ГÆЗЗАЙ АВД СÆГЪИ ÆМА БЕРÆГЪ
Цардæй мæгур лæг. Хундтæй Гæзза. Адтæй имæ авд сæгъи, æндæр нецæй хецау адтæй; сæ еу адтæй еухъæстон, иннæ ба – духъæстон, æртиккаг – æртихъæстон, цуппæрæймаг – цуппархъæстон, фæндзæймаг – фæндзхъæстон, æхсæзæймаг – æхсæзхъæстон, æвдæймаг – æвдхъæстон.
Хезунмæ сæ раскъардтайдæ, æмбесбон иссайдæ, еци афони.
Уæд еухъæстон бафсастæй æма духъæстонмæ дзоруй:
– Цæуæн, кæд бафсастæ, уæд нæхемæ, – зæгъгæ.
Духъæстон ба имæ дзоруй:
– Фæллæууæ мæмæ, мæ еу хъæстæ нæма бафсастæй.
Еухъæстон имæ дзоруй:
– Мадта æз цæугæ кæнун, – зæгъгæ, æма рацудæй.
Уæд ибæл надбæл берæгъ рамбалдæй æма имæ дзоруй:
– Ке сæгъæ дæ?
Сæгъæ ба имæ дзоруй:
– Гæззай сæгъæ.
Дæ сæрбæл етæ цæмæн æнцæ, зæгъгæ, æ сиутæмæ ин амонуй.
Сæгъæ имæ дзоруй:
– Етæ ба ку багъæуонцæ, уæд Гæззайæн сагойни сугтæ.
– Дæ сагæхти етæ ба ци ’нцæ,– зæгъгæ, æ фæздонæмæ ин амонуй.
Сæгъæ имæ дзоруй:
– Етæ ба мæ дæркъæн хъохъо дзедзетæ.
Уотемæй имæ берæгъ фæллæбурдта æма райахæста сæгъи, æма ’й бахуардта.
Берæгъ исбадтæй надбæл æма гъæуай кæнуй. Уæд духъæстон сæгъæ дæр бафсастæй æма æртихъæстонмæ дзоруй:
– Цæуæн.
Æртихъæстон имæ дзоруй:
– Минкъий ма бахезæ, мæ еу хъæстæ нæма байдзаг æй.
Духъæстон имæ дзоруй:
– Мадта дæ нæбал хезун, цæугæ кæнун.
Фæццæуй надбæл, æма ибæл берæгъ рамбалдæй уобæл дæр.
Берæгъ уой дæр фæрсуй:
– Ке сæгъæ дæ?
– Гæззай сæгъæ дæн,– загъта е дæр.
Уой дæр фæрсуй:
– Дæ сæрбæл етæ ци ’нцæ?
– Гæззайæн сагойни сугтæ.
– Дæ сагæхти етæ ба дин ци ’нцæ?
– Етæ ба мæ дæркъæн хъохъо дзедзетæ.
Берæгъ бацийнæ кодта, загъта, а дæр мин хуæргæй, зæгъгæ, фæллæбурдта æма ’й райахæста, бахуардта уой дæр.
Уæд æртихъæстон дæр бафсастæй æма цуппархъæстонмæ дзоруй:
– Цæуæн.
Цуппархъæстон имæ дзоруй:
– Еу минкъий мæмæ фæккæсæ, мæ еу хъæстæ æнхæст нæма райдзаг æй.
Уотемæй æртихъæстон сæгъæ фæццæуй сæргубурæй. Æфсес берæгъ æхе рауагъта æма æ гъос даруй, кæд ма надбæл еске иссæуидæ, зæгъгæ. Æ сæр раргъувта æма ниууидта, дæлæ сæгъæ иссæуй надбæл. Берæгъ загъта:
– Дæлæ бабæй еу сæгъæ иссæуй. Аци бон мæ бон хуарз æй, – зæгъгæ,– Хуцау мин равардта!
Уотемæй имæ исхъæрттæй æртихъæстон сæгъæ, æма имæ берæгъ дзоруй:
– Ке сæгъæ дæ?
Æртихъæстон имæ дзоруй:
– Гæззай сæгъæ!
– Дæ сæрбæл етæ ци ’нцæ? – фæрсуй уой дæр.
Е дæр ин загъта:
– Етæ ба Гæззайæн сагойни сугтæ!
– Дæ сагæхти етæ ба ци ’нцæ? – загъта берæгъ.
– Етæ ба мæ дæркъæн хъохъо дзедзетæ!
Уотемæй имæ берæгъ уомæ дæр фæллæбурдта æма ’й райахæста, а дæр бабæй мин хуæруйнаг æй, зæгъгæ, аци бон цæуй мæ гъуддаг, – загъта берæгъ æхецæн æма уой дæр бахуардта.
