Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Дигори археологон циртдзæвæнтæ

Дигори археологон циртдзæвæнтæ

Дигори археологон циртдзæвæнтæ

Сосранти Рамазан

Дигори археологон циртдзæвæнтæ

Дигори зӕнхӕ устур нӕ 'й, фал си археологион циртитӕ ба берӕ ес, - райдайӕ неолитӕй (недзаманон рӕстӕги цуппӕрӕймаг мин ӕнзти фӕндзӕймаг ӕнос) ӕма астӕуккаг ӕнзти доги уӕнгӕ. Еци циртитӕмӕ се 'ргом рагӕй ӕздахунцӕ Кавказ ахургӕнӕг ахургӕндтӕ.
Революций агъоммӕ йертӕститӕй тӕккӕ ахсгиагдӕрбӕл банимайӕн ес П. С. Уваровай куст «Цӕгат Кавкази циртдзӕвӕнтӕ». Е мухургонд ӕрцудӕй 1900 анзи Мӕскуй. Цӕгат Иристони археологион циртдзӕвӕнти хӕццӕ си амунд ӕнцӕ Дигори хуӕнхбӕсти (Къумбулти, Къӕмунти, Задӕлески, Лезгори ӕма ӕндӕр гъӕути) циртдзӕвӕнтӕ дӕр. Ӕнцӕ фӕйнӕ хузти: дорин киртӕ, зӕнхи буни ӕма зӕнхӕбӕл конд обӕйттӕ. Се 'вӕрдмӕ гӕсгӕ етӕ хаст цӕунцӕ аланти рӕстӕгмӕ, гъома, доги IV ӕносæй ХІІ-аг ӕноси уӕнгӕ. Циртдзӕвӕнтӕй ист дзаумати ӕхсӕн ес тохӕнгӕрзтӕ, силгоймӕгти рӕсугъдгӕнӕнтӕ ӕма ӕнд.
Советон рӕстӕги хуӕздӕр бӕрӕггонд ӕрцудӕнцӕ историон-архитектурон циртдзӕвӕнтӕ, галауантӕ, мӕсугтæ. Тменати В. Х. сӕбӕл ниффинста монографи «Цӕгат Иристони астӕуккаг ӕности историон-архитектурон циртдзӕвӕнтӕ». Куст мухургонд ӕрцудӕй 1984 анзи. 1982 анзӕй фӕстӕмӕ хъобайнаг культури циртдзӕвӕнтӕ ӕма цӕрӕнуати гъуддӕгтӕ йертасуй Паддзахадон историон музеййи наукон косӕг А. П. Мошинский. Архайуй Донифарси фалдзостӕ. Хуӕнхрӕбунтӕ ба абони уӕнгӕ уӕлдай дессагдӕр ӕнцӕ: В. А. Сафронов ци тупбуртӕ исигон кодта 1977 анзи Николаевски гъӕуи рӕбун ӕма 1978 анзи Ирӕфи дони рахес фарс, - Хӕзнидонӕй 3 км идарддӕр, етӕ.
Дигори археологион циртдзӕвӕнтӕ берӕ ес, ӕма уонӕн се 'гасей банимайун мӕ бон нӕ 'й, фал мӕ фӕндуй ӕрмӕгкӕсгути гъудитӕ раздахун мӕнӕ ауӕхӕн фепбайуйнӕгтӕмӕ:
1. Фулдӕр ахургонд цудӕнцӕ Дигори хуӕнхти ци археологион циртдзӕвӕнтӕ ес, етӕ.
2. Хуӕнхрӕбунти циртдзӕвӕнти туххӕй хъӕбӕр кунӕг ӕрмӕг ес.
3. Абони уӕнгӕ зундгонд ци циртитӕ ӕнцӕ, етӕ дӕр бунӕттон цӕргути фӕрци, уони дзурдтӕй.
4. Еунӕг йертасӕг дӕр не саразта Дигори археологион циртдзӕвӕнти картӕ.
5. Дигори археологи лӕмбунӕгдӕрӕй исахур кӕнун гъӕуй, цӕмӕй хуӕздӕр базонӕн, еци рӕстӕгути Дигори бӕсти цитӕ цудӕй, уони.
