АРС, БЕРÆГЪ ÆМА РОБАС
Робас, берæгъ æма арс æмбæлттæ адтæнцæ. Адтæй сæмæ цуппар дзоли. Цуппар дзолемæй сæбæл æртæ æнтæстæй, еу ба ма сæ астæу уæлдай адтæй, æма загътонцæ:
– Нур аци дзолæн ци кæнæн?
Арс, куд хъаурæгиндæр унаффæгæнæг, уомæ гæсгæ загъта:
– Фæйнæ дзоли нæбæл æнтæсуй, цуппæрæймаг дзол ба, ка дессагдæр фун фæууина, уой фæууæд!
Исарази ’нцæ уобæл. Ниххустæнцæ æхсæвæ, сæумæ фестадæнцæ.
– Гъæйдæ, ка уи ци фун фæууидта? – фæрсуй арс.
– Зæгъæ ду, нæ хестæр, дæхуæдæг, ци фæууидтай? – фæрсунцæ арси.
Арс загъта:
– Æз æдосæ бафтудтæн муди бæтмæнтти астæу æма си, ка куд устурдæр адтæй, уотæ, еуæ-мардзæ, хуæрун байдæдтон, гъе ма нур ба фурæфсесæй мæлун.
– Гъæйдæ, берæгъ, ду ба ци фæууидтай? – зæгъгæ ’й фæрсунцæ.
Берæгъ загъта:
– Уæлити астæу бафтудтæн, гъема еуæрдæмæ фæгъгъазинæ æма син сæ дунгутæ æскъунгæ æма хуæргæ рацæуинæ, уæдта иннердæмæ, гъе ма мæ фурæфсесæй мæлун æз дæр.
– Гъæйдæ, робас, ду ба ци фæууидтай?
Æз ба ци фæууидтон, – загъта робас. – Сумахмæ кастæн æма уи ка муд хуардта, ка ба уи уæри думæг хуардта, гъе ма мæ уæдта хуссæг нæбал ниййахæста æма цуппæрæймаг дзол бахуардтон.
Арс загъта:
– Аннæ æртæ дзоли ка ’й, уонæн дæр уотемæй хуæрæн нæбал ес.
Берæгъ æма ’й робас фæрсунцæ:
– Мадта сæ кутемæй хуæрæн?
– Мадта æрдзорæн, ка кутемæй исрасуг уй, уой, уæдта куд тагъддæр исрасуг уй, уой дзубанди дæр æркæнæн, æма æртæ дзоли дæр уой куд уонцæ, уотæ.
Дзорунцæ арсмæ:
– Æрдзорæ, нæ хестæр, ду фиццагдæр.
Арс загъта:
– Ку нинтаунцæ арахъаг æма хæрдмæ æнгъезæнæй æнбохъулатæ ку райдайуй, гъе уæд мæ сæри цæун байдайуй æ тухæ, гъема уæд расуг кæнун райдайун.
– Гъæйдæ берæгъ, зæгъгæ, нур ба ду, – загътонцæ берæгъæн.
– Ку ’й байвæрунцæ артбæл арахъ уадзунмæ, уæд æндæмæ хæтæли хурфæй тулфæ цæун нæ райдайуй, гъе уæд мæ сæри цæун райдайуй, гъосинмæ уайун ку райдайуй, гъе уæдта исрасуг ун.
Уæд робас нецибал загъта, уотемæй фестадæй æ медбунат æма дзой-дзой кæнун байдæдта æма, гупп, зæгъгæ, рахъан æй сæ астæу.
Ниййибæл калдæнцæ е ’мбæлттæ:
– Ци кæнис, ци робас?
Æ хъури ин дон уадзун райдæдтонцæ, дæргъцæ, замана ибæл рацудæй, æрæги-дурæги ба æрискъидтæй, æма ’й фæрсунцæ:
– Ци кодтай, ци?
Æма син загъта:
– Сумах расуги койтæмæ фæррасуг дæн.
Уоййадæбæл æртæ дзоли дæр робаси бацæнцæ.
