БАДИЛАТ МАМЫСОНМӔ КУЫД НЫББЫРСТОЙ
Ӕмӕ Бадилатӕ Гулӕры ӕмбырд кӕнынц лӕгӕвзӕрстӕй. Ӕрбадтысты тӕрхоны. Хистӕр равзӕрстой, ныхас кӕнынц.
- Адӕмы астӕумӕ нын ацӕуӕн нал ис, уайдзӕф, фидис нын кӕнынц, Тиб уӕ ласынц, уӕйтӕ уæ кæнынц, зӕгъгӕ. Ай бӕсты куы нӕ уӕм, уӕд бирӕ хуыздӕр у. Нӕ хӕс райсӕм Тибӕй, æмæ йӕ исгӕ дӕр афтӕ ма ракӕнӕм, фӕлӕ Тиб ӕмӕ Мамысоны адӕм дыгурон адӕймагӕн йæ рӕзты цӕуын дӕр куыд нӕ уал бауӕндой, гъе уый цын!
- Уый хорз уаид бӕргӕ, фӕлӕ йæ зæгъын ӕнцон у, йӕ бакӕнын та афтӕ ӕнцон нӕу. Тиб ӕхгӕд сты алырдыгӕй, Тиб ӕфсӕддон адӕм сты - усӕй лӕгӕй топпӕхсӕг, ӕмӕ фӕндай куы ницы самал кӕнӕм нӕ хӕс райсынӕн, уӕд та куы фӕхудинаг уӕм ноджы тынгдӕр.
- Уӕдӕ баздӕхӕм ӕмӕ ӕнцондӕр фадат цы ран уыдзӕн, уый сбӕрӕг кӕнӕм ӕмӕ фӕлӕбурӕм уыцы ран, хъӕу ӕд гӕдитӕ, ӕд мыстытӕ рахӕссӕм нӕ хӕсмӕ.
- Згъилы хъӕдӕй ӕнцондæр фадат бабырсынмӕ, фӕхӕссынмӕ нӕй, ӕфцӕггӕрон ис хибарӕй. Фӕдис нӕма фендзӕн, афтӕ йӕ Къорахы комы мидӕг фӕкӕндзыстӕм. Гулӕры ӕмбырд ацы фӕндыл сразы сты. Дыгургомы ӕфсӕдтӕ цӕй бӕрц ӕрӕмбырд хъæуы, уый сбӕлвырд кодтой ӕфсӕдтӕн фӕтӕг равзӕрстой ӕмбырды.
- Уӕдӕ ма зарӕг скӕнӕм, - загътой фӕсивӕд, - Мамысонӕй нӕ хӕс куыд исдзыстӕм.
Скодтой симды зарӕг:
Мах фӕцæуæм тых кӕнынмӕ,
Уæ уæси уæрӕйдӕ ӕмӕ си уæрӕйдӕ.
Мах Туалтӕй нӕ хӕс райсдзыстӕм,
Уæ уӕси уӕрӕйдӕ ӕмӕ си уӕрӕйдӕ.
Кард кӕмӕн нӕй - кард рахӕсдзӕн,
Уæ уӕси уæрӕйдӕ ӕмӕ си уæрӕйдӕ.
Топп кӕмӕн нæй, уый топп рахӕсдзӕн.
Уæ уӕси уæрӕйдӕ ӕмӕ си уӕрӕйдӕ.
Ус кӕмӕн нӕй - ус рахӕсдзӕн.
Уæ уӕси уæрӕйдӕ ӕмӕ си уӕрӕйдӕ.
Рахӕссут сын сӕ сывӕллӕттӕ ӕд авдӕнтӕ.
Уæ уӕси уæрӕйдӕ ӕмӕ си уӕрӕйдӕ.
Раскъӕрут сын се стуртӕ ӕд къӕлӕттӕ,
Уæ уӕси уæрӕйдӕ ӕмӕ си усӕрӕйдӕ.
