Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Таурæхътæ

Таурæхътæ

Таурæхътæ

Дыгур Къӕмынты куыд ӕрцардысты

Уыди ӕртӕ ӕфсымӕры: Суан, Ос ӕмӕ Картыл. Картыл цӕргӕйӕ баззад сӕ бӕстӕйы, ӕмӕ гуырдзы уымӕй равзӕрдысты. Суан ацыд ӕмӕ ӕрцард, ныр Суанты бӕстӕ кӕй хонынц, уым, - бӕстӕ дӕр уый номыл баззад. Ӕртыккаг ӕфсымӕр Ос ӕрцард Уӕлладжыры комы, ир та уымӕй рацыдысты.

Осы хистӕр фырт ацыд Дыгурмӕ ӕмӕ уым ӕрцард. Цот ын рацыд, ӕмӕ йӕ фӕдонтӕй уыд дыууӕ ӕфсымӕры - хистӕр Хуытджер, кӕстӕр та Дзынга. Хуытджер ӕрцард Къаритины хохыл. Уымӕн йæ фырт уыди Челбагон, Челбагоны фырттӕ Къӕмы- нон-Насыр. Насыр ӕрцард, ныр Къӕмынты хъӕу кӕм ис, уыцы ран, ӕмӕ хъӕу уый ном хӕссы.
Иу ахӕм куы уыди, уӕд Уӕлладжыры комӕй ӕфсад рацыд ӕмӕ Къӕмынтыл ӕрхъула кодта. Ныр аргъуан кӕм ис, уымӕ ӕввахс къуылдымыл мӕсыг уыд, ӕмӕ адӕм уым бацыдысты. Знаг сæ ракасын куы нал уагъта, уӕд къӕмынтӕ иу хин ӕрхъуыды кодтой. Мӕсыгмӕ цы хид арӕзт уыд, уый могортӕ балыг кодтой, сæхӕдӕг ӕхсын ныууагътой, цӕмӕй знаг ӕнхъӕла, нӕмыг сӕм нал и, зӕгъгӕ. Куыд сфӕнд кодтой, афтӕ рауад хъуыддаг. Ӕфсад мӕсыгыл сӕхи ныццӕвынмӕ хъавыдысты, хид сӕ быны ныккалд, ӕмӕ уыйадыл фесӕфтысты.
Къӕмынонӕн уыд фырт Тобой. Уый рӕстӕджы хъӕу фӕуӕрӕхдӕр. Цӕгатырдыгӕй цы хох ис, уый сӕр гӕнах сарӕзта, йӕ цот куы сбирӕ сты, уӕд уыдон та мӕсыг самадтой, скæсӕнырдыгӕй цы рагъ ис, ууыл. Мӕсыг ныр дӕр ӕнӕхъӕн у, уымӕй рагондар бӕстыхай нӕй ӕгас Къӕмынты. Ныр дзы цӕры иу лӕг Дзылыхты мыггагӕй.
Фыдӕлтӕ куыд дзырдтой, афтӕмӕй Уӕлладжыры тыхгӕнджытӕ аразын нӕ уагътой уыцы мӕсыг. Бон-иу цы самадтой къӕмынтӕ, уый та-иу уыдон ӕхсӕвы ракалдтой. Мӕсыг аразгӕ та кодта Гог, Тобойы фырт. Ӕппынфӕстаг мӕсыг сырӕзт, фӕлӕ уӕдмӕ Гог ӕмӕ йӕ ус базӕронд сты. Уыдонӕн зӕнӕг нæ цыд. Иу хатт куы уыд, уӕд Гогӕн йӕ усы мад сыхаг хъæуæй сæхимӕ ӕрбацӕйцыд. Кӕсы, ӕмӕ мӕсыджы сӕр хӕйрӕджытæ хъазт сарӕзтой. Кафынц ӕмӕ зарынц: «Гогӕн