Сабайти Сулейман
Фæсмон
Хор фæсхонхмæ æрнигъулдæй,
Сурх ниххуаргæй арвгæрон,
Фонс дæр хезнæй æривулдæй,
Рахæлеу æй гъæугæрон.
Бон равардта е стур бартæ
Сатæг изæрмæ бæлвурд.
Цъаййи цормæ бабæй уартæ
Нæ дондзаутæн ес æмбурд.
Е Азау æви Мулдар æй -
Синхи уоститæн дзурддаг?
Æвеппайди рахабар æй:
Арфæйаг æй сæ гъуддаг.
Фал уæддæр уойбæрцæ цъаййæй.
Куд нæ цæунцæ, уосай!
Ка си дзоруй фурсоцъайæй,
Ка ба дзоруй гъос-гъосай.
Еу си дзоруй: - Æригъосæ,
Нæуæг хабар дин зæгъон,
Цæветтонгæ-ма, æдосæ
Синхи ’рфестæг æй бæлццон.
Синхи, уартæ, гъе, Азаумæ,
Уобæл æнцæ игъæлдзæг.
Исрæуæг æй уæхæн цаумæ
Нур Мулдар дæр æд лæдзæг.
Е куддæр минкъий ферхуæстæй,
Иннæ райсуй ин æ дзурд:
- Стур амонд сæмæ фæррæстмæ ’й,
Институт фæцæй сæ фурт...
- О Мулдар, мæгур, уал анзи
Уомæй адтæй сæрбæрзонд,
Куд нæ уонцæ си арази,
Иссæй, дан, син ахургонд.
- Ци ацъагъуæбæл ниххуæстæй,
Ци ’й æ кустæн нур æ ном?
- Лæгдзийнадæй, дан, æнхæст æй,
Уодзæнæй нин агроном.
- О, зудтон æз дæр æй уогæ,
Фал, зæгъун, миййаг, æндæр...
— Æй хиццаг кæстæрти догæ,
Æнцæ махæй сæрæндæр.
— Доцций истæн, кæд ду раст дæ,
Уæд фæууинон æз фудфун...
— Уæй, гæлæхха, цæй хеваст дæ,
Ба мæ уадзæ дзурд зæгъун.
Ка ма дæттуй дзурди барæ,
Гъæр исиста Акула.
Расиуадæй загъд æвзарæ,
Æнæмбаргæ дзахъула.
— Ниссæуагътæ, бафецауæн, —
Синхи медæг ихæс æй
Арфæ ракæнун Азауæн,
Аслæнбег дæр гæлдзгæ нæ ’й.
II
О, æзгули ес Мулдармæ,
Цийнæ тæккæ тумугъи’й,
Фарнæ ’рфестæг æй æ дуармæ, —
Æ фурт уартæ æ тургъи’й.
Кувд кæнунцæ, æдæуагæ,
Нæй минкъийтæбæл æсхуст.
Зиннуй артбæл и сау агæ,
Фидæйдзагæй устур ухст.
Ка кæнуй Мулдарæн арфæ,
Уо, зæгъуй ин, уо бæрсткувд,
Цийнæй раййевæ гузавæ,
Уо амондæй хуæрз рæвдуд.
Ка иуазгути курæттæ
Рагъæнтæбæл ауиндзуй,
Ка ба раздæр и зæрæндтæ
Сау бæгæнийæй хинцуй.
Гуппæй кафунцæ кæстæртæ,
Кедæр зарун азæлуй.
Кафун разагъта мæ зæрдæ,
Фал мæ карæ нæ зæгъуй.
Рабадунцæ уæд хунд адæн
Стъоли фарсмæ рæнгъитæй.
Берекеттæй уони кадæн
Ес сæ размæ кæлдтитæй.
Сæрæй бадуй æнæдауæ
Къуари хестæр æд синон,
Рацæйуадзуй гагидауæ
Аслæнбеги цæрæнбон.
Дæргънивæндæй рауадзунцæ
Гагидаубæл гагидау.
Хестæргай, цит, ниуазунцæ,
Æй Дигори уотæ ’гъдау.
Фал ниуæзтгун дзурд къахагæ ’й,
Хебæл хуæцгæ кунæ уа,
Рæстмæдзурд дæр уæд æ фагæ ’й,
Цæмæй загъди бацæуа.