Байхъуысти Дыгуры фӕнд Тибмӕ. Кӕсӕбийы фӕзмӕ ӕрӕмбырд кодтой Мамысоны хъӕуты. Ӕмӕ бауынаффӕ кодтой:
- Дыгур сӕ хӕс исынмӕ цӕудзысты, куыд фехъуыстам, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ уӕ цырд лӕууын хъæуы. Тасдӕр Згъил ӕмӕ Хълиатӕн у фӕхӕссынӕй. Мыййаг куы 'рбабырсой, ӕфсӕргӕ та кӕндзысты митагъоммӕ, уӕд-иу мӕсыджы сӕр арт скӕнут, топп ӕхсут: зондзыстӕм, фӕдис кӕй ис. Цалынмӕ Тиб ӕрбацӕуой Лисрийы хъугоммӕ, уалынмæ уæ бынатӕй ма фезмӕлут. Ацы ран ӕфсӕдты ӕмбырдгӕнӕн, нӕ тыхы ӕмбырдгӕнӕн, ӕмӕ цы кӕнӕм, уый иумӕ.
Ӕрӕгвӕззӕджы цъӕнуд афон, Дыгуры ӕфсад иу ӕхсӕв ныббырстой Згъилмӕ. Згъилы адӕм алы ӕхсӕв дӕр хуыссыдысты фидӕртты, мӕсгуыты.
Дыгуры ӕфсад дуӕрттӕ басастой, хӕдзӕрттӕм бабырстой: фос рауагътой, Сафайы быны рӕхыстӕ рафтыдтой, иуӕй-иу хӕдзӕрттыл арт бафтыдтой.
Гал аргӕвстой, ӕхсӕвӕр фыхтой сӕхицӕн, ӕлдарад кодтой хъӕубӕсты.
Дыгур мӕсыджы дуӕрттӕм бырсынц, фӕлӕ сæ хъахъхъӕнынц, нӕ сӕ уадзынц мӕсыджы бадджытӕ, бынмӕ сӕ ӕхсынц. Уӕд иу мӕсыгӕй дзырдӕуы тыхгӕнджытӕм:
- Чи дӕ, уый бӕрц ӕфсӕдтӕ кӕй фӕдыл ӕрбацыди? Хъӕу ныббырсынмæ йæ ныфс чи бахаста?
- Ӕз дӕн Хъарабӕгъаты Текъа, мӕ мад мӕ фыды стӕн, фӕлӕ ды та чи дӕ?
- Ӕз та Челдыты Бекгъа; ӕмӕ ахсӕв, Текъа, де'хсӕв у, райсом та хуыцауы куы фӕнда, уӕд мӕ бон уыдзӕн, Бекгъайы бон.
Тиб, Мамысоны хъӕутӕ, Лисрийы хъугомы ӕхсӕвӕджы с'иу сты. Фӕнд скодтой, куыд хӕцой бырсджытимӕ. Дыууӕ дихы фӕкодтой хӕцӕг адӕмы: къаддӕр - иу дыууиссӕдз лӕджы - снысан кодтой Джебетъайы рагъмӕ разы бадынмӕ, фылдӕр та - Згъилмӕ. Ӕмӕхсӕвӕджы разыбадджытӕ Джебетъайыл цӕуӕнтӕ ӕрцахстой. Аннӕтӕ боны фӕрухсмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты.
Дыгуры ӕфсӕдтӕ Згъилы басыгътой, фос аскъӕрдтой ӕд хӕрджытӕ, ӕд куыйтӕ ӕмӕ айстой боны цъӕхмӕ сӕхи. Куыддӕр фезмӕлыдысты, афтӕ фӕдис сӕ уӕлхъус абадтысты. Хӕст тыхджын кӕнын байдыдта Джебетъайы хӕтӕны. Ӕмӕ Бекга дзуры:
- Челдыты Бекгъайӕ, Текъа, адон та дын ӕфсӕдтӕ, гъе. Фыдӕлтӕй дзырдтой: хӕсты тымыгъы Бадилон лӕгтӕ бӕрӕгдӕр уыдысты сӕ дзӕхстӕй, се 'хсарӕй...
Хӕцгӕ-хӕцын кӕрӕдзимӕ бахӕццӕ сты знӕгтӕ дыууӕрдыгӕй Джебетъайы хӕтӕны. Дыгур ницы уагътой, кӕй ахастой, уыдонæй. Уалынмӕ Дыгурыл разӕйбадджытӕ Згъилдуры ӕрдыгӕй сӕхи бандзӕрстой ӕмӕ сыл хӕцынтӕ систой: Дыгур уӕд фӕтыхстысты. Текъа дзуры йӕ адӕммӕ:
- Ныууадзут фосгонд, фӕлӕ фӕстӕмӕ нӕхимӕ, чи куыд лӕг у, афтӕ.
