Гадати Лазӕр
Дзубанди
Ӕзинӕ дӕмӕ уотӕ фенгъӕлкастӕн, 'ма мӕ цӕститӕ ниууорсӕнцӕ.
Хъӕбӕр мӕ фӕндадтӕй дӕ фӕууинун. Ду мӕн некӕд балӕдӕрдзӕнӕ. Бацӕуис дӕ бийнонтӕмӕ, феронх ди ун бунтондӕр - цӕрун, ӕви нӕ цӕрун...
- Нæ, цæй бийнонтӕ? Цӕй цард мин ес мӕ бийнонти ӕхсӕн? Ӕнӕ дӕу нӕбал зонун: мӕ цард мин дони адӕ дӕр нӕ кӕнуй!
- Не 'ууӕндун. Мӕнгӕдтӕ мин дзорис. Ӕрмӕстдӕр дӕ еунӕг гъуддагӕн гъӕун; куддӕр мӕ хӕццӕ фӕууай, уотӕ ледзун ӕрвонг фӕууис. Лигъз 'дзурд не скӕндзӕнӕ, рӕвдуд ци 'й, уой зонгӕ дæр нæ кӕнис. Ард хуӕрис алли хатт: "Уарзун дӕ!" Е уарзт нӕй, цӕй уарзти кой кӕнис? Дӕ тӕлӕнтӕ исуадзис, фулдӕр дӕ нецибал фӕгъгъӕуй.
- Мӕ тӕлӕнтӕ кӕбӕл исуадзон, уӕхӕнттӕ иссердзӕн, фал мӕ ӕрмӕстдӕр ду гъӕуис: дӕу уинун, дӕу хӕццӕ дзорун, дӕумӕ игъосун мӕ фӕндуй.
- Бӕргæ е уотӕ ку уайдӕ, фал уотӕ нӕй. Дӕ дзурди уод нӕййес, гъардзийнадӕ - зӕрдӕ цӕмӕй барохсуа. Некӕд фегъустай "Силгоймаг гъостӕй уарзуй". Силгоймаг æууӕндагӕ 'й алли дзурдбӕл дӕр. Ӕууӕндун ӕй фӕндуй, ци ин фӕдздзорунцӕ, уобӕл. Ӕвӕдзи, гъӕла ан бунтон?..
Хатгай мин, еумӕ ниууат кӕнуни размӕ ци фӕдздзорис, уони уой фӕсте ку зӕгъисӕ, уӕд, ӕвӕдзи, баууӕндинӕ.
- Нур цитӕ дзорис?..
- Ци игъосис, уой. Мондаг ку фӕууис, уӕд дӕ дзурдтӕ ӕцӕги хузӕн фӕууинцӕ, мӕ зӕрдӕ ратайуй. Дӕхеуон дӕхе ку фӕууй, уӕдта дӕ цума ӕййевгӕ фӕккиндӕуй. Лигъз дзурд ди нӕбал исхаудзӕй; къудурони хузӕн, дӕ цӕститӕ ницъцъундӕ кӕнис, уотемӕй уӕлгоммӕй фӕххуссис.
- Уӕхӕн рӕстӕг мӕмӕ дзорун нӕ фӕццӕуй, мӕ зӕгъуйнаг загътон, ‘ма уодӕнцойнӕй фегъосун зӕрди адгин тӕлфунмӕ. Ду ми дзубандитӕ агорис. Ӕз фӕлхуарӕ фӕуун, мӕхемӕ дӕр еу рӕстӕг уомӕн фегъосун.
- Сумах, нӕлгоймӕгтӕ, хеуарзгӕ айтӕ, хевӕндӕ, фудзукъур. Мах нӕлгоймаги гъар къохи рӕвдуд фӕгъгъӕуй, уой фӕсте дӕр уомӕ фенгъӕлкӕсӕн, мӕстгун дӕр уомӕн фӕккӕнун дӕумӕ. Нæ дӕ хецӕн кӕнун дӕ бийнонтӕй. Цӕрӕ, куд дӕ фӕндуй, уотӕ, ӕрмӕст дӕ хаттай-хат куд уинон
- Ниууадзинӕ мӕ бийнонтӕ, - сувӕллӕнттӕн тӕрегъӕд кӕнун.
- Ку дин загътон, куд цӕрис, уотӕ цӕрӕ, неци ди агорун, ӕрмӕст дӕ фӕууиндӕ. Уӕдта ку ӕрбацӕуис, уӕд тингун ма кӕнӕ. Мӕ рази ци рӕстӕг фӕууис, еци рӕстӕг мӕнӕн раттӕ. Еумӕ цӕрӕн, е мӕ нӕ фӕндуй
- Куд дӕ нæ фӕндуй? Фиццаг хат уинун уӕхӕн силгоймаг, еумӕ цард ке нӕ фӕндуй. Кӕд ма дин еске ес?
- Дӕ сӕри зунд фӕццудӕй? Еске ма мин ку уайдӕ, уӕд аллихатт дӕумӕ не 'нгъӕл кӕсинӕ, изӕдмӕ ӕнгъӕлкӕсӕгау. Е, ду ӕрбацӕуис дӕ бийнонтæй, зин дин фӕууй нӕуӕг фадуатбӕл рафӕлтӕрун. Ӕз дӕ ку фӕууинун, уӕд ми феронх унцӕ еугур гъуддӕгтӕ дӕр. Дӕ билти бамбӕлдӕй радзӕгъӕл ун. Мӕ уод фӕттӕхуй уӕлӕрвтӕмӕ. Дӕ бауӕри гъарӕй мӕ зӕрдӕ бунтон ӕррайау исуй.