И фæсевæд райдæдтонцæ
Аслæмбегбæл айуан дзурд,
Куд ниууадздзæнæй, дзурдтонцæ,
Æ уарзони лæги фурт.
Хестæр сæмæ æриздагъдæй,
Бакæнгæй син зуст уайдзæф.
Нæ банцадæнцæ сæ загъдæй,
Сæ бадт адтæй æнæрцæф.
Аслæнбег уæд æд ниуазæн
Хатир коруй хестæртæй:
— Дæн уæ цори æз иуазæг,
Дæн уæ рази кæстæртæй.
Фал фæсевæд фау хæссунцæ,
Æз син исдæн æввелон.
Куд ниууадздзæнæ, зæгъунцæ,
Æ курдуати дæ уарзон.
Æскъæфун кизги кæнунцæ,
Кæнис, дан, нæ федиссаг.
Дигорон нæ дæ, зæгъунцæ,
Тогæй, дан, дæ уруссаг...
Зæрдæ къахун зин гъуддаг нæй,
Уомæй зиндæр — æлхæнун.
Ци ’рдигон дæн, е дзурддаг нæй,
Уой æргомæй æз зæгъун:
— Æй Азау мæ фæлмæн мадæ,
Ме ’схæссæг фидæ — Мулдар.
Уони фарнæ, устур кадæ
Зæрди дарун алкæддæр.
Тог ци хонунцæ кæстæртæ,
Уомæ дæсни æз нæ дæн.
Ес æгъдау æма æфсæрмæ,
Уой нимайун — мæ бæллæн.
Сувæллонæй нури уæнгæ
Æз сумахбæл ци уидтон,
Уой æдзохæй, æнæмæнгæ,
Царди медæгæ фæнзтон.
Кæд Сæнатæн, федуд уогæй,
Сиахсæн нур нæбал бæззун,
Дигорон нæ дæн кæд тогæй,
Уони сæрмæ уæд хæссун.
Æскъæфунтæй ба нæ гъазун,
Фонс, миййаг, мин кизгæ нæй.
Берæгъау лæбурд саразун
Лæгдзийнадæ некæд æй.
Фал кизгай еске азарæй
Кæд æййафуй нур æфхуæрд,
Кæд есунцæ ’й тухæвзарæй,
Уæд син ратдзæнæн нихкъуæрд...
Уой зæгъгæй, Аслан нинцадæй,
Зæрдæ цийнæ нæ загъта,
Кесе къимбусау, нийвадæй,
Адæн бадгæ ниууагъта.
Бадти адæн никъкъех æнцæ,
Иссæй хестæрмæ сæ каст,
Аслæнбегæн не ’нгъалдтонцæ
Уотæ разиннун хеваст.
III
Хестæр уæд, гъудий нигъулгæй,
Æ уорс рехæ рæвдудта.
Дони тулд каркау, нимпулгæй,
Нидæн дзорæ райдæдта:
— Æй Мулдар мæнæн ме’ рвадæ,
Ан муггагæй арми дзаг,
Фал уæддæр нæ устур кадæ
Дзилли астæу æй хиццаг...
Еци кадæ ци дзурддаг æй?
Уотæ ’нцонтæй не ’рцудæй,
Фондз хæдзарæй нæ муггагæй
Аст уосгори фæгъгъудæй.
Цæстисугтæ ни нигъзалдæй
Не стур зинти махæй дæр,
Тугъди медæгæ нистъалдæй
Аслæнбеги фидæ дæр.
Еци нивæ ма æркастæй:
Ес Мулдарæн фурти фурт.
А кæстæртæн зæрдирастæй
Уой хабар кæнун бæлвурд —
Цæветтонгæ, тугъди размæ
Ленингради е куста.
Тугъдмæ цæугæй, нæ Кавказмæ
Е ’взонг уоси сæрвиста.
Валя хундтæй; уой зæрдесгæн
Нæ зудтон æз силгоймаг.
Æ уæзданбæл кæнгæй дестæ,
Уидæ арæх нæ коййаг.
Аргъ кодта нин нæ фæткитæн,
Цитæ кæнгæй хестæртæн,
Æнхус кæнгæй зæнæггинтæн,
Зунд амонгæй кæстæртæн.