Дыгур згъӕлын байдыдтой чысылгай. Сӕ фады варц уыди дзабыртӕ, хуалхыл ӕрчъитӕ. Дыгурӕн нал ӕнтысы хӕсты тымыгъы Джебетъайы фӕтӕн фӕсалы. Ӕмӕ та дзуры Текъа-фӕтӕг:
- Гъе, ӕнцондзурӕн ӕмӕ зынцӕуӕн Джебета, куынӕуал ӕнтысы уын размӕ. Хъуыбадты Баде фӕмард хӕсты.
Хъуыбадты Бутгъӕ дзуры:
- Ӕз на хӕдзармӕ фӕцӕуинаг нал дӕн мӕ мард ӕфсымӕры фӕстӕ. - Кард фелвӕста ӕмӕ ӕхсарӕй ацыд Мамысоны ӕфсӕдтӕм. Фараст нӕмыджы сӕмбӕлд Бутгъӕйы риуы ӕмӕ ӕфсӕдты размӕ ӕртылди.
Хӕст банцад. Дыгурӕй бирӕ аирвӕзт, бирӕ дзы цӕфтӕй. Текъа дӕр аирвӕзт цӕфтӕй. Сӕ номдзыд адӕмӕй хӕсты фӕмард Дыгурӕй аст лӕджы, аннӕтӕй цыппӕрдӕс, цыппӕрдӕс та дзы фӕци ахсты. Ахст адӕмӕй дыууӕйӕн Туалтӕ сӕ дзырд не'мбӕрстой. Ӕвӕджы уыдысты асиаг. Мард фесты Хъуыбадты Бутгъӕ, Баде, Гӕус; Хъарабӕгъатӕй Ӕмзор, Абысалтӕй Умар, Бытутӕй Елмырзӕ, Хъабантӕй Куыцык.
Мамысон ӕрӕмбырд кодтой Къубалӕджы фӕзмӕ мӕрдты, сæ быны сын фӕсал бакодтой, сæ уæлæ нымӕттӕ. Мамысоны адӕм рад скодтой ӕмӕ сӕ хъаггӕдтой: бон ӕртӕ мыггаджы, бон ӕртӕ мыггаджы. Удӕгасӕй ахстыты цыппӕрдӕсӕй Тибы хӕдзӕрттыл байуӕрстой, къуыдыртӕ сыл сӕвӕрдтой.
Дыгур алыгъдысты Къӕрӕугомыл сӕ фӕд сӕ фӕд, Хъӕдысӕрмӕ сӕ ных сарӕзтой. Куыддӕр ӕфцӕгӕй ахызтысты, афтӕ сӕ Мамысон ныууагътой.
Мамысонӕй бындз къуымӕлы нӕ бахауд - мард дзы ничи фӕци, цӕфтӕ дзы уыдис. Дыгур уырдыгӕй фӕстӕмӕ фидиссаг фесты: «Бага нӕмыг ӕмӕ фӕныкхос». Ома багасӕгъы фаджыс, фӕныкхос та - фӕныкӕй топпыхос.
Хабар айхъуыст кӕмттыл. Нары Хетӕгкатӕ Поты фӕзмӕ ӕрӕмбырд сты. Барджытӕ Тибмӕ арвыстой. Иунӕг лӕг дӕр нӕ баййӕфтой Тибы - зӕрӕдтӕ, устытӕ ӕмӕ сывӕллӕтты йеттӕмӕ. Лӕгтӕ уыдысты Згъилы. Нары бадджытӕ Згъилмӕ бацыдысты, федтой, цы 'рцыди, уый ӕмӕ аздӕхтысты сӕхимӕ.
