Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

ÆСТУР ДИГОРИ ТАУÆРÆХЪ

ÆСТУР ДИГОРИ ТАУÆРÆХЪ

ÆСТУР ДИГОРИ ТАУÆРÆХЪ

ÆСТУР ДИГОРИ ТАУÆРÆХЪ

Рамбурд æнцæ Æстур Дигорæ Мадзасгæмæ, æстæри фæццæуæн, зæгъгæ, фонс
кæнунмæ.
Хъайи-фурт Гегки сæ хуæздæр лæг фæрсаг адæмæй адтæй ’ма загъта:
- Цæугæ кæнæн, Æстур Дигорæ, фал сау халон уæрццæ нæ ахæссуй. Цæргæсатæй нæ хæццæ еу лæг ку уайдæ!
«Ци кæнæн, куд кæнæн?» - сагъæс кодтонцæ ’ма загътонцæ:
- Хъарабугъатæй хонæн, æма сабат-изæртæ ес, ма уонæй нæ раевдæлдзæнæнцæ. Таймазтæ ба уæллагкоймаг галау лæхлæбæз æнцæ. Хъантемуртæй лæг нæ ку уайдæ, - зæгъгæ, ’ма Хъантемурти Туалтай фурт Мазухъ-æлдарæн нæуæгхунд осæ адтæй ’ма нæ фæццæудзæнæй.
Хъайи-фурт Гегки загъта:
- Æрæйхондзæнæн, фæццæудзæнæй.
Баимæцудæй ’ма ин загъта:
- Æстур Дигорæ Мадзасгæмæ æрæмбурд æнцæ, сау Геземæ æстæри цæунцæ
æма де’ной нæ комунцæ.
Загъта е ба:
- Фæццæуни равгæ дæр мæмæ нæййес, топпи хуаллагæй дæр рæвдзæ нæ дæн.
- Етæ рæуонæн нæ бæззунцæ, уони дууети дæр иссердзинан.
Уони дууети дæр ин æррæвдзæ кодта, ’ма ранæхстæр æнцæ. Бахизтæнцæ Гезей
æфцæгбæл æма еу рауæн æхсæвеуат æркодтонцæ. Æхсæвеуати ба ниххустæнцæ. Мазухъ-æлдар æма Хъайи-фурт ба бадунцæ æма дзубанди кæнунцæ.
Æфцæгбæл ку бахизтæнцæ, уæдта сæ гезейаг цауæйнæнттæ фæййидтонцæ. Æрсæмæгъузтæнцæ, æма дууей бадгæ фæййидтонцæ. Гурдзиаг цауæйнæнттæй ба еу адтæй Гурдзий æлдар Ахалбеда.
Е ’мбалæн загъта:
- Саг æхсон æви нарддæр хуййи æхсон?
Е ба загъта:
- Хуй нард ку уа, уæддæр саг хуæздæр æй.
Фæййæхста, ’ма Хъантемури-фурт Мазухъ-æлдар фæммард æй.
Гегки загъта:
- Нур гузавæй нецибал æрцæудзæнæй. Æз цæун фæдеси, фал ма мæ бахезетæ ами.
Æма сæ æздахун нæ рауагъта ’ма сæ уоми фæууагъта.
Къасарай комбæл Уæллаг Ирæбæл рацудæй æма загьта:
- Геземæ бацудан æма сæ тъасхæй иссирдтан, æма ма нæ адæм гъæуй, æма лæг ка ’й, е рацæуæд, æма æртæрæн Гезей.
Еци дзубандитæй, Дигорæй дæр, Ирæй дæр ка адтæй, уони рамбурд кодта, æма бабæй Гезей æфцæгбæл рахизтæнцæ.
Загъта:
- Æз цæун æма гæни дзæхæрай мæсуги размæ мæхе банимæхсдзæнæн. Сумах ба, хор ку ’рбакæса, уæд уæхе æрбавдесетæ изолæй, уæдта фæстæмæ уæхе æрбаесдзинайтæ аууонмæ. Мæсуги къæразгæй æхсдзæнæй, æма ку расидзæ кæнайтæ, уæдта зæгъдзæнæй: «Гъи, нæ раздæхдзинайтæ, Дигорæ!» - уотæ æхебæл банвæрсдзæнæй. Мæсуги къæразгæй ку ракæса, уæд ин æз дæр, кæд Хуцау зæгъа, уæд еу ести бакæндзæнæн.
И аууон ку фæцæнцæ, уæдта, расææздахтон, зæгъгæ, мæсуги къæразгæй ракастæй, æма’й мæсуги бунæй исæхста, æма къæразгæй мæсуги бунмæ рахаудтæй. Æ гъос æма ин æ мухур (æнгулдзæ) æрбавгарста æма æрбахъæрттæй е’мбалтæмæ.