Еумӕ райсгӕй, бӕрӕггонд циртитӕ дзамӕнттӕмӕ гӕсгæ ӕнцӕ мӕнӕ атӕ:
Неолит - ирд ӕрцудӕй Ӕтдори хонх ӕма Уорсдони рӕбунти, ӕтдорӕй дзауматӕ кӕми кодтонцӕ, уӕхӕн ӕрмадзитӕ.
Энеолит ӕма ӕрхий дзамани райдайӕн - (недзаманон рӕстӕги IV-III мин ӕнзти дугкаг ӕмбес) Ирӕфи рахес фарсӕй, Чиколай гъӕумӕ хӕстӕг, исбӕрӕг кодтонцӕ гъӕууат; Гæлиатӕ ӕма Къӕмунти гъӕути ба - циртитӕ.
Астӕуккаг ӕрхий дзаман (недзаманон рӕстӕги III—II мин ӕнзти кӕрон) - Къумбулти гъӕуи рӕбун ӕма Гӕлиати гъӕуи буни ирд ӕрцудӕй циртдзӕвӕнтӕ; г. Дигора, Къора-Уорсдони гъӕути, ӕма ст. Николаевски тупбуртӕ.
Фӕстӕдӕри ӕрхий догӕ (недзаманон рӕстӕги ХІІ-агæй ІV-аг ӕноси уӕнгӕ). Ӕци догӕмӕ хауй, Хъобайнаг культурӕ ке хонунцӕ, е. Донифарси рази исбӕрӕг кодтонцӕ циртдзӕвӕн. Хъобайнаг культурӕмӕ хаунцӕ рагон скифаг дзауматӕ (сирдти хузтӕй фӕлуст дзауматӕ, тохӕнгӕрзтӕ ӕма ӕндӕртӕ). Уони фӕззинд хӕссунцӕ недзаманон рӕстӕги VII-аг ӕносмӕ. Искъахтонцӕ сӕ Къумбулти гъӕуи.
Хуӕздӕр бӕрӕггонд ӕрцудӕй сарматтаг — алайнаг рӕстӕг ке хундӕуй, е. Еци рӕстӕг зундгонд ӕй нӕ доги IV—XII ӕности циртитӕмӕ гӕсгæ. Уонӕн сӕ фулдӕр ӕй Дигоргоми, уӕдта си кӕмттӕмӕ бацӕунти дӕр ес еу цалдӕр. Астӕуккаг ӕностӕй нӕмӕ ӕрхъӕрдтӕй обайгонд циртдзӕвӕнтӕ, мӕсугтӕ ӕма ӕндӕр хузи азгъунститӕ. Таккӕ фӕлмастдӕр ахургонд ӕнцӕ аланти цӕрӕнуӕттӕ. Абони уӕнгӕ си ӕрмӕстдӕр дууӕ ӕй зундгонд: сӕ еу Синдзигъӕуи цори, иннӕ ба - Чиколай гъӕуи фалдзостӕ, Ирӕфи дони рахес фарс.
Ке загътан, уомӕй бӕрӕг ӕй, Дигори зӕнхӕ ӕцӕгӕй дӕр идзаг ке ӕй археологион циртдзӕвӕнтӕй. Дӕнцӕн ӕрхӕсдзинан Хӕзнидони гъӕуи «археологион уавӕр». Гъӕу арӕзт ӕрцудӕй 17-ӕноси кӕрони. Ӕвӕрд ӕй астӕуккаг ӕрхий рӕстӕги конд уӕлмӕрдтӕбӕл. Нури уӕнгӕ дӕр ма гъӕуи цæргутӕ сӕ рази дзӕхӕрадӕнтти иссерунцӕ керамикӕ 'ма ӕрхийӕй конд дзаумати сӕститӕ. Хорнигулӕнӕрдигӕй ци фахс ес, е ба еугурӕйдӕр лӕууй VII—X ӕности конд аланти уӕлмӕрдтӕбӕл. Фахсӕй хӕрдмӕ ба ес ӕрхий доги конд туппуртӕ. Хӕзнидони къанауи рахес фарс, Кети гъӕуи бунати, байзадӕй фӕстӕдӕри астӕуккаг ӕносон цӕрӕн бунӕттӕ ӕма уӕлмӕрдтӕ. Гъе, уомæ хӕстӕг уавӕр ес ӕгас Дигоргоммӕ бацӕуӕн Дигори дӕр.