рӕхджы лӕппу гуырдзӕн, уымӕн йæ ном Бӕтӕ хуындзӕн, Ӕфсати йӕ хӕлар уыдзӕн». Уалынмæ сæ дзырд ӕрцыд. Усӕн лӕппу райгуырд, ӕмӕ йыл йе стыр мад ном сӕвӕрдта Бӕтӕ. Лӕппу рахъомыл, сси номдзыд цуанон мардта хъӕддаг галтӕ, дзӕбидыртӕ, сагтӕ, тускъатӕ (хъӕддаг хуытӕ), маргъ ын нӕ ирвӕзт.
Бӕтӕйы фырт уыди Ног. Уый заманы та Уӕлладжырӕй ӕрбабырстой ӕмӕ ӕртыхстысты Гогы мӕсыгыл. Уыдонæй иутӕ бӕхджын уыдысты, иннӕтӕ - фистӕг. Барджыты раздзог уыд Асыныхъ, Цӕлыччы фырт. Бӕхджынтӕ цыдысты дон-дон, фистӕг адӕм та уӕлбылты. Мӕсыгмӕ куы баввахс сты, уӕд сӕм Асыныхъ бахъӕр кодта:
- Уӕхи дзӕгъӕлы ӕмбӕхсут нал уын ис ирвӕзӕн! Лӕгты цæгъдгæ кӕндзыстӕм, уӕ устыты ӕмӕ уын уӕ сывӕллӕтты та хæдӕттæ ӕмӕ хӕлӕфтыл ивдзыстӕм.
Уӕд ӕм Ног мӕсыджы сӕрӕй радзуры:
- Сау уӕлладжырон! Цалынмӕ нӕ хъримӕгтӕ ӕхстӕввонг уой, уæдмæ нӕ ницы ахӕсдзынӕ.
Фехста Ног Асыныхъы, ӕмӕ нӕмыг йӕ рахиз уӕрагыл сӕмбӕлд. Афтӕмӕй Асыныхъ цӕфӕй ацыд йӕ фистӕг адӕммӕ. Уыдонæй йын иу знаг уыди, йӕ усыл æй ӕнӕууӕнк кодта. Асыныхъы цӕфæй куы федта, уӕд ӕм дзуры:
- Дыгур уазӕгыл хорз узӕлынц: сырх зӕлдагӕй дын хорз уӕрагбӕттӕн радтой!
Уӕд ын Асыныхъ афтӕ зӕгъы:
- Гъей, куыдзы хъӕвдын! Дӕ бон мын цы нӕ уыд, уый мын да цæстæй федтай.
Цӕлыччы фырт ӕмӕ йӕ цӕфыл ныр дӕр ма зарджытӕ кӕнынц.
Хуытджеры ӕфсымӕр Дзынга ӕрцард дӕллаг хохыл, Къӕмынты фале, ӕмӕ уыцы цӕрӕнуатыл баззад йӕ ном - Дзынгагъӕу.
Дзынгайы ус Ӕлди уыди йӕ тиу Хуытджеры хӕзгул. Уый тыххӕй та ахӕм хабар баззад. Иу ахӕмы, Дзынга дард балцы куы уыд, уӕд Ӕлди ӕнхъӕлмӕ каст йӕ хӕзгулмӕ. Йӕ цӕстытӕ йӕм ныуурс сты, уæддæр уый нӕ зыны ӕмӕ нӕй. Уӕд ус фырмӕстӕй хуырхдон нуазын байдыдта, афтӕ бирӕ дзы банызта, ӕмӕ тъӕппытӕ ахаудта. Уый фӕстӕ Дзынга ӕндӕр ус ӕрхаста ӕмӕ, раздӕр Зуайатӕ кӕм цардысты, уыцы къуылдыммӕ алыгъд.
Дзынгайӕн уыд фырт - Бидзга, уый фырт та уыд Уалиа. Ныр Дзынгайы байзӕддаг сты Байсӕнгъуырты мыггаг, Хуытджеры цот та - Тобойтӕ.


