АЗНАУРИ КАДÆНГÆ
Таухъани фурт Ибахъ ку адтæй;
Азнаури мæгур Еунæг уод
Ка бахуардта, е ба Сау Ногъай
И бæрзæйгин Сидахъ-æлдар ку адтæй.
Азнаурæн æ уосæ ба Абайти кизгæ
И рæсугъд Кумусхан уæд ку адтæй,
Æ енцег æрвадæ ба Хъайтухъи-фурт
Хамурз-æлдар уæд ку адтæй.
Хамурз-æлдар Азнаурмæ уæд ферветуй:
«Æрцо, Азнаур, ме ’нцег æрвадæ,
Мах ба æрбатæрæн Сау Ногъай
И барзæйгин æлдар Сидахъи бæхæргъау».
Уоци хабар фегъосгæй, Азнаур
Æ уосæ Кумусхани-рæсугъдмæ бадзоруй:
«Тагъд мæ рарæвдзæ кæнæ,
Æз ба дæлæ Сау Ногъай бæхæргъау æрбатæрон».
Саурæсугъд Кумусхан дæр дин
Зонæнгин кæми н’ адтæй,
Æма ин дзиуаппæн загъта:
«Æз дæ уæд исрæвдзæ кæндзæнæн,
Æма мæнмæ мæрддзогойнæ,
Байсати Дзæнай разæй мардæгъдаугæнгæ,
Ку ’рбацæуиуонцæ
Æма сæ цæстисуг ехæврагъау мæнмæ ку хъæрта.
Æма и уæллагон думгæ сау дзигкоти
Пæскъутæ мегъи стугау ку хæсса,
Æз ба мæ уорс базгутæ пъæстугай ку тонон
Æма мæ сау дзигкотæ мартъий метау
Тъæпбилæй ку калон,
Æз ба дæ гъе уæд исрæвдзæ кæндзæнæн».
Азнаур ба ин загъта:
«Нæ-а, æз мæ уоди тасæй нæ ниллæудзæнæн!»
«Уа-нæуа дæр кæд нæ лæууис,
Уæд мæ цæгат Абайтæмæ
Сау уйрæгтæ сау хъумæцтæ
Беурæ æрластонцæ, æма дин
Сау даритæй мæ сау фæлуст
Дæ рацудмæ уæд исрæвдзæ кæндзæнæн».
Азнаур æ уоси дзурдмæ кæми байгъуста,
Бауадæй æма æ борцъух бор аласабæл
Æ сау саргъ æнгом февардта
Æма ин е ’лвасæнтæ итинг æрбалваста.
Æ уæле кæрдагæ сау хъæндзал кард æрбаста,
Е ’хсагæ хъæрæймаг топп дæр æрауигъта,
Е згъæр цæнгтæ ’ма е згъæр ходæ дæр
Æ уæле æркæнгæй, ранæхстæр æй.
Хъосбарти хедмæ ку нихъхъæрттæй,
Уæд уоми æ еунæг косæг Майрæнхъул
Æ уæргутæбæл тæрсæ ’ндзалæ тæссармæ ’ривардта
Æма уотемæй еци хедбæл æрбадтæй.
Майрæнхъул ин загъта:
«Еунæгæй мæ ку уадзис, мæгурæй.
Уа-нæуа дæр мæ кæд уадзис еунæгæй,
Уæд мæ бафæдзæхсæ Айдаболти
Дзандарæй, Дзæрæхмæтæй есгæбæл».
Азнаур ин загъта фæстæмæ дзиуаппæн:
«Гъе, хъулхъасхан, ду дæр ма мæ фингæбæл
Ку сæвардтай», - æма уотемæй, æ бæх
Ниццæфтæгæнгæй, æ еу фæрсти багæпп ласта.
Уотемæй уайун байдæдта
Æма Хъайтухътæмæ нихъхъæрттæй.
Æ борцъух бор аласай исфæсахсæн кодта
Æма æ сау нимæтæй æхе бамбарзта, - рарæхстæй.
Уæд æрбайгъал æй æма хæдзарæмæ бацудæй.
Хамурз-æлдарæн æ фун радзурдта:
«Æз аци бон фæууидтон дессаг фун, -
Мæ бæхи цуппар къахей астæуæй
Баллон берæгъ фелвæстæй
Æма мæ цъæх арцæй æрбарæхуста,
Еци фун ци уодзæнæй, уомæн неци зонун мæхецæн».
Хамурз-æлдар ин загъта дзиуаппæн:
«Нæ уоди тасæй нæбал байзайдзинан мах,
Фал цæудзинан нæ надбæл».
Ранæхстæр æнцæ ’ма цæунтæ байдæдтонцæ.
Уæд ин Азнаур загъта фæндагбæл:
«Хамурз-æлдар, мæнæ мæ рæуæг дзауматæ
Райсæ дæхецæн æнцонæн».
Хамурз-æлдар æрбайста Азнаурæй
Æ хъæрæймаг - æргъæвагæ топп,
Æ сау хъæндзал кæрдагæ кард,
Е згъæр ходæ,
Е згъæр цæнгтæ ’ма сæ æргæлста æ уæле.
Уалинмæ рахъæрттæнцæ Стур Ногъай бæстæмæ,
Æма рагъæр кодтонцæ Сау Ногъай и устур
Бæрзæйгин æлдар Сидахъи бæхæргъаубæл,
Æма сæ сæ разæй тæрунтæ байдæдтонцæ.
Уалинмæ сæ Сау Ногъай
Содзгæ фæдес сорунтæ байдæдтонцæ.