Дыккаг хатт ӕрӕмбырд сты Поты фӕзы Хетӕджы мыггаг стырӕй-чысылӕй. Сӕ хуыздӕр лӕгты сӕвзӕрстой ӕмӕ сын бафӕдзӕхстой, Дыгур ӕмӕ Мамысоны куыд бафидауын кӕной. Сатъаты Туатӕм баиу сты Хетӕгкаты ӕвзӕрст лӕгтӕ ӕмӕ Бадилаты минӕвӕрттӕ. Фидыды хъуыддаг рӕзыдис Тибы. Сатьатӕй Тибы астӕу цыдысты Хетӕгкатӕ ӕмӕ Туатӕ. Мамысон сæ хъуыддаг бакодтой ӕртӕ лӕджы бӕрны: Джергаты Датъи, Боциты Хъаплан ӕмӕ Тогъойты Хъайтыхъы бӕрны. Ӕртӕ лӕджы ӕртӕрхон кодтой: Бадилаты Дыгур хъуамӕ бафидой Мамысонӕн уӕзданы мӕрдтӕн дӕсгай галтӕ, сау адӕмы мӕрдтӕн фӕндзгай галтӕ, ахст чи уыди, уыдонӕн та ахсты аргъ - фынддӕсгай галтӕ.
Хетӕгкатӕ ӕмӕ Туатӕ хатыдтой Мамысоны тӕрхоны лӕгтӕм:
- Мӕрдтӕй аргъ райсын ӕгъдауы нӕ цӕуы, уӕхицӕн ӕй аккаг ма скӕнут, ном уын нӕ уыдзӕн, ӕнӕуи цы бакодтат, уый бакодтат кадимӕ, рӕхджы йӕ нал байрох кӕндзысты, фӕстагӕттӕн дӕр фӕдзӕхсты, нӕ рох кӕндзысты, уæ бӕсты ӕмгӕрӕттӕ дӕр куыд нӕ уал ауайой. Стӕй мах хатыр дӕр бакӕнут, курӕг уӕ стӕм ӕгас Наргомӕй.
Хӕс кӕд агуырдтой Дыгур, уӕд ӕй бацагуырдтой Тибӕй, уыдон уыдысты хӕсджын Дыгурӕй. Фӕлӕ уартӕ нӕ комы рӕбын иу ӕнӕбон мӕгуыр лӕг дуры бын цӕры - уый цы кодта Дыгурӕн? Уый иухуызон у: кӕмӕндӕр йӕ бӕхыл йӕ бон нӕ цыди ӕмӕ йӕ саргъы надта. Цы стӕрхон кодтам, уый йæ бынаты баззайдзӕн: йӕ мардӕн кад чи кӕны, уый йæ балхӕнӕд.
Курӕм уӕ ӕмӕ нӕ хатыр бакӕнут. Ау, ӕмӕ иу куы стӕм, ӕфсымӕртӕ: рувасӕн дыууӕ стыгъды ничи кӕны, - ныццагътат сӕ ӕмӕ сын ӕгъгъӕд фод, - загътой Хетӕгкатӕ, - ӕмӕ уӕ тӕрхон аивут.
Ницы ком лӕвӕрдта Мамысон. Ӕртӕ боны хатынӕй нӕ банцадысты Хетӕгкатӕ. Куынӕуал ӕмӕ куынӕуал уагътой сӕ къӕйныхӕй Мамысоны, уӕд Датъи, Хъаплан ӕмӕ Хъайтыхъ ногай ӕркастысты тӕрхонмӕ ӕмӕ загътой:
- Уӕдӕ цӕрынӕй хӕрынмӕ Хетӕгкатӕ нӕ хӕлар адӕм, кӕд нӕм быцӕу ис ӕз хуыздӕр уоныл, уӕддӕр. Бавдӕлӕм ӕмӕ Дыгур уыдон уазӕг сӕхи кӕм бакодтой, уым бира Фосӕй бирӕгъ дӕр не 'фсӕды, - афтӕ бакӕнӕм. Уӕдӕ нӕ тӕрхон ивӕм ӕмӕ ӕндӕр тӕрхон кӕнӕм: Хъуыбадты Хъуырманы ус Азанет-ӕхсин курӕг ӕрбацӕуӕд Тибмӕ, урс гал ӕрбаласӕд Тибы Таранджелоз-дзуармӕ ӕмӕ йӕ уым ныббӕттӕд. Мамысон Азанет-ӕхсины хатырӕй ӕмӕ Хетӕгкаты хатырӕй ӕппын ӕнӕ истыйӕ ауадздзысты Дыгурӕн са мард уӕд, сӕ ахст адӕм уӕд.