Хъайтыхъы-фырт Сар-Аслӕнбег

Уӕд, зӕгъы, Хайтыхътӕ бирӕ мыггаг уыдысты, фӕлӕ фӕмардысты емынӕйӕ. Иу чындз ма сӕ баззад - уый уыд сывӕрджын. Иу ӕхсӕв куы ‘рбон, уӕд загъта:
- Иу фын федтон, ӕмӕ йӕ чи ссара?
Адӕм нынкъард сты. Уӕд иу лӕг загъта:
- Уӕдӕ нӕ уӕле иу зӕронд ус Госӕнагъуӕ, зæгъгæ, уый бафӕрс. Ӕрхуыдтой Госӕнагъуӕйы. Зӕронд ус фӕрсы чындзы:
- Цӕмӕн мӕ ӕрхонын кодтай?
Чындз загъта:
- Ӕвгъӕды бадтӕн мӕ фыны ӕмӕ судзгӕ ӕхсидав ныззадтӕн. Ӕхсидав дунетыл ӕрзылд, стӕй иу бӕрзонд былыл ныххуыссыд.
Зӕронд ус бахудти:
- Уый ӕргом фын куы у: лӕппу дын райгуырдзӕн, уыдзӕн дунеты хицау, фӕлӕ фӕзындзӕн гуырд - уый дæ фыртӕй уыдзӕн лӕгдӕр ӕмӕ дын ыл фӕуӕлахиз уыдзӕн. Фӕлӕ дын дӕ фыртыл рагацау ном ӕвӕрын: «Сар-Аслӕнбег».
Ӕцӕг райгуырд чындзӕн фырт Сар-Аслӕнбег. Уый сси номдзыд, айхъуыст дунетыл йӕ кой. Хатти дӕс барӕгимӕ. Иу хатт загъта:
- Гумади, зӕгъгӕ, иу бӕстӕ хонынц Ӕссон зӕхх, ӕмæ йæ хъуамӕ фенон.
Сар-Аслӕнбег ацыд та балцы. Ӕссон хъӕу Гумадимӕ хӕстӕг ӕрӕнцад. Уӕд иу хатт цуаны ссыди, фӕлӕ фӕстӕмӕ раздӕхгæйæ йæ бынат нал ардта. Уӕд кӕцӕйдӕр фыййауы зарын фехъуыста. Бацыди фыййӕуттӕм. Ӕрфысым кодта. Кусарт ын акодтой. Уыцы ‘хсӕв хохӕй рацыд фыййӕуттӕм дыууӕ лӕджы. Фыййӕуттӕ сӕ хибарӕй бафарстой:
- Цы хабар ис ногӕй?
- Ницы хабар, - загъта сæ иу. - Сар-Аслӕнбег, зӕгъгæ, равзӕрди иу лӕг, номдзыд, ӕмӕ, дам, ӕрбацӕуы ацырдӕм.
Уӕд чысыл лӕппу фӕгӕпп ласта къуымӕй:
- Куы ‘рбацӕуа, уӕддӕр ын ницы бантысдзӕн. Лӕппуйыл зӕронд лӕг фӕхъӕр кодта:
- Ӕнцад, хъӕсты низ дӕ бахӕра, мацы дзур! Фӕлӕ иннӕтӕ загътой:
- Уадз æй æмæ дзура.
Лӕппу дзурын байдыдта:
- Куы ‘рбацӕуа, уӕддӕр саст ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ йын ам зонгæтæ нæй.
Сар-Аслӕнбег, кӕсгон уӕвгӕйӕ, хорз зыдта ӕссон ӕвзаг; хорз фӕхъуыста ныхӕстӕм, стӕй райсомӕй йе 'фсадмӕ араст.
- Цомут!
- Ау, куыд тагъд у?!
- Ам дыгуронау чи зоны, ахӕм нӕй?
Уӕд иу рахызти ӕмӕ загъта:
- Ам ахӕм нӕй, фӕлӕ ӕз зонын Сӕлсыхъо, зӕгъгæ, ахӕм лӕджы, - æмæ сæ йæ фӕдыл ракодта. Ӕртӕ боны фӕстӕ сæ Сӕлсыхъо бакодта Хъарадзауты Сафар-Алимӕ. Сафар-Алийӕн Ассыйы уыди лымӕнтӕ, ӕмӕ сӕ уырдӕм акодта иу хъӕздыг Мыргаз-Алимӕ. Сар-Аслӕнбег ӕмӕ Мыртаз-Али сарӕзтой сӕхицӕй дыууӕ ӕрдхорды. Раздӕхт Сары-фырт, ус ӕрхаста, ӕрхуыдта йӕ лымӕнты алы бӕстӕтӕй. Сары-фырт йӕ усы дардта хорз. Уыдис ӕм дыууӕ галы ӕмӕ сӕ Сафар-Алийӕн Дыгургомы Тӕторсмӕ фӕтӕрын кодта снард кӕнынмӕ. Алы майрӕмбоны дӕр сын хаста Сафар-Али цӕхх заргӕ. Уӕд ӕй Дыгургомы цӕрӕг Хъаныхъты Есен федта ӕмӕ йӕм хӕтӕлӕй ныууасыд: «Иннӕ Майрӕмбоны сӕ ам нал фендзынӕ».
Есен галты ӕртардта ӕмӕ сӕ аргӕвста. Се ‘взист сыкъатӕ сын дуарыл бакодта.
Сафар-Али Сары-фыртмӕ арвыста хабар, галты чидӕр аргӕвста, зӕгъгæ. Сары-фырт бацыд Дыгургоммӕ. Ӕрӕнцад Задӕлескы бын. Ӕфсады бӕхтӕ ӕхсӕв-бонмӕ кӕй фӕлыдтой, уымæй ӕрзади хъӕддаг кӕрдо бӕлӕстӕ. (Бӕхтӕ уый размӕ Кеты хъӕуы бахордтой кӕрдо бӕлӕсты дыргъ.)
Райсомӕй Сары-фырт базыдта, галты Хъаныхъты Есен кай бахордта, уый.

