Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Историон цау

Историон цау

Историон цау

Тотойты Михал
Историон цау

Ирыстон Уӕрӕсеимӕ кӕй баиу, уымӕй ирон адӕмӕн уыдис хорз политикон, экономикон ӕмӕ культурон фӕстиуджытӕ, кӕд хӕдхӕцӕг паддзахы хицауад карз реакцион политикӕ хаста, уӕддӕр. Дыууæ адӕмы кӕй баиу сты, уый руаджы ирӕттӕ фервӕзтысты ирайнаг-туркаг ӕфхӕрджыты дӕлбар суӕвыны тасӕй.
Ирон адӕм йӕ хъысмӕт ӕнустӕм сбаста ӕфсымӕрон уырыссаг адӕмимӕ; цытджын уырыссаг адӕм махӕн систы иузӕрдион хӕлар ӕмӕ сӕрылхӕцӕг социалон ӕмӕ национ сӕрибардзинадыл. Ирыстон Уӕрӕсейы тыхджын ӕмӕ централизацигонд паддзахады иу хай кæй сси, уый фӕрцы райрӕзти ирӕтты (ӕмӕ Кавказы иннӕ адӕмты) экономикон ӕмӕ культурон цард, кӕронгонд ӕрцыд ирон феодалон куынӕггӕнӕн ӕмӕ тугкалӕн ӕхсӕнадты мидхӕстытӕн.
Кӕнынадон тыхтӕ Уӕрӕсеимӕ баиуы агъоммӕ, зӕгъӕн ис, лӕууыдысты сӕ бынаты; ныр, Уӕрӕсеимӕ экономикон бастдзинӕдтӕ саразыны фӕстӕ, кӕнынадон тыхтӕ Ирыстоны базмӕлыдысты ӕмӕ рӕзын райдыдтой хуыздӕр уавӕрты.
Ирыстон Уӕрӕсеимӕ кӕй баиу, уыцы хъуыддаджы прогрессивондзинадӕн стыр аргъ кодта профессор Кокиты Георги (уырыссаг-кавказаг ӕмӕ уырыссаг-ирон ахастдзинӕдты фӕдыл цы фӕллӕйттӕ ныффыста, уым). Уыцы фарстатӕ иртасын ирон историктӕй Кокийы-фыртӕй раздӕр ничи райдыдта. Марксистон-ленинон позицитыл лӕугӕйӕ, уый сӕйраджы раиртӕста Уӕрӕсеимӕ сиуы Ирыстон, Кӕсӕг, Гуырдзы ӕмӕ иннӕ кавказаг адӕмтӕ цы хорздзинад ссардтой, уый. Фӕлӕ уый ӕмрӕнхъ Кокийы-фырт амыдта, хӕдхӕцӕг паддзахы хицауад цы колонион политикӕ арӕзта, уый дӕр.
Уӕрӕсеимӕ баиу Ирыстонӕн хуыздӕрӕн кӕй уыд, уый Кокийы-фырт ӕрмӕст ӕддагон æууӕлты нӕ уыдта. «Ахсджиаг у уый бахахх кӕнын, - фыста профессор, - ӕмӕ фӕстӕзад феодалон-хибӕрттӕгонд кавказаг адӕмтӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕн Уӕрӕсейы протекторатмӕ бацӕуын... кӕй уыд ахъаззаджы фесхуыст кӕнынадон тыхты интенсивон райрӕзтмӕ, иннӕ бӕстӕтӕ ӕмӕ адӕмтимӕ экономикон ӕмӕ политикон бастдзинӕдтӕ рауӕрӕх кӕнынмӕ».