Хӕзнидони дӕнцӕн ӕрхастан, нур ба ӕркӕсӕн еугур Дигори ци археологион циртитӕ ес, уони уавӕрмӕ дӕр. Тупбуртӕ ӕма циртитӕ, ӕрхий доги конд ка 'дтæй, етӕ гъӕуайгонд дӕр ӕма ахургонд дӕр некӕд цудӕнцӕ, фал еудадзуг цудӕнцæ ихӕлд. Аланти уӕлмӕрдтӕй ӕрмӕстдӕр еунӕг катакомбӕ исбӕрӕг кодтонцӕ (1957 анзи — В. И. Кузнецов; 1978 анзи ба Н. И. Гиджрати.). Кети цӕрӕнуатӕй ма байзадӕй айдагъдӕр цъӕх гъунайӕй ӕмбӕрзт бундортӕ ӕма дорӕй конд нади гӕппӕл Ирӕфмӕ. Ейӕ дӕр хӕмпӕлгӕрдӕги бунӕй ниццӕй, ихӕлуй: ӕма 'й гъуди дӕр неке кӕнуй. Обӕйттӕмӕ 1961 анзи ӕркастӕй Л. И. Лавров. Е дӕр син ахур кодта ӕрмӕстдӕр сӕ финстита. Лавров банимадта обӕйтти 18-аг ӕноси искондбӕл. Никки ма уӕхӕн хатдзӕгмӕ ӕрцудӕй ӕма, дан, Хъарадзаути муккаги уӕлмӕрдтӕ адтӕй, 1980-аг анзи ба сӕ Тменати В, Х. исбӕрӕг кодта. Нури уӕнгӕ ма 13 циртемӕй ӕрмӕст ӕртӕ байзадӕй ӕгасӕй. Гъулӕгкагӕн, иннӕ рауӕнти дӕр уавӕр хуӕздӕр нӕй. Тӕккӕ дессагдӕр ба е ӕй, ӕма мах сӕрустур ан нӕ фидтӕлти фидтӕлтӕй, уотемӕй ба нӕ цӕстӕ нӕ дарӕн, етæ нин ци дессаги байзайӕггӕгтӕ ниууагътонцӕ, уонӕмӕ. Зонгӕ ба 'й хуарз кӕнӕн, - ӕнӕ ӕзинӕй абонӕ нӕййес. Цума нин афонӕ нӕма ӕй уобӕл расагъӕс кӕнунмӕ?! Ци ниууадздзинан нӕ кӕстӕртӕн ӕма уони кӕстӕртӕн.
Нур ба ӕндӕр ахсгиаг фарста: Кавказ ахургӕнӕг ахургӕндтӕ абони уӕнгӕ еумӕйаг гъудимӕ нӕма ӕрцудӕнцӕ дигорӕнтти рантӕсти туххӕй. Археологион ӕрмӕгӕй уонӕн рахецӕн гӕнӕн нӕййес ирӕнттӕй. Финст ци ӕрмӕг ӕрцудӕй, уонӕми ба дигорӕнтти кой ес еунӕг рауӕн – «Армайнаг географий». Аци куст нимайунцӕ Хоренаци Мовсеси финстбӕл (уагъд ӕрцудӕй нури доги VІI-аг ӕноси). Уоми загъд ес, зæгъгæ, агвантӕй идарддӕр хорискӕсӕн ӕрдӕмӕ цӕруй «Аштигори» адӕмихатт. Наукон косгутӕй сӕ фулдӕр дзурд «Аштигор» нимайунцæ дзурдбӕл - Асдигорӕ. Финст ӕрмӕгути бӕрӕггӕнӕнтӕй ба нин ӕнцӕ этнонимтӕ «астӕ» ӕма «Алантӕ». Еуӕй-су автортӕ ӕвӕрунцӕ ӕмрӕнгъӕ, зӕгъгӕ, хорнигулӕни цардӕнцӕ «астӕ», хорискӕсӕни ба - алантӕ. Иннӕ автортӕ ба «аланти» нимайунцӕ «астӕбӕл». Ахургӕндти гъуди еу хузи ӕй ӕрмӕст еунӕг гъудтаги: дигорӕнтти рантӕсти, дан, архайдтонцӕ бунатон ӕма ӕрцæуӕг адӕмихӕттитӕ. Фал ка 'нцӕ «бунатон» ӕма «ӕрцӕуӕг» адӕм? Уӕдта кӕд адтӕй е? Ка 'й зонуй, еци фарстатӕн дзуапп ратдзӕнцӕ нӕуӕг райертӕститӕ Дигори зӕнхи ӕма ӕндӕр рауӕнти. Кӕд нӕ бӕлвурд зонун фӕндуй нӕ рантӕст, уӕд гъӕуама багъӕуай кӕнӕн нӕ фидтӕлти байзайӕггӕгтӕ.

См.: Ирӕф №1, 1991 анз.


Возврат к списку