ДИГОРОН КЪÆЛИНДАР
газета Дигорæ.
Мæйи бонтæ | Бæрæгбон | Къуæрей медæгæ бæрæгбони | Бунат, рауæн | |
райдайæн | кæрон | |||
ÆНУСУРИ МÆЙÆ (январь) | ||||
…1 | Нæуæг анзи фиццаг бон | Сабатизæри | Сабати | Хæдзæртти |
7 | Киристей райгас | Майрæнизæри | Майрæнбони |
Аргъауæнти, хæдзæртти |
11-12 | Бундортæ |
2-аг æртиккæгæхсæви |
Æртиккæги | Хæдзæртти |
13 | Басилтæ |
2-аг майрæнизæри |
Майрæнæхсæви | Хæдзæртти |
13-14 |
Нæуæг анз (зæронд нимадæй) |
2-аг майрæнбони | Майрæнбони | Хæдзæртти |
14 | Æртхорон (Артæмбæрзæн) | майрæнизæри | Майрæнбони | Хæдзæртти, Къора, Уорсдони |
15-16 |
Фонсиуарæн Фæлвæра |
3-аг хуцауæхсæви |
Хуцаубони | Хæдзæртти |
16-17 | Бадæнтæ | Авдисæризæри | Авдисæри | Хæдзæртти |
20-21 |
Согæвæрæн майрæнæхсæвæ |
Майрæнæхсæви | Майрæнбони |
Устур-Дигори зилди гъæути |
29… | Дигори Изæд |
Фæстаг хуцауæхсæви |
Къуæрей фæсте |
Хæдзæртти (Задæлески) |
29… |
Зиниатæ (Уацелла) |
Фæстаг сабати (сæумæ) |
Къуæрей фæсте |
Хæдзæртти (Хæнæзи) |
29… |
Зиниатæ (Гъæуизæд) |
Фæстаг сабати (рæфти) |
Къуæрей фæсте |
Хæдзæртти (Дунти) |
29… |
Фацбадæн: Хуцау; Идауæг |
Фæстаг сабати (изæрæй) | Къуæрей фæсте |
Хæдзæртти, Устур-Дигори зилди гъæути |
30-31 | Уасгерги | Геуæргибонæхсæви | Геуæргибони |
Хæдзæртти, Устур-Дигори зилди гъæути |
КОМАХСÆНИ МÆЙÆ (февраль) | ||||
3 | Цæуæн цуппæрæн | Цуппæрæни (сæумæ) | Цуппæрæни |
Хæдзæртти, Устур-Дигори зилди гъæути |
5-6 | Сæризæд (Сæризæди бæмпæгæвæрæн) | Хуцауæхсæви | Хуцаубони |
Хæдзæртти, Устур-Дигори зилди гъæути |
26-28 | Балдæрауз (зумæги кæрони уазал бонтæ) | Сабати | Авдисæри | Хæдзæртти |
КÆРДÆГÆЗМÆЛÆНИ МÆЙÆ (март) | ||||
1-3 |
Балдæрауз (зумæг уалдзæгæй æртæ бони æфстау ракурдта) |
Цуппæрæни (сæумæ) | Цуппæрæни |
Хæдзæртти, Устур-Дигори зилди гъæути |
7… | Комбæттæн (кирист.) | Авдисæри | 23-аг апърели | Хæдзæртти |
7-13 | Цæрвкъахæнтæ (уорсæгти къуæре) | Авдисæри | Хуцаубони | Хæдзæртти |
8 | Силгоймæгти бæрæгбон | Геуæргибони | Геуæргибони | Хæдзæртти, кустуæтти |
ХУМИДАЙÆНИ МÆЙÆ (апрель) | ||||
1 | Хумидайæн (1-аг) | 1-аг цуппæрæни | Цуппæрæни | Дигори коми ниллæг æвæрд гъæути |
5 | Тотуртæ (фустæ зад ку фæуунцæ, уæд) | 1-аг авдисæри | Авдисæри | Хæдзæртти, уотæртти |
8 | Хумидайæн (2-аг) | 2-аг цуппæрæни | Цуппæрæни | Дигори коми бæрзонд æвæрд гъæути |
14 | Ораза | Æртиккæги | 13-аг маййи | Хæдзæртти |
18 | Бæлдæрæн (Арви гъæрæй æрдзæ райгъал уй. Арв æма зæнхæ кæрæдзей бауарзунцæ) | 3-аг хуцаубони | Хуцаубони | Хæдзæртти |
24 | Касутæ (Нæуæг киндзи донмæ рахунд) | Фæстаг сабати | Сабати | Хæдзæртти, дони цори |
24 | Назутæ | Сабатизæри | Сабати | Хæдзæртти, уæлмæрдти |