Уруссагæй мах æвзагбæл
Е куд дзæбæх фæццæфстæй!
Æ цæстуарзон зæрдиуагбæл
Алкедæр ни æнвæрстæй.
Феронх уианæ нæ зин бæнттæ,
Барæвдаугæй нæ е’ нгаст,
Фестионцæ ин зæрæндтæ,
Ковионцæ ин æд уарзт.
Никки нин фæцæй зинаргъдæр,
Сабий уомæн сæнтæсгæй.
Райсæфидæ тугъди уаргъ дæр
Аслæнбеги æнгæстæй.
Еци дууæ сау зинг цæсти
Е ’взонг фидæй рахаста.
Раст цума си нæ хуæнхбæсти
Цауæйнон лæг аразтан.
Сувæллонæй фиди ’нгæстæ
Уотæ хъæбæр ке дардта,
Фиди ном ин уомæ гæсгæ
Зæрдиуагæй равардтан.
Фалæ цийнæ ’ма бæллах дæр
Æрцæунцæ радугай.
Хай си райсæн гъеуæд мах дæр,
Цалх дæр зелуй дæндаггай.
Тугъди догæ — зин æвзарæн,
Цийнæ берæ нæ хæссуй.
Хаттæй-хатт си еу хæдзарæн
Къуар бæллахи æрхæссуй.
Дуйней фарнæ уæ бахезæд
Уæхæн догæй, нæ цæуæт,
А хæдзари æдзæстхезæй
Фарни койтæ киндæуæд.
Тугъди арти Вали мадæ
Ленингради басугъдæй,
Æ уарзон лæг, царди радæ,
Уомæ хæсдзæф фæгъгъудæй.
Устур зинтæн, æдæуагæй,
Хъаурæ гъудæй, фал кæцæй?
Минкъий Валя цардгъæуагæй
Незти амæттаг фæцæй.
Уæд Аслан дæр æризадæй
Дзедзедайæй, седзæрæй...
Цæстисугти цæхгун адæй,
Уæдæй нурмæ хайгин æй.
Боз Азау æма Мулдарæй:
Се 'схаст сабий фæббæзтæй.
Нур æгъдау æма æфсарæй,
Лæгигъæдтæй æнхæст æй.
Хуарз фæсевæд, ма кæнетæ
Æнанхосæй уой фудгин,
Æскъæфунмæ ма бæллетæ,
Уæ унаффæ нæй зундгин.
Е байзадæй рагон догæй,
Базæронд æй еци ’гъдау.
Фидбилизæн æрмæст уогæй,
Ниггæлстан æй æнæвгъау.
Фал Сæнатæ æнæнгъæлти
Кæд цæунцæ фæливдæй,
Тагъд ма кæнтæ уæд дзæгъæлти,
Базонетæ, ке фуд æй.
Нæ киндзагæн ес æрвадæ,
Ниуазагæ, губундзæл.
Е хæссуй æ сæрмæ ’гадæ,
Уой бæллах æй, е уодзæй.
Нæ тукангæс нур е’ мбал æй,
Уой зæран дæр æгæр æй,
Давæггагæй исфурхъал æй,
Æлхæнуй æй къæбæрæй.
Гъавуй нур дæр æнæфсæрмæй
Кизги фонсау æлхæнун.
Фал Тамарæ æнæсæр нæй,
Æз æй уотæ æнгъæлун.
Уе ’нхус багъудæй гъеуой дæр,
Ес закъон, æппунфæстаг.
Æскъæфунтæн ба сæ кой дæр
Адæнти ’хсæн — æлгъистаг.
Уой феронх ун адæймагæн
Куд кæсуй сумахмæ раст?..
Царди медæг ходуйнаг æй
Ун тæлтæг æма хеваст.
Къолбæрзæйтæй игъустонцæ
И кæстæртæ уæд сæццæй.
Гагидауæ рауагътонцæ,
Кувд кæронмæ фæхæццæ ’й.
IV
Еци бонæ изæрдари
Дзамболат æма Махар —
Дууæ ’рдхуарди, дууæ ’нгари
Фегъустонцæ зин хабар.
Аслæнбег син уæгъдебарæй
Нæ ниууадздзæй æ кизгай,
Уой мæстæй æма азарæй
Ниуазтонцæ кезугай.
