Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

ÆФСАТИЙ ЗАР

ÆФСАТИЙ ЗАР

ÆФСАТИЙ ЗАР

ÆФСАТИЙ ЗАР

Æфсатимæ дессаг сирд ку рантæстæй,
Гъе, уарайда-ра сой!
Сæдсугон сæргин саг е ку адтæй,
Æ уæраги сæртæмæ’ зæнхи ку сагъдæй.
Курппи бæрзæндтæ — æ хæзæнтæ,
Будури æнæхуæрд хъамилтæ — æ бадæнтæ.
Алли’рдиги ибæл дзиллитæ
Ку фембурд кодтонцæ,
Æма сæ еуей къохи дæр нæ бафтудæй,
Уæд имæ будури ’рдигæй еу къуар
Æхе ку исцæттæ кодта æстæмæй-астмæ.
Онæн сæ рæвдзæ ци уодзæнæй?
Сæ топпитæ — æвзеститæ,
Медæгæй ба син изгæхуæрдтæ,
Се ’ддортæ — донгомаг дорæй,
Сæ орс бæхтæ — æнæртæдтæй,
Орс курæттæ — кæрзæхснæдтæй,
Сæ цохъатæ — сатæгсау сгæлладæй,
Сæ зæнгæттæ — зæриндаг худтæ,
Сæ дзабуртæ — дахран салæй.
Еци сæргин саг бацудæй
Тарæ коми æстур федармæ;
Исцудæнцæ будури къуар ордæмæ,
Тарæ коми истур федармæ.
Тарæ коми бараст æнцæ,
Тар осонгæмæ бахъæрттæнцæ,
Осонги дуармæ еу зæронд лæг бадтæй.
Бонхуарз дæр ин нæ загътонцæ.
Ба-сæ-фарста: - Ци ’рдæмæ фæндараст?
Сумах хузæн рæсугъд къуар некæд фæууидтон.
’Ма йин загътонцæ:
— Мæнæ Æфсатийæй дессаги сирди хабар райгъустæй,
’Ма уой марунмæ æрбацудан.
Е æхуæдæг адтæй хъæрæу Æфсати,
’Ма сæбæл истур федарæй сæргин саги рауагъта, -
Сæ еу фæрсти æрцудæй,
Æма дзи сæ хъал бæхтæ фæттарстæнцæ,
Етæ фæцæнтæ бæх-кецæнтæ
Æма лæг-хецæнтæ.
Сæргин саг дæр фæстæмæ, æ сæрæй гъазгæ,
Æфсатий рæзти истур тæгæрмæ исфардæг æй.
Уалæнмæ исхæццæ’й заманай дигорон цауæйнон,
Æфсатий зар гæнгæ,
Æ дууæ цауæйнон æмбалей хæццæ:
Омæн æ рæвдзæ ци уодзæнæй?
Æ дууæ æркъей — æнгон рæхаст,
Æ гебена — æ уæрагисæртæмæ,
Æ сау хъæрæймаг — рæхсæнтæй баст,
Æ топпи сампал — сугъдæг болатæй,
Æ топпи æддор — карди хузæн.
Æ топпи гъосхуас — идзæгъни хузæн.
Е зæронд лæгбæл исæмбалдæй.
— Дæ бон хуарз уа, хуарз зæронд лæг!
— Ци ’рдæмæ фæндараст? —
Зæгъгæ ’й зæронд лæг бафарста.
— Æфсатийæн æ рун бахуæрæн.
Дессаги сирди хабар фегъустан,
Æма уой уинунмæ æрбацудтæн.
Исцудæй устур тæгæрмæ,
Æ нæуæг фæд ин иссердта,
Расорæ-басорæ кæнун æй байдæдта.
И сæргин саг дæр фæдфæлевæнтæ кæнун байдæдта,
Е дæр ин æ рæзтæ ахæссун байдæдта,
Уалæнмæ устур тæгæрæй арви гъæр фæццудæй, -
Арви гъæр на ’дтæй,
Фал дигорони сау хъæрæймаги гъæр адтæй.
Сæргин саг дæр астæусастæй æрхъан æй,
Æ фид адтæй адаги дзаг,
Æ фиу адтæй авари дзаг.
Сæумæ раги нин февæрдзæнæй
Дони гъоси сæргин саг,
Гъе, уарайда-ра, сой!

См.: «Ирон адæмон сфæлдыстад», Хрестомати, Дзæуджыхъæу, 1949. ф. 744-449.

Возврат к списку