Уырыссаг (хъазахъаг) ӕмӕ хохаг, ӕртӕфондзыссӕдз азы фӕрсӕй-фарсмӕ цӕргайӕ, кӕрӕдзиуыл фӕзындысты хорзӕй; уыцы ӕндӕвдад фӕбӕрӕг сӕ дыууӕты материалон ӕмӕ удон культурӕйыл дӕр. Зӕгъӕм, хохаг лӕг каст уырысы цардмӕ ӕмӕ йæ тъӕпӕнсӕр хӕдзары бӕсты аразын райдыдта нырыккон европӕйаг хӕдзар. Фӕздӕггӕнаг къона ныууагъта ӕмӕ райста нырыккон уырыссаг пец. Аивта йӕ фынджы ӕвӕрд дӕр, хус хӕринагӕй рахызт тӕвд хӕринагмӕ. Йӕ материалон царды ногдзинӕдтимӕ уырысӕй райста ног хъуыддӕгтӕн сӕ уырыссаг нӕмттӕ дӕр.
Уыдис хохӕгты ӕндӕвдад теркаг-гребейнаг хъазахъы материалон культурӕйыл дæр. Хъазахъ сӕ нырыккон дарӕс райстой хохӕгтай тӕккӕ райдайӕны. Дыргъы ӕмӕ сӕнлӕмарыны куыст базыдтой хъуымыхъӕй, хӕстон рӕвдз, бӕхылбадыны уаг - кӕсӕгӕй. Хъазахъӕй тынг бирӕтӕ зыдтой хохаг адӕмы, уӕлдайдӕр та кӕсгон ӕвзаг. Хъазахъӕн сӕ адӕмон эпосыл дæр фӕзындысты хӕхты цӕрджытӕ. Гребейнаг хъазахъмӕ цы аргъӕуттӕ, легендӕтӕ, таурӕгътӕ, ӕмбисӕндтӕ ис, уыдонæй бирӕ хай раздӕр фӕзынд хохӕгтӕм. Хъазахъӕн сӕ антропологион тип дӕр иуцасдæр фӕивта хохӕгтӕм гӕсгӕ.
Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы баиуы фӕдыл Кокийы-фыртмӕ ис къорд куысты - «Уӕрӕсе ӕмæ Кавказы ахастдзинӕдты историйæ», «Фыццаг ирон минӕварад Уӕрӕсемӕ 1749 азы», «Уырыссаг-ирон ахастдзинӕдтӕ ХVІІІ ӕнусы», «Ирон фарста уырыссаг-кавказаг ахастдзинӕдты ХVІІІ ӕнусы дыккаг ӕмбисы» ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Уӕлдӕр ма куыд ӕмбарын кодтам, афтæмӕй, дыууæ адӕмы кӕй баиу сты, уымӕн йӕ рӕстмӕ фӕстиуджытӕ ирӕттыл фазындысты тынгдӕр XIX ӕнусы дыккаг ӕмбисы ӕмӕ ХХ ӕнусы райдайӕны.
Кълассон тох ӕмӕ ссӕрибарадон змӕлд куыд тынг кодтой, афтӕ хӕдхӕцӕг паддзахад тынгӕй-тынгдӕр ссӕста иннӕ адӕмты, арӕзта сӕ йӕхицӕн колони; стыр зынтӕ ӕвзӕрстой ирӕттӕ ӕмӕ иннӕ хохӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы реакцион политикӕйы ӕмрӕнхъ дарддӕр цыд дыууа адӕмы хохаг фӕллойгӕнджытӕ ӕмӕ уырыссаг адӕмы баиудзинады объективон процесс дӕр; раззагдӕр уырыссаг культурæйы хорз ӕндӕвдад тынгӕй-тынгдӕр кодта. Рӕстмӕ йыл тынг фӕзындысты, зӕгъӕм, ахуыргӕндтӕ ӕмӕ фысджытӕ. Сӕ уацмысты, сӕ куыстыты уыдон никуы уыдысты хохаг адӕмы ссӕндыны фарс. Цытджын уырыссаг адӕмы хуыздӕр минӕвӕрттæ - Пушкин, Лермонтов, Толстой, Добролюбов, Марлинский ӕмӕ иннӕтӕ лӕгӕй-лæгмӕ зонгӕ уыдысты хӕххон, уыимӕ ирон адӕмы минӕвӕрттимӕ, ӕмӕ сын уый дӕр ахъаз уыдис, цӕмӕй сӕм хъарм цӕстӕнгас сӕвзӕра Кавказы цӕрджытӕм.
