Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Сабийтӕн

Сабийтӕн

Сабийтӕн

Темирати Мурат

Нӕ сабийтӕ - нӕ исон


БӔЛӔУ

Фӕттӕхӕ, фӕззелӕ
Нӕ бӕстӕ, нӕ гъӕу.
Уарзунцӕ дӕу берӕ
Дуйнебӕл, бӕлӕу!
Уа цӕмӕй дзиллитӕн
Тугъди кой ӕлгъист,
Уа цӕмӕй сабийтӕн
Сӕ фарнӕ ӕхсист.
Ӕрзелӕ, фӕууинӕ
Адӕмтӕн сӕ цард;
Уа цӕмӕй сӕ цинӕ
Идзулд, ӕнӕнкъард.
Фӕттӕхӕ, ӕрзелӕ
Дуйнебӕл фӕрнуг.
Адӕмӕн сӕ цъелӕ
Куд цӕра гъӕздуг.


САГ

«Мӕнӕ дес ӕма тӕмӕс!
Ци уинун мӕ размӕ ӕз?»

Малити Г.

«Мӕнӕ дес ӕма тӕмӕс!
Ци уинун мӕ размӕ ӕз?»
Гал ӕй гъог ӕй, ӕви бӕх,
Уой не ’взарун ӕз дзӕбӕх.
Мадта фур ӕй ӕви цӕу,
Гъе уобӕл фӕрсун ӕз дӕу?
Ӕ сӕрастӕуи ку ес
Ӕнӕгъӕнӕ сиу курес.
Фал мӕнгӕттӕ кӕд нӕ уон,
Уӕд е саг ӕй сӕдсиуон…


УАСÆНГÆ
Басня

Рацудӕй уасӕнгӕ еу бон
Нӕ каркӕн зӕгъунмӕ хуӕрзбон,
Ӕ гопп исӕргъувгӕй уӕлиау,
Ӕ каркмӕ дзоруй е лӕгау:

- Берӕ ’нцӕ дӕ цъеутӕ ӕгӕр
Се ’стуфмӕ фӕззелуй мӕ сӕр!
Гъе нур дин зӕгъун ӕз ӕргом:
Абонӕй фӕстӕмӕ хуӕрзбон!..


ПИЛ

Ӕфсӕнбауӕр, ӕнӕкӕрцӕ,
Ӕй дӕ хъаурӕ ӕнӕбӕрцӕ.
Хонхи фахсау дӕ еугур -
Ӕнӕбӕрзӕй, ӕнӕхъур, -
Иливд гъунӕй, думӕгӕй -
Куд нӕ тӕрсис зумӕгӕй?


БОЛӔМӔРГЪӔ

Зӕллангдӕр дӕу хъурӕй
Ку нӕййес ӕппун.
Ци хузи фӕндурӕй
Нӕ зонис цӕгъдун?
Ӕртӕхӕ мӕ цормӕ,
Ӕркӕнӕ дӕ зар.
Фӕссорӕ изолмӕ
Мӕ сагъӕс, мӕ тар.


ПЪИСМО ӔФСАДӔЙ

Ӕз гъӕуай кӕнун нӕ Бӕстӕ…
Кӕд цифӕнди изол дӕн,
Уӕддӕр зонӕ уой, мӕ цӕстӕ,
Дӕ кой адгин ӕй зӕрдӕн.
Хаттӕй хатт мин кӕд нӕ фæууй
Ниффинсӕн дӕр хузӕнӕн,
Уӕддӕр, зонӕ, некӕд гъӕуй
Ӕфсӕддонӕн фудӕнӕн.


РОБАС

Налат, фӕливд ӕй робас
Цӕруй сирддӕй дӕр еувӕрс.
Уарзуй карки фид - мӕнгард,
Фал ӕй миститӕй ӕ цард…


ЗӔРБАТУГ

Кӕм хӕтыс зымӕг.

Къоста

Зӕрбатуг, ци фӕндтӕ,
Сагелӕ думӕг?!

Ӕнӕ дӕу нӕ кӕмттӕ
Нӕ ’нцӕ игъӕлдзӕг.
Хъӕдавӕ - дӕ дарӕс,
Сӕнторс - дӕлахъур!
Амондбӕл низзарӕ,
Амонди фӕндур!

* * *
Базон-базон разӕй-раздӕр,
Цӕ фӕззинуй алли анз дӕр?
- Гурдзиаг бали, гурдзиаг бали!

Дӕ зӕрдӕбӕл куд нӕ дари?
Нӕ уалдзӕгӕн е ’ригъали,
Ку фӕззинуй еци бали?


АХУРДЗАУ

Ахур кӕнӕ ду де ’цӕгтӕй,
Ес дин равгӕ ма гӕнӕн.
Дуйней царди рохс дессӕгтӕй -
Ӕй идзаг де ’сон дӕуӕн.
Нӕ фиддӕлтау ӕнӕбӕрцӕ,
Нӕ косдзӕнӕ фӕрӕтӕй,
Ма дӕ фиди ӕскъуд кӕрцӕ
Не ’ййевдзӕнӕ курӕтӕй.

Возврат к списку