Берæгъ ниттуппур æй хуæрдæй æма æхе равдолæ-бавдолæ кæнун райдæдта, уотемæй æхе æрлагъз кодта.
Уалдæнмæ цуппархъæстон сæгъæ дæр бафсастæй æма фæндзхъæстонмæ дзоруй:
– Цæуæн, фæндзхъæстон, нæхемæ, айфонгæмæ не ’мбæлттæ нæхемæ уолæфунцæ.
Фæндзхъæстон имæ дзоруй:
– Мæ еу хъæстæ нæма байдзаг æй, бахезæ мæ, уæдта еумæ цæудзинан.
Уæд имæ цуппархъæстон дзоруй:
– Мадта æз цæугæ кæнун!
Уотемæй рацудæй цуппархъæстон сæгъæ дæр. Берæгъ е ’ссудмæ хуссуй, æфсесæй.
Сæгъæ имæ ку исхъæрттæй, уæд берæгъ къахгъæрмæ æ сæр фергъувта æма загъта:
– Мæнæ бабæй мин Хуцау равардта, еу сæгъæ бабæй иссудæй.
Уотемæй æй фæрсуй берæгъ:
– Ке сæгъæ дæ?
Æма имæ е дæр дзоруй:
– Гæззай.
– Дæ сæрбæл етæ ба ци ’нцæ?
– Етæ ба Гæззайæн сагойни сугтæ.
– Дæ сагæхти етæ ба ци ’нцæ?
– Уонæми ба хæссун мæ дæркъæн æхсир.
Берæгъ сæгъæмæ фæллæбурдта, райахæста ’й æма уой дæр бахуардта.
Уæд фæндзхъæстон сæгъæ бафсастæй æма дзоруй æхсæзхъæстонмæ:
– Цæуæн! Нур нин афонæ ’й нæхемæ. Бон дæр æризæр æй.
Æхсæзхъæстон имæ дзоруй:
– Минкъий ма бахезæ, мæ еу хъæсти ма минкъий гъæуй.
Уæд имæ фæндзхъæстон дзоруй:
– Мадта дæ нæбал хезун, æз цæугæ кæнун.
Уотемæй фæндзхъæстон сæгъæ ранæхстæр æй сæхемæ. Æфсес берæгъ рагъæуай кодта надбæл дæлæмæ, еске ма иссæуй, кенæ ба рандæ уон, зæгъгæ.
Уотемæй ба берæгъ сæгъи ниууидта, фæндзхъæстон сæгъи æма загъта:
– Дæлæ бабæй мин Хуцау равардта! Бахезон ма уой дæр. Æфсæдгæ бæргæ бакодтон, фал æй куд ниууадзон сæгъи æнæ бахуæргæ? Сæгъæ байзайуни бæсти мæхуæдæг ку фæррессон, уæд хуæздæр.
Уотемæй имæ сæгъæ исхъæрттæй, æма ’й берæгъ фæрсуй:
– Ке сæгъæ дæ?
Сæгъæ имæ дзоруй:
– Гæззай сæгъæ.
– Гæзза ба куд лæг æй? – фæрсуй берæгъ.
– Гæзза мæгур лæг æй, æхецæн косуй, – загъта ин сæгъæ.
Уæд берæгъ тæрсун байдæдта, Гæзза ку рацæуа, зæгъгæ, ма гъæуай кæнуй гъæуи ’рдæмæ, ку мæ рамара, зæгъгæ.
Уотемæй æй фæрсуй сæгъи:
– Дæ сæрбæл етæ ци ’нцæ?
– Етæ Гæззайæн сагойни сугтæ,– загъта ин сæгъæ.
– Дæ сагæхти етæ ба ци ’нцæ? – зæгъгæ ’й, фæрсуй.
– Етæ ба берæгъмарæн тугул дортæ.
Мадта дин æз байамондзæнæн, зæгъгæ, æма ’й бахуардта фæндзхъæстон сæгъи дæр.
Æхсæзхъæстон сæгъæ дæр бафсастæй æма дзоруй æвдхъæстон сæгъæмæ:
– Цæуæн, æризæр æй, нæхемæ. Еунæгæй ами байзайдзæнæ, æз ку рандæ уон, уæд.
Уæд имæ æвдхъæстон сæгъæ дзоруй:
– Минкъий ма мæ бахезæ, мæ еу хъæстæ нæма райдзаг æй, уæдта еумæ цæудзинан.
Æхсæзхъæстон имæ дзоруй:
– Сабургай цæудзæнæн, æма мæ раййафæ!