Владикавказы дохтырдзинад райрӕзын кӕнынӕн бирӕ феххуыс уырыссаг ахуыргонд Пирогов. Академик Шегрен бакуыста ирон ӕвзаджы наукон ахуырадыл. Миллер арф раиртӕста ирон ӕвзаджы, этнографийы ӕмӕ историйы фарстатӕ, Ковалевский та - Ирыстоны ӕхсӕнадон цард- арӕзты ӕмӕ барадон институтты ӕ. ӕнд. ах. фарстатӕ.
Капиталистон ахастдзинӕдтӕ реформӕйы фӕстӕ тынгӕй-тынгдӕр хызтысты хохаг адӕмы экономикӕ ӕмӕ цардыуагмӕ, уый та йемӕ сайдта алыхуызон социалон-экономикон ӕмӕ удгъӕдон царды ивддзинӕдтӕ.
Уӕрӕсеимӕ баиуы фӕстӕ Ирыстовы адӕмон рухсад рӕзын байдыдта рӕвдздæр; кӕд ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны 1867 азы уыд дины 15 скъолайы, уӕд 1898 азы уыцы нымӕц сси дзӕвгар фылдӕр - 32. Уыцы рæстӕгмӕ ахуырдзауты нымӕц 470-йӕ ахӕццæ 3828-мӕ.
Бындур ӕвӕрд ӕрцыд сылгоймаджы рухсадмӕ кӕныны хъуыддагӕн. 1898 азы райдайӕн скъолаты ахуыр кодтой 469 чызджы. Сӕрмагондӕй зӕгъын ӕмбӕлы, ирон чызджыты скъола кӕй хонынц, уый тыххӕй. Байгом 1862 азы ӕмӕ цӕттӕ кодта сылгоймаг-ахуыргӕнджытӕ ирон райдайӕн скъолатӕн. Терчы администраци уыцы скъола сӕхгӕныныл куы фӕлтӕрдтой, уӕд цытджын ирон поэт Хетӕгкаты Къоста ӕмӕ ирон адӕмы иннӕ минӕвӕрттӕ ӕрлæууыдысты уыцы мийы ныхмӕ.
Уыцы скъолайӕ уӕлдай, ирон фӕсивӕд астӕуккаг ахуыргонддзинад истой Ӕрыдоны дины семинары. Уый куыста 1887 азӕй фӕстӕмӕ. Кӕд ын миссионерон уаг уыдис, уӕддӕр уыцы скъола радта зынгӕ культурон архайджытӕ Ирыстонӕн (Дзанайты И., Гулуты А., Гарданты М. ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ).
Ирон интеллигенцийы хуыздӕртӕ - Хетӕгкаты Къ, Хъаныхъуаты И., Цӕголты Г., Уруймӕгты Х., Шанаты Г. ӕмӕ иннӕтӕ - карзӕй лæууыдысты паддзахы колонион политикӕйы ныхмӕ, ӕгъатырӕй йын ӕргом кодтой йæ фыдох, фӕлӕ уый ӕмрӕнхъ зыдтой уый дӕр, ӕмӕ Уӕрӕсейаг ӕндӕвдады бын объективон ӕгъдауӕй бирæ хорздзинӕдтӕ кӕй ис Ирыстонӕн; уыдысты уыцы хорздзинӕдты фарс, ӕмӕ архайдтой, цӕмӕй фылдӕр кӕной. Архайдтой, цæмӕй ирон адӕм баввахс уой уырыссаг адӕмы раззагдӕр культурӕмӕ, куыд иумӕйагпаддзахадон ӕвзаг, афтӕ базоной уырыссаг ӕвзаг.