- Уыцы тӕрхон уын мах зӕрдӕмӕ дӕр цӕуы, загътой Хетӕгкатӕ. Тӕрхон Хетӕгкатӕ расидтысты Бадилаты минӕвӕрттӕн.
Бадилатӕ Сатъаты Туатӕм сразы сты Мамысоны тӕрхоныл ӕмӕ Дыгурмӕ ацыдысты. Сӕхимӕ уыдон тӕрхон расидтысты.
Къорд бонты фӕстӕ Хъуыбадты разагъды Хъуырманы ус Азанет-ӕхсин Тибмӕ бацыд; урс гал ныббаста Таранджелозы бын, стӕй йӕ Тиб семӕ ахонынц, бацыд Къубалӕджы фӕзмӕ мӕрдтӕм.
Мӕрдты уӕлхъус лӕууыди Будатӕй Дӕхци, уындӕй дӕр, кондӕй дӕр уый хуызӕн рӕсугъд лӕг Зӕхх нӕ федта, фӕлӕ ӕнӕхъаруйӕ дӕр ӕмӕ лӕджыхъӕдӕй дӕр уымӕй ницӕйагдӕр Мамысоны ком нӕ федта, хӕсты ӕмгӕрӕтты дӕр нӕ ацыд.
Мамысон сарӕзтой нӕртон арӕзт Дӕхцийы. Хуыздӕр дарӕстӕй йыл скодтой, хуыздӕр хӕцӕнгӕрзтӕй йыл ӕрбастой. Мӕрдты уӕлхъус схъӕлӕй рацу-бацу кӕны Будаты Дӕхци.
Азанет-ӕхсин ӕмӕ Дыгуры устытӕ фӕцæуынц кӕугӕ мӕрдтӕм; Азанет-ӕхсин байдыдта хъарӕг, - йӕ дыууæ лӕппуйы фӕмард сты хӕсты:
- Ме стыр тых, ме стыр ныфс Бадилаты астӕу туаллаг нӕмыгӕй иу бон ӕрбайсӕфти. Уӕй-йа, мӕ бон, уӕу мӕ мӕгуыр бон! Мӕ бон ӕмӕ бирӕ мӕ хуызӕтты бон!
Кӕд уӕ ахӕм лӕг амардта, йе'хсӕвхуыссӕн йӕ бондарӕс кӕмӕн у! Кӕд уӕ ахӕм лӕг амардта, йӕ ус ӕнӕхсадӕй кӕрдзын кӕмӕн кӕны.
Кӕд уӕ ахӕм лӕг амардта, йӕ ус йӕ гуыдын йӕ агъды фарсыл кӕмӕн мӕрзы.
Ӕрынцад кӕуынӕй Азанет-ӕхсин ӕмӕ дзуры Мамысоны адӕммӕ:
- Ме'дзард лӕппуты марджытӕй мын иу равдисут.
Цӕмӕн дӕ хъӕуы! Куы йӕ фенай, уӕд дӕ зӕрдӕ фӕрисдзӕн. Иу лӕджы къухӕй бацыдысты мӕрдты бӕстӕм. Курын уӕ, ӕмӕ мын ӕй равдисут, уӕлдай мын нал у, цы фӕдӕн, уый фӕдӕн.
Будаты Дӕхцимӕ йын бацамонынц:
- Уӕртӕ уый у дӕ фыртты марӕг.
- Мæ зæрдæ иучысыл ӕрынцад, — загъта Азанет-ӕхсин, - сӕ адзал искӕй къухӕй кӕм ӕрцыд, уым уӕддӕр сӕ ӕгайттма лӕджы хуызӕн лӕг амардта; уый ӕлдар куы у ӕлдар. Арфӕ ракодтой Дыгур Мамысонӕн, тынг арфӕ ракодтой Хетӕгкатӕн ӕмӕ уый адыл Къубалӕджы фӕзӕй рацыдысты ӕд мӕрдтӕ Дыгур ӕмӕ иннӕ адӕм. Хетӕгкатӕ Нузалмӕ фӕцыдысты Дыгуримӕ, стӕй аздӕхтысты сӕхимӕ.
См.: Æмбалты Цоцко. Удварны хæзнатæ. 2009 аз.
