ДЫГУРЫ ФОСЫ ТАРД
(Сфӕлдыстадон балцы ныффыстытӕй)
Ацы хъуыддаджы фӕстӕ дзӕвгар афонтӕ рацыд. Уырысы тых фӕзынди кӕмтты. Ӕрӕвӕрдтой пъырыстыфтӕ Уӕлладжыры, Дыгуры, Куырттаты, Арвыкомы, Хуссар Ирыстоны Дзауы комы. Нар ӕмӕ Мамысоны нӕма уыди уыцы тых; хицӕуттӕ ӕвӕрд нӕма бантыст уыцы ран, Тибы куы ныппырх кодтой 1839 аз, уый фӕстӕ.
Тибы ныхасы бадынц, хистӕртӕ фыдӕлты таурӕгътӕ кæнынц, кӕм фӕлӕбурдтой, кӕцæй цы рахастой, Дыгур куыд ӕрбафсӕрстой, Згъилы куыд фӕцӕйхастой; куыд схӕцыдысты Дыгуры тыхгӕнджытыл Джебетайы ӕмӕ ӕндӕр хабӕрттӕ, уырысимӕ куыд хӕцыдысты...
Ӕмӕ уӕд адӕм дзурын байдыдтой:
- Мах дæр нæ фыдӕлты истӕмӕй куы бафӕзмиккам.
Рафӕнд-бафӕнд кӕнын байдыдтой, кӕдӕм фӕцӕуой, цы бакӕной. Фӕстагмӕ сӕ фӕнд ахицӕн. Дыгурмӕ фӕлӕбурын сфӕнд кодтой.
Дыгуры фос хызтысты Хъивоны. Хабар фӕчындӕуыд Бадилатӕм ӕмӕ сӕ фос Уӕллаг коммӕ ӕртардтой. Абысалты сау фӕтӕнмӕ.
Тиб сбал кодтой ӕмӕ арвыстой Нармӕ, Зӕрӕмӕгмӕ ӕмӕ Мамысоны хъӕутӕм:
- Дыгурмӕ цӕуӕм фос тӕрынмӕ ӕмӕ нӕ хӕстӕг, не 'ввахсӕй кӕй фӕнды махимӕ рацӕуын, уый нӕм дыццӕджы Зӕрӕмӕджы суары фарсмӕ зынӕд, ӕнхъӕлмӕ уӕм кӕсдзыстӕм бон изӕрмӕ.
Фӕцыдысты, кӕдӕм арвыстой, уыцы бынӕттӕй дӕр, ӕдӕппӕт 160 лӕгмӕ 'ввахс баисты. Сӕвзӕрстой хицӕуттӕ дыууӕ лӕджы: Мурти Къадзты Тибӕй ӕмӕ Хӕмӕты Хуырымты Торбозайӕ.
Къасарайы Мыкалгабыры бын ард бахордтой, цӕмӕй ӕмзӕрдӕ, ӕнӕ сайдӕй хӕцой кӕрӕдзийыл.
Сӕ фӕндаг акодтой фӕсфӕды Цъӕйы хъӕуыл ӕмӕ рагъыл Уӕллагкоммӕ ныххызтысты. Бонасадӕн бакодтой хӕхты. Арвыстой лӕгтӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кодтаиккой фосы бынат. Фос разындысты Стыр дуры рӕбын се 'хсӕвиуаты.
Стары бал ныббырстой ӕхсӕвыгон фосгӕстӕм, змӕлын дӕр сӕ нал бауагътой, афтӕмӕй сыл рахъӕр кодтой ӕд фыййӕуттӕ, ӕд куыйтӕ Хъивоны ӕфцӕгыл. Фос уыдысты Бытуты, Абысалты ӕмӕ иннӕ Дыгуры, ӕдӕппӕт дзы уыди иу авд мин фысмӕ ӕввахс. Фос ӕхсӕвыгон тӕрын нӕ ракуымдтой. Уӕд фыдгӕнджытæ фыййӕуттӕм:
- Уӕхи ӕвзагӕй сӕм дзурут, сӕ разӕй ацӕут, намӕ уӕ цӕгъдӕм. Ӕмӕхсӕвӕджы Хъивоны ӕфцӕгӕй Зджыдмӕ ӕрбахызтысты. Уырдыгӕй сӕ Сагойы доны Нӕзыджынмӕ сыскъӕрдтой.
Дыгур райсомӕй базыдтой: фосгӕстӕй иу фыййау Мыхыл аирвӕзт ӕхсӕвы ӕмӕ фӕхабар кодта. Дыгур комвӕдис фесты. Фӕдисӕттӕ иу ран ӕрӕмбырд сты ӕмӕ уыцы хуызӕнӕй сурын байдыдтой тыхгӕнджыты.
Дыууӕ дихы фӕкодтой сӕхи стӕры бал. Иутӕ фӕдисӕттимӕ хӕцыдысты, аннӕтӕ фос скъӕрдтой.
Дыгурмӕ фӕдисы рацыдысты Зджыд ӕмӕ Садонгом.