Зынгӕ ирон фыссӕг Хъаныхъуаты И. цин кодта, Ирыстон Уӕрӕсеимӕ кӕй баиу, ууыл, дзырдта, зӕгъгæ, цивилизаци махмӕ дӕр ӕрбаппӕрста йӕ рухс тын, сиу стӕм Европӕйы цивилизацигонд бинонтимӕ. Уӕды заманы иннӕ зынгӕ культурон архайӕг Санаты Гуыцыр дӕр Уӕрӕсеимӕ баиуы уыдта «фӕндаг хохӕгтӕн зонды рӕзтмӕ ӕмӕ уырыссаг ӕвзаг базонынмӕ..., уый та сын ӕххуыс уыдзӕн, царды ног уаг зӕронд уагӕй хуыздӕр кӕй у, уый бамбарынӕн».
Цӕгат Ирыстон Уӕрӕсейы паддзахадимӕ кӕй баиу, уымӕн йӕ прогрессивон ахадындзинад тынгдӕр ӕмӕ уӕрӕхдӕр рабӕрӕг ХХ ӕнусы райдайӕны. Уый уыдис ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ империализмы социалон-экономикон ӕмӕ политикон ныхмӕвӕрддзинӕдтӕ куы стыхджын сты.
Суанг К. Маркс йӕ рӕстӕджы йӕ генион зондӕй рагацау амыдта, ныр революцион змӕлд кӕй ассӕнддзӕн Ныгуылӕнӕй Скӕсӕнмӕ. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, ацы ӕнусы райдайӕны Уӕрӕсе сси дунейы революцион змӕлды ӕмӕ революцион хъуыдыйы артдзӕст.
ХХ ӕнусы райдайӕны арф социалон-экономикон ивддзинӕдтӕ ӕрцыд Ирон адӕмы царды, кӕцытӕ баст уыдысты, капитализм дарддӕр кӕй рӕзыди ӕмӕ Уӕрæсейы национ къуымтӕ дӕр кӕй фӕхъӕстӕ кодта, уыимӕ.
Хуымӕтӕджы нӕ фыста С. М. Киров дæр, ирӕттӕн октябры агъоммӕ, ӕрмӕст фыдыбӕстаг нӕ, фӕлӕ фӕсокеанаг капитализм дӕр хорз зонгӕ кӕй уыдис, уый тыххæй.
Тагъд рӕзӕг капиталистон ахастдзинӕдтæ иуӕй тынгдӕр кодтой фӕллойгӕнджыты социалон, политикон ӕмӕ национ ӕфхӕрд, иннӕмӕй та объективон ӕгъдауӕй цырын кодтой революцион ӕууӕлты равзӕрд Уӕрӕсейы ӕппӕт къуымты, уыимӕ Ирыстоны дæр. Ахӕм развӕлгъауы ӕууӕлтӕ кӕй сӕвзӕрдис, уымæ гӕсгӕ, фӕстӕдӕр революцийы рӕстӕг, Ирыстоны фӕллойгӕнджытӕ активонӕй архайдтой царизм ӕмӕ капитализмы ныхмӕ тохы, хорз ахъаз фесты Терчы зылды Советон хицаудзинад ӕрӕвӕрыны хъуыддагӕн.
Бӕстӕйы национ къуымты, уыимӕ Ирыстоны дӕр, социалистон революцийы социалон-экономикон ӕмӕ политикон разӕууӕлтӕ куы фӕзындысты, уыцы рӕстӕг ӕнгом баст у Терчы зылды адӕмты социалон- экономикон райрӕзты ног этапимӕ XX ӕнусы райдайӕны. Уӕд сфидардӕр сты иуыл рӕзгӕ ӕфсымӕрон ахастдзинӕдтӕ уырыссаг ӕмӕ иннӕ адӕмты ӕхсӕн. Чысыл адӕмты национ-ссӕрибарадон тох иу кодта уырыссаг адӕмы сӕрибарадон тохимӕ, уырыссаг кусӕг къласы тохимӕ, кӕцы райтынги В. И. Ленины разамындӕй марксизм-ленинизмы тырысаты бын.
