумӕ сӕ рарветуй сӕ хӕдзӕрттӕмӕ ӕнӕ зианӕй.
Хӕтун ӕ зӕрди ку ӕрӕфтуйуй къуар бӕнттей фӕсте, Хъабардей бабӕрӕг кӕнон, зӕгъгӕ.
Хабардейӕн цуппар тегъебӕл цуппар зелӕни ӕркӕнуй. Цуппӕрӕймаг хатт феййафуй Биаслантӕн се 'стур ӕмбурд, сӕ хестӕртӕ сӕ астӕу, кӕстӕртӕ сӕбӕл зилд лӕудтӕнцӕ.
- Йа, ци дессаг ӕй ани ӕмбурд!
Ба-сӕмӕ-цӕуй, се 'мбурди кӕронмӕ ӕрлӕууй, ӕгас цо зӕгъӕг ин нӕййес. Хестӕртӕ астӕуӕй бӕхи тӕрнихӕй ӕй бафӕсмӕрунцӕ, сӕ ковӕн дзаума ӕвзестини цъӕх махсумӕ, ковӕгкаг уомӕн радтунцӕ. Ӕ билӕй ниттолуй уӕлбӕхӕй, йесӕг ин æй нæййес. Ӕрдӕгмӕ 'й банинуазуй, йесӕг ин ӕй нӕййес. Ӕд бунтӕ 'й баниуазуй. Ӕ сӕрбӕл ӕй ӕркодта. Ӕ бӕх кӕронмӕ ракӕнуй. Дууе 'рдӕмӕй раздахуй; гириз кӕнун ӕй ӕнгъалдтонцӕ. Ӕртиккаг хатт ӕ бӕхи къембур рахатуй Дигорӕмӕ. Ниццӕфтӕ кӕнуй ӕ бӕх; ра 'йсурдтонцӕ Биасланти бӕхгин адӕм.
Фӕстӕмӕ сӕмӕ ракастӕй, фӕдесон си нӕ фӕууидта. Ирӕфи дони ӕрбахезуй. Дигори зӕнхӕ иссердта, тас имӕ нӕ бал адтӕй.
Ӕхсӕрисӕри лӕборӕн къотӕрмӕ ку исхӕтдзӕ 'й, уолӕвд ин равардта; ӕвзестин æ бӕхи фӕсабӕрцӕ ниббӕдтуй, йе 'лвасӕнтӕ йин балвасуй, дзурд радтуй ӕ бӕхӕн: «Ке дин равардтон абони уӕнгӕ, фӕууӕнтӕ дин хӕрам, ду аци ӕхсӕвӕ Дигори хуӕздӕр ӕхсӕвӕр кӕмӕ уа, уомӕ мӕ ку нӕ бахӕссай! Ӕз дӕр дин дзурд дӕттун, Нари хестӕрӕн ӕ авд фуртемӕй сæ хестӕри ӕз рамардтон, уомӕ мӕ ку бахӕссай, уӕддӕр ке нӕ раздӕхдзӕнӕн!»
Ӕртӕ цӕфи 'й никкӕнуй. Ӕ тухӕй ӕй рауахта. Ӕцӕгӕй ӕй Нари хестӕрмӕ бахӕссуй. Ӕ дзурд не басайдта; уӕлбӕхӕй бадзоруй: «Хӕдзаронтӕ! Иуазӕг уӕмӕ дзоруй!»
Ӕ фурттӕй йимӕ сӕ йеу ракӕсуй. Дуарӕй фӕстӕмӕ баздӕхуй: «Нари хестӕри фурттӕ, уӕ ном фесӕфӕд, саг фӕрӕтмӕ ӕрцудӕй!».
Йеугайæй сæхе рӕвдзӕ кӕнунцӕ, сӕ фиди зӕронд сӕ базонуй. Ба-сӕ фӕрсуй: «Ци кӕнтӕ? Мӕнӕн мӕ тургъӕмӕ ка ӕрбацудӕй, кӕд мӕ фурти марӕг ӕй, мӕ хъиамӕттӕ уин хӕран фӕууӕнтӕ, сумах уомӕн йести ку кӕнайтӕ, ӕнӕ мӕхецӕй дзурд!»