- Нур дӕ цӕстисугтӕ ци ӕгъзалис? Ма кӕнӕ, ӕз дӕр дӕ хӕццæ никкӕудзӕнӕн!..
- Дӕ къох бугъзур ӕй, фал мин мӕ цӕстисугтӕ ку фӕссӕрфис, уӕд мин ӕнӕкӕрон ӕхцӕуӕн фӕууй.
- Цӕун мӕ гъӕуй, ӕнафонӕй.
- Ӕрӕги ку ӕрбацудтӕ, кумӕ тагъд кӕнис? Ци нигъгъос да? Цо, кӕд дӕ цӕун гъæуй!
- Мӕ цард дууӕ ‘нбеси ‘й, куд ӕй исаразон, уой нӕ лӕдӕрун. Дӕумӕ ӕрбацӕуон еугур цуд, уой дӕ нӕ фӕндуй. Дзоргӕ кӕд уотӕ кӕнис: "Цӕрӕ дӕ бийнонти хӕццӕ", уӕддӕр дин хъӕбӕр зин ӕй, ӕз дӕ лӕдӕрун. Исмин унафӕ кӕнӕ, ести мин зӕгъӕ.
- Ци дин зӕгъон?.. Афонӕй, цо уӕхемӕ. Ӕз дӕмӕ алкӕддӕр ӕнгъӕл кӕссӕн, цалинмӕ цӕрон, уӕдмӕ. Ӕрмӕст фудгини цуд ма кӕнӕ мӕ хӕдзарӕй.
Хуӕрзизӕр кӕнӕ, мӕ зинаргъ, еунӕг ду мин дӕ
уодӕнцойнӕ.
11.11.03
Инайгӕнӕнти
Биццеу ма адтӕн, ӕстӕймаг анз мӕбӕл цудӕй.
Сӕрдӕ, мӕнӕугӕрдӕнти галуӕрдуни мӕнӕуи курестӕ ластан инайгӕнӕн машийнӕмӕ.
Ӕз уӕрдуни сӕрӕй лӕудтӕн, Заретӕ мӕмӕ курес исӕнтъохидӕ, ӕз ӕй ӕ бунати, иннӕ курести уӕле ниввӕринӕ. Еуӕй-еу хатт Заретӕ курес исӕнтъохидӕ уӕлдай карздӕр ӕ тухгин иуӕнгтӕй. Курес райахӕссун нӕ бафӕразинӕ, ‘ма ӕ буни фӕууинӕ.
Заретӕ уӕхӕн зӕрдибун худт кодта; кӕсунӕй имӕ не фсастдӕн.
Уолӕфт на фагӕ кодта, уойбӕрцӕбӕл карз кастӕй хор.
Зарети фезмӕлди хӕццӕ ӕ реу бунтон фегон уидӕ. Алцӕмӕй ӕнхӕст киндздзон кизгӕ адтӕй.
Рӕфти инайгӕнӕн машийнӕ ӕруорӕдтонцӕ, алке рӕфтад кӕнунмӕ цудӕй станӕрдӕмӕ. Галтӕ кӕрдӕгмӕ бакодтон, "ма ратьӕбӕртт кодтон станмӕ.
Ӕ цӕститӕ ӕхгӕд адтӕнцӕ, фал ӕ рӕзти ку рауадтӕн, уӕд мӕмӕ æ къах бадардта, мӕ тъӕпп фӕццудӕй зӕнхӕбӕл, уӕдта мӕ ӕ тумбул, федар къохтӕй ӕхемӕ балваста. "Кумӕ тагъд кӕнис? Мӕ рази бабадӕ".
Ӕ бауӕри адгин тӕфӕй мӕ сӕр разилдӕй. Ӕгас будури деденгути тӕф ӕ бауӕри адтӕй.
- Рамӕ уадзӕ, рӕфтадмӕ цӕун!
- Хъӕртдзӕнӕ, раги ма'й. Цӕмӕннӕ дӕ фӕндуй мӕн рази
бадун?
- Рӕфтадмӕ цӕун, - нӕуӕгӕй мӕхе ратонунбӕл архайдтон. Ӕ реутӕ бунтон байгон кодта, сатӕгдар ин куд адтайдӕ, уотӕ.
Ӕ уӕргутæ - игон.
Ӕнгон мӕ нилхъивта ӕ реумӕ, уолӕфт мин нӕбал фагӕ кодта. Ӕ тӕвдӕ бауӕр хорӕфсӕст адгин тӕф кодта.
Базилдта мӕ ӕ гъӕбесмӕ, ӕ тухгин уӕргутӕй мӕ нилхъивта, фезмӕлун мӕ бон н'адтӕй.
Ӕ зӕрди гупп-гупп уотӕ карз адтӕй, цума ‘й дзӕбокӕй еске хуаста медӕггӕй. Еу рӕстӕг базир-зир кодта, е уӕнгтӕ фӕллӕмӕгъдӕр ӕнцӕ, ӕхе гъӕмпӕбӕл рауагъта, ‘ма арф ниууолӕфтӕй.
Мӕ фиццаг зӕнӕг кизгӕ ку уа, уæд æй дæуӕн дӕтдзӕн, мӕ гъоси мин сосӕггӕй бадзурдта Заретӕ.
Фӕууӕгъдӕ дӕн, ратъӕбӕртт кодтон ӕ разӕй станӕрдӕмӕ. Фӕстӕмӕ имӕ еу каст фӕккодтон: ӕ къохтӕ ӕ сӕри буни бакодта, е 'ндӕргъцӕ ӕхе рауагъта. Ӕнӕбӕрцӕбӕл рӕсугъд гури конд! Мӕнӕрдӕмӕ кӕсгӕ дӕр нӕбал ракодта.
28.10.03.
См.: Ирæф 2004 №3