Зуст дзубанди райеудагъ æй,
Æнцæ рагæй ниуæзтгун.
Дзамболат уæд æрдудагъ æй,
Сæтæ калгæй, æй мæстгун:
— Бафтудтай мæн, сиахс, зиндони,
Раскъæфун кизги гъудæй!..
— Нур ци дзорис? Ахæстони
Фæббадтайнæ уой фудæй.
— Ахæстонæй ду куд тæрсис,
Уа тæссаг нæй æппундæр.
Кæд, Махар, нур дæр мæн фæрсис,
Ма мин кæнæ уæд сун дæр.
Ме ’рузт хуæрæн цалдæр анзи
Дзорун лигъстæй дæу туххæй,
Фал не ’гъосуй! Дæн арази
Е скъæфунбæл лæгдухæй.
Рацæрдзиайтæ бал асхъоди,
Зонун хонхи еу лæгæт.
Ка кæнуй ма рагон хъоди
Æз нæ зонун уæхæн лæг.
Махæрдæги куй рæйæгдæр
Нæ фæууодзæй дæ фæдбæл.
Фезмæлæ, гормон, рæуæгдæр,
Кæд нимад дæ ду лæгбæл!..
— Ехх, Дзабо, хæлар, мæ уарзон,
Куд не’ нкъарис де стур зйан:
Æз мæ кусти ку ниууадзон,
Уæд ниуазгæ ци кæндзйан?
А туканæй ку рацох уон,
Уæд не сæвд æй, зонæ уой.
Минтæй ма си ку ранцъохон,
Уæд кæнæнтæ мæ фудгой.
Сæле-уæле галауантæ
Раскъæрдзæнæн мæ фæндон.
Адæн æнцæ сау хайуантæ,
Фур соцъатæ, ци ’й сæ бон!
Фал Тамарæ æнæнгъæлти
Куд иссæй мæнæн мæстаг?..
Кæндзæнæй мин хуæрздзæгъæлти
Аслæнбеги амæттаг...
Хуарз, æма син сæ пъисмотæ
Нури уæнгæ фæддавтай.
Байархайæ нур дæр уотæ,
Мабал кæнæ сау катай.
Æскъæфуни кой ниууадзæ,
Нæ дзубанди ниллух æй:
Сæ фембæлдæ ма бауадзæ
Мæлгъæвзагæй, лигъз цъухæй.
Рацæудзйан сæбæл мах сайдæй,
Бауорамæ бал дæ маст.
Фуркатайæй кæд фæууайдæ
Аслæнбег дæр бæрзæйсаст... —
Цæф арсау, Дзабо нигъгъос æй,
Æй Махар ин харакет.
Уой фæлхасæй тункъурросæй
Хуарз фæлгъауй берекет...
V
Рацудайдæ æхсæвæй дæр,
Бонивайæн нæй изол.
Цæсти ’нгулдзæ фæццæвгæй дæр
Нæ фæууиндзæнæ фудгол.
Еци талингæ мæйдари
Гъæу нинцадæй — къуругъос!
Æрмæст ма си еу хæдзари
Зиннуй уотид мæнгæ рохс.
Рохси цормæ æ хуссæнбæл
Бадуй кизгæ æд азар.
Куд бухсуй е æ хуссæгбæл?..
Игъусуй си мæтъæл зар.
Æ фæндури даргъ нийвазуй,
Æд фæрсаг ин искæуй.
Цæф сирдау, цума дзиназуй,
Зæрди тæгтæ æскъунуй:
«Ци фæцæй, цума, мæ уарзон?
Нæ фалдзости нæ зиннуй.
Ме ’нсувæр мин мæ дзиназун,
Мæ катайтæ нæ уинуй.
Дууæ зæрдей тухгин уарзтæй
Нинкъусунцæ хуæнхтæ дæр.
Мæ уарзонбæл еске гъастæй
Нихмæ лæууй ме ’нсувæр.
Ох, базонæд мин мæ зæрдæ,
Неке гъæуй мæн æндæр.
Куд не ’рветуй æ киндзхонтæ
Нæ лæхъуæнти сæрæндæр?..