Хæстæг кæнун сæмæ ку райдæдтонцæ,
Уæд сæмæ раздæр исхъæрттæй Сидахъ-æлдар
Æма сæмæ дзоруй:
«Фæццæун уæ фæнддзæнæй,
Фал нæ фæццæудзинайтæ!»
Уотæ рæхги бастадæй Хамурз-æлдари бæх.
Азнаур имæ уæд дзоруй:
«Мæнæ хуæздæр бæхбæл ду рабадæ».
Хамурз-æлдар рабадтæй Азнаури борцъух бæхбæл
Æма ибæл, ниццæфтæгæнгæй,
Фæллигъдæй æ уоди тасæй.
Азнаур æй ралгъиста: «Мæ тæрегъæдæй дæ
Хуцау æгадæ ’лдарæй фæццæрун кæнæд
Биасланти астæу æма дин синони хай
С астæу макебал раттæд».
Азнаурæн Хамурз-æлдари аласа ку бастадæй,
Уæд загъта: «Мæнæн аци бон мæ борцъух бæх,
Мæ сау хъæндзал - кæрдагæ кард,
Мæ хъæрæймаг - æхсагæ топп,
Ме згъæр, ме згъæр ходæ,
Ме згъæр цæнгтæ мæхемæ ку адтайуонцæ,
Уæд искодтайнæ Сау Ногъайæн æносмæ
Тангъада ’ма тамаса,
Адæмæн ба æносон дессаг æма æмбесонд».
Уалинмæ ’й, Азнаури, исаййафуй Сидахъ-æлдар
Æма имæ дзоруй: «Гъой, гиаур, церкес!..
Фæццæун дæ фæнддзæнæй, уадзæг дæ ку уа, уæд!
Цæвæ, гъе нур, лæг кæд дæ, уæд!»
Азнаур имæ, е ’ргон рахатгæй, дзоруй:
«Цæмæн дæ цæвон? - Мæ борцъух аласабæл
Æз ку нæ бадун, ме ’хсагæ хъæрæймаг топп,
Мæ кереке, ме згъæр,
Ме згъæр ходæ, ме згъæр цæнгтæ
Æма мæ сау хъæндзал - кæрдагæ кард
Мæнмæ ку нæ ’нцæ».
«Мæ фидистæн, æдта æз иттæг ефтонг дæн!» -
Зæгъгæ, имæ дзоруй
И бæрзæйгин Сидахъ-æлдар
Æма ибæл исуадзуй
И бæдæйнаг хъæрæймаг топп,
Æма и налат фат исæнбæлуй
Азнаурæн æ зæрди сæри.
«Æз дæр æдта дæу фагæ ефтонг ба исуодзæнæн!» -
Азнаур имæ уотæ дзоруй фæстæмæ,
Æма ибæл æ уруссаг топп,
Фелвасгæй, исуадзуй,
Æма Сидахъ-æлдарæн
Æ тæккæ тæрнихи исæнбæлуй.
Сæ дууæ дæр бæхтæй рахаунцæ,
Æма кæрæдземæ æрхæстæг унцæ,
Æма сæ кæрæдзей фæрсунтæ райдайунцæ:
«Кæмæй æй, ка ци æй», -
Зæгъгæ, еу инней бафæрсуй,
Уалинмæ етæ дууæ æмхуæрифурти разиннунцæ,
Кæрæдзебæл кæунтæ, лæдарунтæ райдайунцæ,
Еу инней нæ зонгæй ке рамардта, уой туххæн.
«Ци дин кæнон? -
Азнаурмæ дзоруй Сидахъ-æлдар, -
Мæнæ мæ бæх уæддæр хуæздæр æй,
Æма ибæл рабадæ, цæмæй дæ
Уæддæр уæ бæстæбæл банцойнæ кæна».
Бæхбæл рабадгæй, Азнаур ранæхстæр æй.
Цæунтæ байдайуй æма бахъæртуй Лæутигъæумæ.
Лæутигъæуи дони хеди гъоси æ уодæн нæбал адтæй
Æма æ бæхæй æрфестæг æй зæнхæмæ.
Уалинмæ уæллагон думгæ разилдта сихирна.
Азнаур уой фæууингæй загъта:
«Йа уæу-уæй! Сихирна дæр ма, сæдæ цъаси уогæй,
Мæ фæрсти пæрпæргæнгæ разилдæй,
Æз ба ами, Лæути дони хеди гъоси,
М’ адзал куд фæккæндзæнæн».
Уæд уотемæй нæуæгæй бæхбæл исбадуй,
Цæунтæ байдайуй æма бахъæртуй Байсатигъæумæ,
Æ иуазæгдонæмæ бацæуй æма хъурмæ кæнун байдайуй,
Хъурмæ кæнун байдайгæй, Азнаур загъта:
«Мæ сон ка ’й, е Хъайтухътæй енцег исхæссæд, -
Баллон берæгъау æнбалхуар етæ ку 4нцæ.
Мæ сон ка ’й, Абайтæй дæр кизгæ ракорæд, -
Се ’лгъистæ ка ’й, е сау хъæндзал кардау кæрдуй».
Уотемæй ма тæрхъосдзарæй дууæ уафси бахуйун кодта
Æма иуазæгдони рацо бацогæнгæй син
Сæ дæлфæдтæ исхаун кодта.
Уой фæсте ламаздухъ æриста
Æма, Хуцаумæ баковгæй, æ уод исиста.
Кадæнгæ ракодта Салæгати Бадзай далафандурæй цæгъдгæй.
Стур Дигорæ, 1898 анз. Нийфинста Собити Инал Тотурухъи фурт.
ЦИГСÆИ-й архив, фольклор, №11, 5 п., 304 - 315 ф.