Уӕрӕсейы алы адӕмыхӕттыты пролетартӕ ӕмӕ иннӕ фӕллойгӕнджытӕ сӕ тыхтӕ сиу кодтой царизм ӕмӕ капитализмы ныхмӕ тохы. Фӕлӕ сын уыцы тохы разамонӕг та уыд Уӕрӕсейы кусӕг кълас, Ленин кӕй сарӕзта, уыцы марксистон парти. Уый фӕллойгӕнджыты хъомыл кодта пролетарон интернационализмыл. Уый йӕ ныхмæ уыд уырыссаг шовинизмӕн дӕр ӕмӕ бынӕттон национализмӕн дӕр. «...ӕппӕт уыдӕттӕ, - зӕгъы М. И. Калинин, - ӕфхӕрд нациты иу кодтой уырыссаг адӕмимӕ; раззагдӕр элементты ӕввахс кодтой уырыссаг литературӕ, аивад ӕмӕ наукӕмӕ, уырыссаг революцион тохгӕнджытимӕ æмæ уый бындурыл цыдысты уырыссаг культурӕмӕ, систы-иу иумӕйаг тохы архайӕг, систы-иу, Уӕрӕсейы масштабтӕй чи хъуыды кодта, ахӕм адӕм». Ацы хъуыдыты рӕстдзинад хорз равдыста истори.
Ирон революцион интеллигенцийӕн стыр ахадындзинад уыд фӕллойгӕнджыты ӕхсӕн, уымæ гæсгӕ нӕ адӕмӕй бирӕ архайдта фыццаг уырыссаг адӕмон революцийы. Ирӕттӕ равдыстой сӕ хӕлар цӕстӕнгас уырысмӕ, уырыссаг кусӕг къласмӕ. Уый ма уымӕй дӕр бӕрӕг у, ӕмӕ ирон зæхкусджытӕ ӕрмӕст царизм ӕмӕ бынӕттон тугцъирты ныхмӕ кӕй нӕ лӕууыдысты, фӕлӕ большевикты сидтмӕ гӕсгӕ кӕй цыдысты ӕндӕр рӕттӕм ӕд гӕрзтӕ пролетариаты ӕмварс знӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ. Ирӕттӕ хӕцыдысты, зӕгъӕм, станцӕ Минеральные Воды-йы. 1905 азы 9 декабры уыдон уым кусджыты митинджы загътой сӕ дзырд: кӕронмӕ дӕр уыдзысты кусджытимӕ иумӕ. Ӕмӕ сæ хъуыддаг ныхӕстыл нӕ ахицӕн.
Уыцы рӕстӕджы стыр цаутӕ ӕрцыд Ростов-Доны. Кусджыты хъуыдис ӕххуыс, ӕмӕ Цӕгат Кавказы алы рӕттӕм арвыстой кусджыты делегацитӕ. Кусджыты ахӕм делегаци ӕрбацыд Ирыстонмӕ дӕр. Уыдис Даргъ-Къохы, Заманхъулы, Зилгӕйы, Ӕрыдоны, Шанаевойы, Кӕрдзыны, Урухы, Дӕргъӕвсы ӕмӕ ӕндӕр хъӕуты. Бантыст ирон зӕхкусджытӕй хӕстон дружинӕтӕ саразын. 1905 азы 22 декабры «сӕрмагонд поезд Минводмӕ нылласта топпытӕй ифтыгъд 560 ироны». Революцийы знӕгтӕ - паддзахы хицауады фарсхæцджытӕ стыр тыхыл нымадтой хохӕгты рæстад: «...Минводы мятежникты (растӕг адӕмы) сӕйрагдӕр, сӕ тӕккӕ фидардӕр тыхтӕ арӕзт сты хорз ифтонггонд туземиӕгтӕй».
Фӕлӕ уыцы хӕстон къордтӕн Ростовмӕ ныххӕццӕ уӕвын нӕ бантыст: паддзахы ӕфсӕдтӕ Тихорецкы районы бацахстой станцӕ. Фӕлӕ уӕддӕр архайдтой кусджыты растады.