Фос Нузалы хидыл нӕма фесты цыд, афтӕ хӕст стынг Нӕзыджыны. Фӕстагӕттӕ Нӕзыджыны ӕрурӕдтой фӕдисӕтты, цалынмӕ хидыл бахызтысты фос. Фос ӕмӕ адӕм хидыл бахызтысты. Сӕ фӕдыл стӕры бал Нузалы хид ивылд доны ныппӕрстой. Фӕдисӕттӕн доны ахизӕн нал ис, ӕмӕ Нӕзыджыны бын хъӕд сӕхи бакодтой ӕмӕ хӕцын байдыдтой уырдыгӕй. Скъӕрджытæ бахӕццӕ сты быгъдӕгмӕ. Быдасты, Нузалӕй фалдӕр иу гӕмӕх фӕзы уӕле Быдастӕ скъӕрджытæй 4 фӕмард, 12 та дзы цӕфтӕ фесты. Цӕфтӕ нал амардысты. Дыгурӕй сӕ номдзыд лӕгтӕй чи фӕцӕф, уыдон ӕрбайхъуыстысты туалтӕм: Абысалтӕй Дзаххотт ӕмӕ Гуыргъохъо, Бытитӕй хъӕбатыр Баде, стӕй Денджыз, Хъуыбадты Бимболат.
Туалтӕ фос баскъӕрдтой Зӕрӕмӕджы суары фӕзмӕ ӕмӕ сӕ уыцы ран байуӕрстой. Фыййӕутты суанг Тибмӕ бакодтой.
Дыгур хъаст байдыдтой Уырысы хицӕуттӕм. Хицӕуттӕ Гурӕй рарвыстой иу ӕлдары - пъырыстыфӕн - Бежан Херхаулидзе, цӕмӕй хицауад кӕна Туалты ӕмӕ фосы тард дӕр равзара.
Херхаулидзе рацу-бацу фӕкодта хъӕутыл: иутæ йæ иуырдӕм ардыдтой, аннӕтӕ - аннӕрдӕм. Сдзӕгъӕл лӕг, кӕрон нал ссардта хъуыддагӕн. Туалтӕ пъырыстыфӕн балхӕдтой цьӕх бӕх ӕд саргъ ӕмӕ тинтычъи тын ӕмӕ йын загътой:
- Адон с'аккаг кодтой Туалтӕ сӕ ног хицауӕн: ацы бӕхыл сбад, тынӕй исты дзаума дӕхицӕн сараз ӕмӕ сӕ нӕ дзыллӕйы номыл ӕнӕнизӕй фӕдар. Дыгуры фосы хъуыддаг кой дӕр мауал кӕн: ницыуал дзы рауайдзӕн, дон ихы бынты.
Бадилаты фӕндӕй Уырысы ӕфсӕдтӕ ныббырстой Цӕразонтӕм ӕмӕ сын сӕ мулк ныххӕлӕттаг кодтой.
ТИБЫ ФӔДИС ДЫГУРМӔ
Ацы хабӕрттӕ ӕрцыдысты, Хъырымы хан Девлет-Гирей сӕм куы 'рбафсӕрста, уӕд 1750 азы кӕнӕ уӕдмӕ хӕстӕг.
Дыгургом базыдтой, Хъырымы хан Долат-Джери сӕм хӕссынмӕ кӕй ӕрбацӕуы. Ӕмӕ Дыгуры хистӕр Хъуыбадты Тазрет фервыста фӕдис хъӕргӕнджытӕ алы рӕттӕм Ирыстоныл. Ӕмӕ ӕд ӕфсӕдтӕ ӕрбафсӕрстой Хъырымы тӕтӕр, Кӕсӕг дӕр семӕ, ӕмӕ Дыгур ӕрбадтысты ӕрбацӕуӕнты комы дымӕгмӕ.
Тиб, хабар фехъусгӕйӕ, ӕрбадтысты тӕрхоны. Раздӕр рахастой ахӕм тӕрхон, цӕуын кай хъæуы фӕдисы. Дыккаг фӕнд та уый уыди: цалӕй ацӕуай ӕмӕ чи ацӕуа? Ӕмӕ алыг кодтой: дыууӕ лӕджы цы хӕдзары ис, уымӕй иу лӕг, ӕртӕ лӕджы кӕм ис, уырдыгӕй дӕр иу лаг, цыппар лæгæй ӕртӕ, фондз ӕмӕ фылдӕр лæгтæй ӕртӕ. Мамысоны хъӕутӕм дӕр фӕдзырдтой Тиб ӕмӕ дзы акодтой хӕдзарӕн лӕг фӕдисы. Мамысоны хъӕуты сӕрӕн лӕгтӕ сӕхи барӕй цыдысты, аннӕты та ӕхсарӕй акодтой.
Фӕдисы адӕмӕн хицӕуттӕ уыдысты Къадзты Барӕта, Боциты Бӕтӕхъо. Дыгургомы адӕмы хӕцгӕйӕ ныййӕфтой Мамысоны фӕдисӕттӕ тӕтӕримӕ. Дыгурмӕ ма ныххӕццӕ сты Рацъӕй дыууæ хъæуы Хъив ӕмӕ Чъеура, сӕ хицау Луарсаб Дзапартӕй. Мамысон ӕмӕ Рацъӕй фӕстӕмӕ Дыгурмӕ иу адӕймаг дӕр нӕ фӕзынд фӕдисы. Мӕймӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты Мамысоны фӕдис, иу ӕнамонд хабар дзы не 'рцыди. Хъырымы ханы атардтой комы дымӕгӕй.
См.: Æмбалты Цоцко. Удварны хæзнатæ. 2009 аз.