Сӕ гӕрзтӕ ӕривӕрунцӕ.
Ра-йимӕ-цӕунцӕ йеумӕ; тургъи ӕмбесмӕ ку рахъӕртунцӕ, ӕ бӕхӕй рафестӕг уй. «Уе 'хсӕвӕ хуарз» син зӕгъуй. «Ӕгас цо, нæ хуарз иуазӕг!» Сӕ кӕстӕр ин ӕ бӕх райсуй, ӕ гӕрзтӕ сӕмӕ равардта. Медӕгмӕ бацӕуй зӕронд фидӕ ӕма зӕронд мади размӕ, ӕ гӕрзтӕ исесуй, фӕсдуар сӕ байвӕруй; дигорон тӕфирфӕс син ракӕнуй. Зӕронд лӕг имӕ исдзурдта:
- Хӕстӕгдӕр мӕмӕ исцо! Ӕ къох имӕ радтуй: «Амонди хӕтдзӕ хӕтӕ», зӕгъгӕ. Зӕронд уосӕ йимӕ фестуй, ӕ къох ин райсуни размӕ ӕ дзедзе йин ӕ гъӕлӕси бакӕнуй.
Дӕ къохæй ке рамардтай барӕй дӕр, ӕнӕбарӕй дӕр, уой бӕсти нин ду фӕууо мах фурттӕн сӕ хестӕр!»
Ба 'й иуазӕг кӕнунцӕ йеци ӕхсӕвӕ, ӕнӕ зианӕй сӕумӕ рандӕ уй ӕ хӕдзарӕмӕ. Ӕ хӕдзарӕмӕ ку исхъӕртуй, Дигори зӕрӕндтӕ ӕримбурд кӕнуй хестӕргай, нимӕдзӕ син не 'скодта: сӕдӕ сӕдӕ сӕда 'вдай, сӕдӕ сӕ уӕлдай.
Æстъонай мосмӕ ӕримбурд унцӕ. Авд сабати ниббадунцӕ, авд фӕнди сӕри 'й бахастонцӕ. Сӕ фӕндӕ ниллух уй тоги цитӕ бакӕнунбӕл.
Балхӕнунцӕ дигорон хуарӕй авд анзи хаст уорс гал ӕнӕ сау ӕстъӕлфӕ, уорс дари йин ӕ хъури ниббӕдтунцӕ. Ӕ хӕтдзӕ рацӕунцӕ, тоги цити фингӕ сӕ хӕтдзӕ уогӕй.
Нари хестӕрмӕ барветунцӕ:
- Федауци хуасӕ фӕууо, адӕми курд райсӕ!
Дзуапп син равардта:
- Адӕми курд ка нӕ райса, адӕмӕй нӕ уодзӕнӕй! Рахӕстӕг нӕмӕ уотӕ нӕ бунатмӕ!
Бацӕунцӕ уорс гал тоги цитӕ финги хӕтдзӕ, сӕ разӕй ӕллӕуун кӕнунцӕ. Хестӕргай рӕнгъитӕй ниллӕудтӕнцӕ. Сӕ хуӕздӕр гъуддаг корун адтай.
Йеци бон бафедудтонцӕ. Æстӕмӕй астмӕ фӕббадтӕнцӕ. Ӕвзестин йеци бон тоги цитӕн ниууахтонцӕ Нари хестӕрӕн. Рацудӕнцӕ сӕ хӕдзарӕмӕ.
Дигори муккагӕн тоги федауцӕ фӕстагонтӕн байзайуй йеци бонæй аци бонмӕ.
Радзурдта æй Тауасити Мӕхӕмӕт, Цикола, 3 январь, 1928 анз. ЦИНИИ-йи архив, фольклор № 111, папкӕ 89, ф. 103-107.