Иуæй-иу ирон дружинниктӕ (Мамсыраты С., Тотраты Б., Дыгуры-фырт ӕ. а. д.) архайдтой Ростовы ӕмӕ Мӕскуыйы баррикадон хӕстыты. Кавказы адӕмтӕ, уыдоны ӕмрӕнхъ ирӕттӕ дӕр, Уӕрӕсеимӕ кӕй баиу сты, уымӕн йæ тӕккӕ ахсджиагдӕр фӕстиуджытæй иу уыд социал-демократон кусӕгон организациты фӕзынд Терчы зылды. Уый фӕрцы та ирон фӕллойгӕнӕг дзыллӕмӕ ӕрцыдысты Марксизм-ленинизмы идейӕтӕ.
Фыццаг уырыссаг революци тынг фӕзынд ирон адӕмыл дӕр, сырӕзт сӕ революцион зондахаст. 1906 азы уыд фыццаг фӕлтӕрӕн революцион Марксизмы цытджын историон документ - К. Марксы ӕмӕ Ф. Энгельсы «Коммунистон партийы манифест» - ирон ӕвзагмӕ раивыныл. Тӕлмац æй кодта ирон фыссӕг Тугъанты Б.
Ирыстоны раззагдӕр ӕхсӕнадон хъуыды ХХ ӕнусы райдайӕны рӕзын байдыдта Марксизм-ленинизмы ӕндӕвдады руаджы.
Дыууӕ адӕмы байуӕн йӕ хорздзинӕдтӕ тынгдӕр бӕрӕг уыдысты адӕмон рухсады фарстаты. 1898 азы Цӕгат Ирыстоны уыдис 32 дины скъолайы, фӕлӕ Февралы буржуазон-демократов революцийы райдайӕнмӕ Ирыстоны скъолаты нымӕц схӕццӕ 97-мӕ, кӕцытӕн ма ӕрмӕст се 'мбис уыдысты дины скъолатӕ; иннӕтӕ хаудысты рухсады министрадмӕ. Горӕт Владикавказ ӕмӕ хъазахъаг станицӕтӕ дӕр куы нымайӕм, уӕд Цӕгат Ирыстоны ӕдӕппӕт уыд 144 скъолайы, ахуырдзаутӕ 13-15 мины.
Скъолатӕн сæ фылдӕр къаннӕг уыдысты, фӕлӕ ирон адӕмы рухсадӕн сӕ пайдайы хай хастой.
Ахуыргӕнджыты ӕхсӕн уыд бирӕ хорз интеллигенци, уыдон тох кодтой адӕмы сӕрыл, уыдысты ӕнӕдин, демократизацигонд скъолайы фарс — Гӕдиаты Цомахъ, Дзасохты Гиго, Уруймӕгты Харитон, Цӕголты Георги, Коцойты Арсен, Гарданты Михал, Гуыриаты Гагуыдз ӕмӕ бирӕ ӕндæртӕ. Критикӕ кодтой паддзахы русификаторон политикӕ, фӕлӕ ирон ӕвзаг ахуыр кӕныны ӕмрӕнхъ уыдысты уырыссаг ӕвзаг ирон скъолаты ахуыр кӕныны фарс. Иттӕг раст ӕмбӕрстой уырыссаг ӕвзаджы ахадындзинад ирон адӕмы царды. Зыдтой, уыцы ӕвзаджы фӕрцы ирон адӕм кӕй ӕввахс кӕнынц цытджын уырысы ӕмӕ дунейы культурӕмӕ, кӕй ӕрлӕууынц дунейы стыр цивилизацийы фӕндагыл.