Æхсæзхъæстон сæгъæ сабургай фæццæуй, фал æвдхъæстон ба ма хезгæ-хезгæ рафæстеуат æй.
Уотемæй æхсæзхъæстон сæгъæ берæгъмæ исхъæрттæй, æма берæгъ сагъæси бацудæй:
– Нур æй æвгæрдгæ ракæндзæнæн, фал ку бафсастæн.
Уæд берæгъ расагъæс кодта æхе медзæрдæ æма загъта:
– Цæй, равгæрдон ’й æма ке бахуæрон, иннæ ба исонмæ дæр байзайæд.
Нур бон дæр æризæр æй. Равгарста сæгъи. Ке бахуардта, иннæ ба байзадæй уоми, берæгъ æхуæдæгка æ фурæфсесæй уоми æхе рауагъта æма æхе меднимæр сагъæс кæнуй:
– Аци æфсесæй нæхемæ фæццæун мин зин уодзæнæй, фал ами бал бауолæфон, ку æрлагъздæр уон, уæдта рандæ уодзæнæн, зæгъгæ.
Уалдæнмæ æвдхъæстон сæгъæ дæр иссæуй. Берæгъи æнгæсти фæцæй, æма берæгъ уотæ зæгъуй:
– Дæлæ еума сæгъæ дæр иссæуй, зæгъгæ. – Нур ма уомæн ба ци кæндзæнæн? Цæй, – зæгъуй,– æвгæрдгæ ’й ракæндзæнæн, кенæ ба рандæ уодзæнæй, сæумæ ба ’й бахуардзæнæн, мæнæ иннæ сæгъæй ци байзадæй, уой хæццæ.
Уæд имæ исхъæрттæй сæгъæ, æма ’й берæгъ фæрсуй:
– Ке сæгъæ дæ?
Сæгъæ ба имæ дзоруй:
– Гæззай сæгъæ дæн.
– Гæзза ба куд лæг æй? – фæрсуй берæгъ.
– Гæзза цауæйнон мæгур лæг æй, берæгътæ ка маруй, уæхæн.
– Дæ сæрбæл етæ ба ци ’нцæ?
Æвдхъæстон сæгъæ имæ дзоруй:
– Етæ ба берæгъмарæн æфсæйнаг лæдзгутæ.
– А-а, – бакодта берæгъ, – мæ гъуддаг цæуй, зæгъгæ, ледзунвæндæ искодта, сæгъæ дæр нæбал бахуардта, уотемæй берæгъ туххæй еу минкъий фæснад бацудæй, уæдта нихъхъан æй туппурæй.
Æвдхъæстон сæгъæ фæццæуй æма иннæ сæгъти хуæрæнтæ ку фæууидта, уæд загъта:
– А-а, хуарз нин ку бакуста! Ме ’мбæлтти мин еугурæй дæр ку бахуардта!
Уотемæй æвдхъæстон сæгъæ æхемæ цæун байдæдта æма изæрдалингти сæхемæ исхъæрттæй, æма ’й Гæзза фæрсуй:
– Ци æрæгæмæ адтæ? Де ’мбæлттæ ба кæми ’нцæ?
Сæгъæ имæ дзоруй:
– Ме ’мбæлтти мин берæгъ бахуардта, æз ма исервазтæн
Гæзза ’й фæрсуй:
– Куд, ци, кæци рауæн, кæци надбæл? – зæгъгæ, æма ин сæгъæ дæр байамудта.
Гæзза топп æрбаскъафта æма уайун байдæдта. Берæгъ хæрдмæ гъæуай кæнуй, нихъхъан æй, уотемæй. Гæзза дæр сæгъи амундмæ гæсгæ ку ниххæстæг æй, уæд гъæуай кæнун байдæдта, ами ескæми уодзæнæй, зæгъгæ.
Уæд берæгъ уасуй, æма имæ Гæзза хæстæг кæнун ку байдæдта, уæд туппур берæгъ ледзун æвзаруй, фал ин нæбал æнтæсуй.
Уалдæнмæ ’й Гæзза ниууидта берæгъи æма ’й сорун байдæдта. Ци æййафун æй гъудæй берæгъи?! Уайтæккидæр æй ниййафта æма ’й уоми топпæй ниццавта, рамардта ’й, уотемæй Гæзза сæхемæ æриздахтæй.
Гæззайæн ма байзадæй еунæг æвдхъæстон сæгъæ æма авд дæркъи.
Уотемæй цæргæ байзадæй Гæзза абони уалæнгæ дæр.
Аци аргъау Губади ниффинста Туати Батразæй 1942 анзи.