Уалæ стъалу уæд ме ’вдесæн,
Цъух кæнун дæр лæгъуз ке’ й.
Не’ ндæуогъти цæмæдесæн
Куд ниггæлдзæн кæрæдзей?
Ци фæцæй, цума, мæ уарзон?
Нæ фалдзости нæ зиннуй.
Ме ’нсувæр мин мæ дзиназун,
Мæ катайтæ нæ уинуй...» —
Еци нидæн мæтъæл зарæ
Аслæнбегæн æй гъулæг.
Нур игъосуй еу дзæвгарæ
Фæсдзæгатæй лæмбунæг.
Дзæхæрардæмæ — къæразгæ,
Уой комкоммæ — бадæнгонд,
Ами бадидæ æд уарзон
Берæ ’хсæвти сæрдигон.
Дууæ ’взонги æвæлмонæй
Некæд адтæнцæ мæтъæл.
Нур тъæпп хауй фурфæсмонæй:
Æ гурусхæ æй дзæгъæл.
Хардз имæ куддæр æркастæй:
Зонгæй кизги зæрди хатт,
Æнæууæнкæ ун уæд раст нæ’ й,
Лæг рæдуйуй хаттæй-хатт.
О, куд фæддæн, зæгъгæ, сайди, —
Рохсæрдæмæ фæццæуй,
Æ бахуастæй æвеппайди
Кизги зæрдæ фæттæлфуй.
Раст цума хизта æ фуни
Аслæнбеги, гъеуоййау,
Базудта æй: æнафони
Е ке хуайуй хецонау.
Цурдгомау имæ рауадæй,
Фал фæссах æй æ уиндæй.
Цæф ибæл цума æруадæй,
Е уорамгæ’ й фæккиндæй.
Нидæнгомау, зирзиргæнгæ,
Бафæразта уæхæн фарст:
— Кæми адтæ нури уæнгæ,
Куд феронх æй ди нæ уарзт?..
Аслæнбег дæр ци загътайдæ?..
Мæнгæ ’фхуæрдæн ниббухстæй.
Зæнхи скъуди ниххаудтайдæ,
Фурæфсæрмæй ниттухстæй...
— Ку финстон, — зæгъуй, — æз дæумæ:
Нæ фембæлдæ æй хæстæг,
Фал æруайунмæ нæ гъæумæ
Нæ фæцæй мæнæн рæстæг...
Зæрдæ ’хсайуй еу хабармæ,
Ме ’ргон фарст мин хатир уæд:
Лæгмæ цæуис, дан, Махармæ,
Е, Тамарæ, раст æй уæд?...—
Искудтæй кизгай фурмæстæй:
— Æй Махар мæнæн илгъаг.
Мæ тæрегъæд ’ма мæ рæстæй
Макæд фæууæд рæствæндаг.
Анз цæуй, кæдæй архайуй,
Зелуй сонтæй мæ фæдбæл,
Ме ’нсувæр Дзабой ардауй
Мæнгæ даутæй е дæубæл.
Дзамболат дæр ин æрсастæй,
Нæй Махарæй е лæгдæр.
Æвæццæгæн, æрифсастæй
Цъæх арахъæй æ гæлдæр.
Фесæфонцæ уотæ, уастæн,
Цард фенадæй сæ уиндæй.
Дæумæ ма æнгъæл ку кастæн,
Бахезæ мæ сæ зинтæй... —
Дзурд цума хъури фæххастæй,
Уотæ рацæй зæрдунгæг.
Усми фæсте 6а никкастæй
Аслæнбегмæ лæмбунæг.
— Ма си тæрсæ, æдæуагæ,
Æй дзæгъæлти дæ катай.
Уадзæ уони мæн бæрагæ,
Бафхуæрæд дæ, лæгдæр ка’ й!
Тæккæ сæумæ хецон адæн
Æз сæрветдзæн лæгдæртæй.
Нæ фæккæндзæн дæу æгадæ,
Киндзæхсæвæр нин цæттæ’ й...—
Ниттугъта æхе Тамарæ
Аслæнбегбæл уæд æд уарзт.
Цъæх ехау æ дзурдти гъарæй
Æрбатадæй е стур маст.
Кезугаййæй фæдздзурдтонцæ
Зæрдиуайтæ æнæ цей.