Цытджын уырыссаг ахуыргӕнӕг Ушинскийы фӕдон Уруймӕгты Харитон 1899 азы фыста: «Мах, ирӕттӕ, раджы бацыдыстӕм уырыссаг ӕхсӕнады культурон бинонтӕм; пайда кӕнӕм уырыссаг цивилизацийы хорзæхтæй, бӕлвырд зонӕм, нӕ адӕмы ирвӕзӕн хос кӕм ис, уый. Уый - ахуырад уырыссаг ӕвзагыл; уырыссаг ӕвзаджы ахадындзинад та куыд паддзахадон ӕвзаг - махӕн не 'ппӕтӕн у тынг бӕлвырд».
Кавказы демократон ахуыргӕнджытӕн сæ уыцы хорз миниуӕджы кой кодта В. И. Ленин, 1913 азы афтӕ куы фыста, уӕд: «Кавказы, уырыссаг чи ну, уыцы адӕмыхӕттыты минӕвӕрттӕ сӕхӕдӕг архайынц сӕ сывӕллӕтты уырыссагау ахуыр кӕныныл...»
Уырыссаг ӕхсӕнадон ӕмӕ культурон цытджын архайджыты ӕндӕвдадай ирон демократон интеллигенцийӕ бирӕтӕ - Хетӕгкаты Къ., Цӕголты Г., Хъаныхъуаты И., Гасситы А., Гӕдиаты Ц., Дзасохты Г., Уруймӕгты Х. ӕмӕ ӕндӕртӕ - бæрзондмӕ схызтысты ӕхсӕнадон-политикон ӕмӕ идейон ӕгъдауӕй. Систы уырыссаг революцион демократты фӕдонтӕ. Сӕ ӕхсӕнадон-политикон ӕмӕ философон цӕстӕнгас зынгӕ ӕвӕрӕн у ирон адӕмы историйы, стӕй нӕ бӕстӕйы адӕмты раззагдӕр ӕхсӕнадон-политикон хъуыдыйы историйы дӕр.
Ирон фыссынады фӕзынд ӕмæ райрӕзтимӕ ӕнгом баст у ирон периодикон мыхуыры истори ХХ ӕнусы райдайӕны. Фӕзынд газеттӕ ӕмӕ журналтӕ ирон ӕвзагыл - «Ирон газет», «Ног цард», «Хабар». «Зонд», «Хуры тын» ӕмӕ ӕндӕртӕ. Паддзахы цензурӕ-иу сӕ кӕд уайтагъд агхӕдта, уӕддӕр сӕ пайдайаг куыст бакодтой, ахсджиаг цӕг уыдысты ирон национ культурӕйы рӕзты, уӕлдайдӕр та ирон аивадон литературӕ райтынг кӕныны хъуыддаджы. Ирон мыхуыр пропагандӕ кодта ссӕрибаркӕнынадон революцион змӕлды идейæтӕ, ӕвдыста йӕ адӕмы бӕллицтӕ, кодта сӕ рухсмӕ.
Паддзахы хицауад ӕмӕ реакцион буржуазийы фыдвӕндтӕ кӕд ирон адӕмы хорзӕхыл нӕ куыстой, уӕддӕр, Ирыстон Уӕрӕсеимӕ кӕй баиу, уый объективон ӕгъдауӕй стыр хорз рауадис ирон адӕмы историон хъысмӕтӕн: ирон адӕм дӕр иннӕ хохаг адӕмтау фервӕзт бирæӕнусон фӕстӕзаддзинад ӕмӕ ӕндзыгӕй, фӕиу уырыссаг ссӕрибарадон змӕлдимӕ ӕмӕ уырыссаг ӕмӕ иннӕ адӕмтимӕ кусӕг къласы, большевикон партийы разамындӕй фӕхӕст амондыл. Революцион ӕндӕвдад, ирон ӕмӕ уырыссаг фӕллойгӕнджыты рӕзгӕ бастдзинӕдтӕ, марксистон-ленинон идейæты рухс хӕхбӕсты, нӕ адӕмы национ ӕмӕ социалон ӕгъдауӕй ссӕрибар кӕнын - уыдон уыдысты Уӕрӕсеимӕ баиуы прогрессивон фӕстиуджытӕ.

См.: Журнал «Мах дуг» 1974 №9.

Возврат к списку