ХАНСИ МÆЙÆ (май) | ||||
2 | Комуадзæн (Пасха) | Хуцаубони | Хуцаубони | Хæдзæртти, аргъауæнти |
3 | Алаурди | 1-аг авдисæри | Авдисæри | Хæдзæртти |
9 | Уæлахези бон | Хуцаубони | Хуцаубони | Æхсæнæдти |
10 | Никкола (Гулуй кувд) | 2-аг авдисæри | Авдисæри | Лезгори ковæндони |
13 | Комуадзæн (Ораза-байрам) | Цуппæрæни | Цуппæрæни | Хæдзæртти |
16 | Хуцауи дзиуарæ | 3-аг хуцаубони | Хуцаубони | Хъармани |
16 | Устур Хуцауи кувд | 3-аг хуцаубони | Хуцаубони | Задæлески ковæндони |
27 | Зæлдæвæрæн (Зæлдгæрдæн) | Фæстаг цуппæрæни | Цуппæрæни | Хæдзæртти, уæлмæрдти |
АМИСТОЛИ (ХОРХÆТÆНИ) МÆЙÆ (июнь) | ||||
6 | Кæрдæгхæссæн | Хуцаубони | Хуцаубони | Хæдзæртти |
20 | Багъайти Дзиуарæ | 3-аг хуцаубони | Хуцаубони | Къумбулти (Багъайти) |
20 | Уасгерги | 3-аг хуцаубони | Хуцаубони | Дзинагъай ковæндони |
20 | Хуцаузæнгæ | 3-аг хуцаубони | Хуцаубони | Къумбулти ковæндони |
26 | Туххуæстæг | 4-аг сабати | Сабати | Хъалнæгъти (Тъæпæн Дигори гъæути) |
26 | Циргъесæн | 4-аг сабати | Сабати | Донифарс, Къумбултæ, Устур-Дигорæ æма æнд. |
СОСÆНИ МÆЙÆ (июль) | ||||
10 | Къубиси Дзиуарæ | 2-аг сабати | Сабати | Мæхчески ковæндони |
11 | Сослан | 2-аг хуцаубони | Хуцаубони | Нари ковæндони |
11 | Идауæг | 2-аг хуцаубони | Хуцаубони |
Устур-Дигори зилди гъæути ковæндони |
11 | Голя (Силгоймæгти бæрæгбон) | 2-аг хуцаубони | Хуцаубони | Устур-Дигори ковæндони |
11 | Рæхис | 2-аг хуцаубони | Хуцаубони | Донифарси ковæндони |
11 | Авд дзиуари | 2-аг хуцаубони | Хуцаубони | Гæлиати ковæндони |
12 | Уацелла | 2-аг авдисæри | Авдисæри | Нæуæггъæуи |
12 | Габонæ (Гулæри Габонæ) | 2-аг авдисæри | Авдисæри | Дзинагъа æма Гулæри |
17 | Сонгути Гъæуизæд | 3-аг сабати | Сабати | Дунти, Согугти коми ковæндони |
17 | Фæрон | 3-аг сабати | Сабати | Гæлиати ковæндони |
17 | Дигори Изæд | 3-аг сабати | Сабати |
Ковæндони (Задæлескæмæ хæстæг) |
17 | Узунæг (Фарни фурт) | 3-аг сабати | Сабати | Уæхъæци ковæндони |
18 | Сослан | 3-аг хуцаубони | Хуцаубони | Мæцути ковæндони |
20-23 | Хъурмантæ | Геуæргибони | Майрæнбони | Хæдзæртти |
22, 25 | Майрæмаг (фсийни цæгатæй лæваргонд фус кенæ æ уæри нивонд биййнонтæн) | Цуппæрæни кенæ хуцаубони (цийфæнди мæйи дæр æнгъезуй) | Цуппæрæни | Хæдзæртти |
25 | Устур Хуцауи бонтæ (бийнонти бæрæгбон) | Фæстаг хуцаубони | Хуцаубони |
Донифарс, Къумбултæ æма Лезгори |
31 | Уацелла | Фæстаг сабати | Сабати |
Хæнæзи ковæндони |
31 | Сау хонхи бадæг Сау Кизгæ | Фæстаг сабати | Сабати | Къамати ковæндони |
СУХИ МÆЙÆ (август) | ||||
7 | Задæлески Нана | 1-аг сабати | Сабати | Задæлески ковæндони |
