Фиййаути нимад
ÆССОН НИМӔДЗÆ
Аси дӕр ӕма Дигорӕ дӕр уоци нимӕдзæй нимайунцӕ. Дзурдтӕ дигорон дзурдтӕ'нцæ, фал, ӕ ном ӕссон цӕмӕн хуннуй, уой нæ зонун.
Нимайунцӕ дугӕйттӕ сӕди уӕнгӕ, уӕдта сӕйдгӕйттӕ:
Дууӕ 2
цуппар 4
ӕхсӕз 6
аст 8
дӕс 10
дууадӕс 12
цуппӕрдӕс 14
ӕхсӕрдӕс 16
ӕстдӕс 18
инсæй 20
дуу 'ма инсӕй 22
цуппар ӕма инсӕй 24
ӕхсӕз ӕма инсӕй 26
аст ӕма инсӕй 28
йартин 30
дууӕ ӕма йартин 32
цуппар ӕма йартин 34
ӕхсӕз ӕма йартин 36
аст ӕма йартин 38
цуппор 40
дуу 'ма цуппор 42
цуппар ӕма цуппор 44
ӕхсӕз ӕма цуппор 46
ӕстӕцуппор 48
финдзай 50
дууӕ 'ма финдзай 52
цуппар ӕма финдзай 54
ӕхсӕз ӕма финдзай 56
ӕстӕфиндзай 58
ӕхсей 60
дуу 'ма ӕхсей 62
цуппар ӕма ӕхсей 64
ӕхсӕз ӕма ӕхсей 66
ӕстӕ'хсей 68
æвдай 70
дууӕ ӕма ӕвдай 72
цуппар ӕма ӕвдай 74
ӕхсӕз ӕма ӕвдай 76
ӕстӕ'вдай 78
ӕстай 80
дуу 'ма ӕстай 82
цуппар ӕма ӕстай 84
ӕхсӕз ӕма ӕстай 86
ӕстӕ'стай 88
и науӕдзӕ 90
дуу 'ма науӕдзӕ 92
цуппар ӕма науӕдзӕ 94
ӕхсӕз ӕма науӕдзӕ 96
ӕстӕ науӕдзӕ 98
сӕдӕ 100
Нӕ Дигорӕ, фонси хӕццӕ кадӕр хӕтуй, етӕ 'й ӕгасӕй дӕр зонунцӕ. Ӕ нимад нӕхе ӕвзагбӕл ӕй, фал ӕй хонгӕ ба ӕссон нимӕдзӕ (нимад) хонӕн.
Асий ку адтӕн, уӕд сегасемӕй дӕр дӕснидӕр адтӕн, нӕхе ӕвзагбӕл ке 'й, уомӕ гӕсгӕ, ӕма еу уӕдта разӕгъиуонцӕ: «Дигорон лӕхъуӕни нимайун кӕнтӕ», зӕгъгӕ.
См.: Уæдати Хъубади. Тауæрæхътæ, аргъæуттæ æма дигорон царди хабæрттæ. 2012 анз.