- Цурд лӕууӕ дӕ карди хӕццæ,
Ӕз фӕццӕун ӕфсади хӕццæ, -

базарыд Сары-фырт.
Есен хабар базыдта ӕмӕ сӕм ӕндӕр дарӕсы ӕрцыди.
- Ӕгас цӕут!
Сары-фырт радта салам. Тӕлмац сын фӕлӕууыди иу кӕсгон, Сафсухъ, зæгъгæ, ӕмӕ загъта Сары-фырты ныхӕстӕ тӕлмацгондæй:
- Есен мын мӕ галтӕ бахордта, ӕмӕ йæ хъуамӕ амарон. Къорд рӕстӕджы фӕстӕ кӕсӕг сӕхи афӕлварыны тыххӕй сарӕзтой мысан ӕмӕ йӕ ӕхстой, фӕлӕ йӕ не ‘ргъӕвтой. Сӕ дӕсныдӕр ӕхсджытӕ Хъуыдайнат Цъыкк ӕмӕ Мудӕгъуакъӕ Тамби дар фӕсыкк сты. Уӕд ӕрдын Есен райста ӕмӕ иуварс ацыд. Ӕнӕ бахъавгӕйӕ фехста, ӕмӕ мысан ӕрхауд. Афтӕ фехста ӕртӕ хатты.
Кӕсӕг фӕдис кодтой:
- Ай Есены йӕхӕдӕг дӕр амардзӕн.
Есен загъта:
- Есен хӕтынмӕ уыд, ӕмӕ йӕ ӕз абӕрӕг кӕнон.
Ацыд, Ӕртӕ бонмӕ сӕм нал фӕзынд, стӕй сӕм рарвыста фынг бӕгӕныимӕ.
Кӕсӕг куы анызтой, уӕд загътой:
- Ай нӕхимӕ махсымӕйӕ хуыздӕр куы у.
Уый Сарӕн фӕхъыг:
- Ау, куыд у махсымӕйӕ хуыздӕр?
Сары-фырт бӕгӕныйӕ фыдӕнӕн бирӕ банызта ӕмӕ бафынӕй. Есен йæ адӕмӕн загъта Сары-фырты хабар. Схызт йӕ мӕсыгмӕ. Райсомӕй Сары-фырт пысунӕмӕ хъуывгъанимӕ куыд рацӕйдыд, афтӕ йӕ Есен федта. Фат фӕцарӕзта ӕмӕ йе 'мбӕлттӕм дзуры:
- Маргӕ йæ акӕнон ӕви тӕрсын?
Маргӕ нæ, фӕлӕ тӕрсын, - загътой адӕм.
Есен фехста, æмæ хъуывгъан Сары-фырты къухӕй фӕхауд. Сары-фырт фӕтарст.
- Ӕллӕх, арв цы хъӕр кӕны! - ӕмӕ иуварс алыгъд. Загъта ма: - Уый Есены ӕхсты хуызӕн у.
Арвыста Есенмӕ, ӕмӕ йӕм уӕд ӕргомӕй бацыд ӕрчъиты æмæ æфсӕйнаг лӕдзӕгимӕ.
- Ӕгас цу!
Кӕсӕг салам радтой. Фӕрсынц æй:
- Ацы ладзӕг дын цы у? Дӕ къӕхтыл уыдон цы сты?
Есен загъта:
- Хӕхты цӕрын ӕмӕ фӕбырынӕй тӕрсын: уый тыххæй сæ
рахастон.
Чысыл рӕстӕджы фӕстӕ бӕхыл хъазт бацайдагъ. Есен йӕ чысыл бӕх ӕрнадта. Фыццагдӕр ахъазын кодта кӕсгон Джамботты, æмæ йæ бӕх Есены мӕсыджы цур балӕууын кодта. Дыгур ладжы нал рауагътой. Афтӕмӕй бӕх ӕртӕ лӕджы аскъӕфта. Уый фӕстӕ Есен йӕхӕдӕг хъазын райдыдта. Ахӕм дӕсны хъазт кӕсӕг нӕма федтой. Есен хъазгӕ-хъазын мӕсыгмӕ сфардӕг. Уый фӕстӕ Есен акодта кусарт ӕмӕ сын ӕй бӕгӕныимӕ ӕрӕрвыста. Сары-фырт та Есенмӕ арвыста:

- Кӕд нын да фынг хӕлар кӕныс, уӕд дӕхӕдӕг дӕр рацу. Ӕрцыд та Есен ӕмӕ фынгыл ныззарыд:

- Мисиргони сӕрбӕл цъӕх цӕргӕс ку ниббадтӕй,
«Усси» ин зӕгъӕн, ӕма тӕхгӕ ку нӕ кӕнуй.
«Дзицци» зӕгъӕн, ӕма цӕугӕ ку нӕ кӕнуй.
Райхонетӕ, мах ба ин бахуӕрун кӕнӕн
«Хулуйдзаг кӕрдзин» муди хӕццӕ.
Уой кӕд нæ комуй, уæд та ин хъӕбӕр кӕрдзин фиди хӕццæ...
Нӕхуæдта ба 'й бакӕнӕн Хъозити скъӕти хути хӕццæ,
Нӕхуӕдта ба ин сехуарӕн бахуӕрун кӕнӕн уорс дзол муди хӕццӕ,
Нӕхуӕдтӕ ба ‘й - рарветдзинан устур фуди хӕццӕ.

Ацы зарӕг Сармӕ хорз фӕкасти, ӕмӕ йын ӕй дыууӕ хатты азарын кодта.
Уый фӕстӕ Есен арфӕ ракодта. Ацыд ӕмӕ, бӕх цы лӕгты аскъӕфта, уыдоны рарвыста ног цухъхъатимӕ. Сары-фырт тӕрсын байдыдта ӕмӕ афардӕг ӕндӕр фӕндагыл.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ кӕсӕг Дыгурмӕ сæ къах дӕр нал бавӕрдтой, Есен та алыгъди Туркмӕ...

См.: Джыккайты Шамил. Ирон таурæгътæ. 2014 аз.

Возврат к списку