8 | Гурмехан | Хуцаубони | Хуцаубони | Мæхчески ковæндони |
8 | Елиа | Хуцаубони | Хуцаубони | Мæстиноки ковæндони |
8 | Устур Хуцауи дзиуарæ | Хуцаубони | Хуцаубони | Мæхчески ковæндони |
14 | Уацелла | 2-аг сабати | Сабати | Къæмунти ковæндони |
21 | Елиа | 3-аг сабати | Сабати | Æхсæуи ковæндони |
21 | Нæлизæд | 3-аг сабати | Сабати | Уæллаг Фæснæли ковæндони |
22 | Рохси дзиуарæ | 3-аг хуцаубони | Хуцаубони | Фæрæскъæтти ковæндони |
26, 27 | Рæзахуадæн | Фæстаг цуппæрæни кенæ майрæнбони | Цуппæрæни, майрæнбони | Хæдзæртти |
28 | Мæрдти комуадзæн | Сабати | Сабати | Хæдзæртти |
РУХÆН (сентябрь) | ||||
1-3 | Беслани сабийти имисан бонта | Æртиккаги | Майрæнбони | Беслæни, скъолати |
9 | Реком | 2-аг цуппæрæни | Цуппæрæни | Дзинагъай, Гулæри |
25 | Коми Уасгерги | Фæстаг сабати | Хуцаубони | Уасгергий ковæндони |
КÆФТИ МÆЙÆ (октябрь) | ||||
4 |
Тотурта (фæззæги уæритæ фустæмæ ку бафтаунцæ, уæд) |
1-аг авдисæри | Авдисæри | Хæдзæртти, уотæртти |
10 | Екъина (нæуæг бунæтти баридауæг) | 2-аг хуцаубони | Хуцаубони | Хæдзæртти, уотæртти |
17 | Стули | 3-аг хуцаубони | Хуцаубони | Къуссуй ковæндони |
31 | Хуари сæртæ (æхсирфити комбаст райхалунцæ) | Фæстаг хуцаубони | Хуцаубони | Хæдзæртти |
ГЕУÆРГОБАЙ МÆЙÆ (ноябрь) | ||||
9 | Уасгерги | 2-аг геуæргибонæхсæви | Геуæргибони | Устур-Дигори |
22-29 | Геуæргоба | Мæйи 16-аг бони фæсте 1-аг авдисæри | Иннæ авдисæри | Хæдзæртти |
23 | Хор-Хуари Дзиуарæ | Геуæргибони (Геуæргобай къуæрей) | Геуæргибони | Къора, Уорсдони |
ЦÆППОРСЕЙ МÆЙÆ (декабрь) | ||||
17, 18 | Цæппорсе (зиангун бийнонтæ æй кæнунцæ) |
Хорхæтæни хуæд размæ майрæнбони кенæ сабати |
Майрæнбони, Сабати | Хæдзæртти |
24, 25 | Сувæллæнтии цæппорсе (сувæллони зиани фæдбæл æй кæнунцæ) | Хорхæтæни фæсте 1-аг майрæнбони кенæ сабати | Майрæнбони, Сабати | Хæдзæртти |
31… | Нæуæг анзи фиццаг бони æхсавæ | Сабатизæри | Сабати | Хæдзæртти, кустуæтти |
Дигорæмæ ма бæрæг кæнунцæ къæлиндармæ бахæссунмæ фадуат кæмæн нæййес, уæхæн бæрæгбонтæ дæр:
хуарздзийнади фæдбæл – киндзæхсæвæр, кизгæрвист, бафедауни æгъдау, киндзæ раæргом кæнун, муггаги кувд, игурæн бон, фидбилизæй
фæййервæзæгæн кувд, æфсадæй кенæ идард балцийæй исцæуæги кувд, лæгдзийнадæ бавдесæгæн кади æгъдау искæнун æма æндæртæ;
• нарти кæндитæ – зиани бон, майрæнизæр, сабатизæр, дууинсæй боней садахъа, афæйгæндæ, циртæвдесæн æма æндæртæ.
Къæлиндар исаразта Регионалон рохситауæг æхсæнадон организаци «Геуæрги Малити»-й сæрдар ТАМАТИ Таймураз.
Къæлиндарæн абони мухур кæнæн æ фиццаг хай, дуккаг хай ба мухур кæндзинан амистоли мæйи фæстаг номери.