Уой ку фæййидтонцæ, уæдта æрбагургур ластонцæ æфсад Геземæ. Ниссææмпурстонцæ æма, кæмæй тарстæнцæ, уони ба цæгъдгæ никкодтонцæ. Æрсæтардтонцæ Æстур-Дигорæмæ. Сæ ессæ бесæй ци фæразтонцæ, уой дæр рахастонцæ.
Мазухъ-æлдари фидæмæ Гегки кæугæ бацудæй, æ къохæй лæхъуæн æма кизгæбæл хуæстæй, уотемæй.
- Кæд естæмæн исбæзтайтæ, уæд уе ’рцæун хуарз; кæд нецæмæн исбæзтайтæ, уæдта уæ не ’рцæун хуæздæр адтайдæ, - загъта Мазухъ-æлдари фидæ Туалта.
- Дæу фесафтан, фал уонæн ба, нæ бон ци адтæй, уой бакодтан.
- Сумах ходуйнагæй кæд не ’рцудайтæ, уæд е хуарз, уомæн ба æ адзал адтæй, ’ма рамардæй.
И лæги гъос æма ин мухур дæр бавдиста:
- Нæ марæги рамардтан, иннети ба æртардтан.
Æрсæмæцудæй æма сæ æ адæмæй дæр, гезетæй дæр фæууидта.
- Арфæ уин кæнун, уой тог дæр ка райста, фонсиконд дæр ка фæккодта. Мæ мардбæл мæ зæрдæ нæбал ресуй, фал уи корун, æма мæ хатир фæууинетæ; коргæ ба уæ уотемæй кæнун, æма, мулкæй ке’рхастайтæ, етæ фæххаир уæнтæ, адæми ба рауадзетæ.
Адæм ба загътонцæ:
- Æллæх, æллæх, дæ тæрхонбæл хъæбæр арази ан.
Дууæ гъуддагемæй дин барæ дæттæн: басæиуарæн æма лæгæй хай искæндзинан, дæуæн 6а дууæ хайи. Кæд дæ фæндуй, уæдта сæ еугурæй рауадздзинан.
- Корун, æма сæ мæ хатирæй рауадзетæ!
Уадзунбæл ку исарази æнцæ, уæд Гегки загъта:
- Сау Гезе, сумахæн барæ дæттæн: кæд Хъантемуртæн фæдгæ кæндзинайтæ, уæд уæ рауадздзинан; кæд уæ фæндуй, уæдта уæ лæггай байуардзинан.
- Гъай-гъай, арази ан! Кæндзинан, сумах нæбæл ке’вæретæ, еци фæдгæ.
Расæуагътонцæ, æма рандæнцæ æма фæдгæ кодтонцæ Гезе Хъантемуртæн.
Уалдæнги Гезетæй еу хæдзарæ Рагъимæ фæллигъдæй.
Хъантемурти Хъарадзау фæдгæ есунмæ бацудæй æма:
- Еци хӕдзарӕ кӕмий?
- Е ба Рагъимӕ фӕллигъдӕй.
Е ба бацардӕй Запарати цори. Хъантемурти Хъарадзау ниццудӕй ӕма ӕ фӕдгӕ агурдта. Запаратӕ ба загътонцӕ:
- Нӕ ратдзинан ардиги фӕдгӕ.
Уотемӕй син хъаугъа раеудагъ ӕй, ӕма фӕххилӕнцӕ. Тухӕ кӕнун ин ку райдӕдтонцӕ, уӕдта кард фелваста, еуей цӕвон, зӕгъгӕ, ӕма кард тугургъӕдӕбӕл рауадӕй. Тугургъӕдӕ дӕр фӕккарста, уӕдта, ке цавта, уой бӕрзӕй дӕр рахаун кодта. Зарӕй уотӕ'й нур:

«Гъӕй-гидӕ, Хъарадзау!
Дӕ фиццаг цӕф - тугури,
Запарай-фурти ку иссирдтайсӕ Рагъи будури!»
Уой разӕй Хъарадзау фӕндурӕй цагъта:
«Рагъи, Рагъи 'нцӕ.
Хъарадзауӕн ба хуӕруйнаг ӕнцӕ».

Гезе ӕрӕги уалӕнгӕ дӕр ма, цалдӕнги паддзах истухгин ӕй, фӕдгӕ кодтонцӕ Хъантемуртӕн.

См.: Уæдати Хъубади. Тауæрæхътæ, аргъæуттæ æма дигорон царди хабæрттæ. 2012 анз.

Возврат к списку