Хебæраги рæвдудтонцæ
Фæлмæн батæй кæрæдзей.
Ехх, бауарзæ уони уарзтæй,
Фал æрдавгæ нæй фæндон...
Цибæлæй сæмæ æркастæй
И фæсмегъæй Бонвæрнон.
Даргъ бæлæстæ син лæудтæнцæ
Хъалауртау, къолсæрæй.
Думги цагъдмæ син кафтонцæ
Сæ сифтæртæ сæр-сæрæй.
Кедæр уасæнгæ фуруастæй
Æ бицъинæг æскъунуй.
Куй хæстæги рæхисбастæй
Ниудæмхæццæ ’срæйуй.
Бон куддæр минкъий фегъал æй,
Мегъи скъудтæй рохс кæлуй.
Аслæнбег уæд зæрдигъалæй
Хуæрзæхсæвтæ разæгъуй.
Бацудæй кизгай æ уатмæ,
Æ уарзон дæр фæццæуй,
Фал æй кадæр, æ фæндагмæ
Рагæпласгæй, ниццæвуй.
Лæг, фæккеугæй, рауæлгоммæ’ й,
Цæф æруадæй сæрбæл раст.
Уой гъæрзунмæ дуар фегон æй
'Ма си райгъустæй цъæхахст.
Аслæнбегмæ ку фенгаст æй
Е Тамарæ æнæнгьæл,
Уæд катай æма фуртарстæй
Гъæр исиста и гьæубæл.
Рафæдес æнцæ синхонтæ,
Гъæу иссæй хæлхъой, æзмæлд.
Цæветтонгæ син киндзгъонтæ
Базудтонцæ нур сæ бæлд.
Фалæ киндзæ не скъæфунцæ,
Аслæнбег дæр гъазти нæй:
Сæйгæдонмæ ’й хæссунцæ
Тогæмхæццæ бæститæй...
VI
Рацæйевгъудæй дзæвгарæ,
Анзмæ хæстæг цæудзæнæй.
Аслæнбег, мæ хуарз æнгарæ,
Сæйгæдони æррæвдзæй.
Киндзæхсæвæр искодтонцæ,
Хунди адтæн уæд æз дæр
Дууæ ’взонги федудтонцæ,
Нæ фæууиндзæнæ хуæздæр.
Æй Тамарæ дæргъæлвæстæ,
Нарæг астæу, сауæрфуг,
Киндзи дарæси, æррæстæ —
Цæхæр калуй, куд фæрдуг.
Аслæнбег дæр нæй, мæ хортæ,
Фудцъулузтæ, цъæмæлтæй.
Нарти хузæн —фæтæн уонтæ,
Саги хузæн — иуæнгтæй.
«Неци йин æй, сахъ игурд æй», —
Фæззæгъунцæ си нур дæр...
Сæ цийнагбæл гъæуæмбурдæй
Идзулдæнцæ еугурдæр.
Æрмæстдæр си дууæ ’рдхуарди
Уоми н’ адтæй и гъæуæй.
Æнцæ, дан, тухгин идарди,
Ахæстони, уо, уæууæй.
Баниуазгæй еу ниуазæн,
Зунд сæ сæртæй фæццудæй.
Расуг уогæй сæ фудлазæ
Аслæнбегбæл æрцудæй.
Уонæй еу æй киндзи ’рвадæ,
Иннæ сиахси æмигир.
Фæккодтонцæ, куд æрратæ,
Се ’взонгадæй сæудегер.
Нур финсунцæ Магаданæй,
Ес нæ зæрди, дан, фæсмон.
Аци бæсти уазал, дан, æй,
Нæй нæ равгæ нæ фæндон.
Хатир корунцæ гъæубæстæй,
Багъудæй сæ дзилли ’нхус.
Арахъ, дан, нин нæ фæббæзтæй,
Басугъта нæ уой анхос...
Фал æ кадæ мæнгæ ’фсонтæй
Ка бахуардта рагацау,
Дзилли ’ууæнкæмæ æнцонтæй
Е мабал уæд æнгъæлдзау.
Ес æгьдау æма æфсарæ,
Ес нæ дзиллæн фæткæ дæр.
Уой нимайунмæ æхсарæ
Уа гъæуамæ лæгмæ дæр.
