Сугъзæрийнæ изгæ нæ кæнуй
Мӕ фидӕ Гугъойӕй арах фегъосинӕ: сугъзӕрийнӕ, дан, цифӕндуй бурӕнттӕмӕ ку рагӕлдзай, цаӕйбӕрцӕфӕндий си фӕууӕд, уӕддӕр не 'сизгæ уодзӕнӕй, еци ирдӕй, тӕмӕнтӕ калгӕ зиндзӕнӕй. Еци адӕмон ӕмбесонд арӕх ӕрлӕууй мӕ зӕрдӕбӕл, уота мӕмӕ фӕккӕсуй, цума еци зундгин загъд комкоммӕ нӕ ирд стъалу, нӕ дигорон литератури астӕуккаг цӕгиндзӕ, ӕдзард Малити Геуӕргий туххӕй ӕй. Геуӕргий алӕмӕти искуринадӕ, уой исфӕлдистадӕ бундоронӕй исбӕрӕг кӕнун мӕн бон не содзӕнӕй, уӕхӕн зунд, уӕхӕн хъаурӕ Хуцау кӕмӕн дӕдтуй, еци устур гъуддаг мӕхемӕ нӕ есун. Ми фӕндуй радзорун, Дигори коми цӕрӕг адӕмӕн сӕ зӕрдитӕмӕ куд хӕстӕг адтӕй, куд ӕпӕбӕрцӕ берӕ ин уарзтонцӕ ӕ алӕмӕти ӕмдзӕвгитӕ, кадӕнгитӕ. Ӕз мӕхуӕдӕг райгурдтӕн ӕма ирӕзтӕн Дигоргоми Къамати гъӕуи, цуппӕрӕймаг къласмӕ цудтӕн Мӕхчески авданзон скъоламӕ. Мӕ сабийн бонти берӕ бауарзтон литературӕ. Мӕ фидӕ хуарз зонгӕ адтӕй Геуӕргий хӕццӕ, ӕвӕдзи ӕнгӕрттӕ адтайонцӕ, уӕдта нин хӕстӕг дӕр ӕййафта.
Еу хатт мӕ фидӕ Чиколайӕй ӕрбацудӕй, ӕ медбилти фӕлмӕн бахудтӕй ӕма загъта:
- Биццеу, ӕноси мин кӕбӕл лигъстӕ кӕнисӕ, е къохи бафтудӕй. Ӕрбахастон дин Малити Геуӕргий киунугӕ «Ирӕф», гъе нур дӕ лӕгигъӕдӕ ӕма дӕхуӕдӕг. Мах бон уоййасӕ кӕсун нӕй, ма нин ӕй ду бааргъауӕ, лӕмбунӕг дӕма ка игъоса, е ба мах.
Мӕнӕн мӕ цийнӕн кӕрон нӕбал адтӕй, мӕхецӕй хъалдӕр, зӕнхи цъарӕбӕл некебал ӕнгъӕл адтан. Мӕ дуйнемӕ ци киунугӕмӕ фӕббӕлдтӕн, е мӕ къохи бафтудӕй. Кастӕн ӕй ӕхсæвæй-бонӕй. Ӕхсӕвӕ 'й нивӕрзӕн байвӕринӕ, ку мин фесӕфа, есге мин æй ку радава, зӕгъгӕ, уомӕй тӕрсгӕй. Скъолайӕй ку иссӕуинӕ, фонси гъудтӕ ку бакӕнинӕ, уӕд нӕ гъӕуи хестӕртӕ: Хохти Хъайтухъ, Кермен, Таймураз, Михал, Байхъулти Фацбай, Дзандар, Тазе, Гадати Нӕуӕг, уӕдта нӕхе бийнонтӕ нӕ хӕдзари тумугъӕй ӕрбадионцӕ, ӕз син цъилингай фӕлорс рохсмӕ кӕсун байдаинӕ Геуӕргий алӕмӕти кадӕнгитӕ ӕма ӕмдзӕвгитӕ, ке ранимадтон етӕ еугурӕй дӕр гъостӕ фестионцӕ, хъипп-сипп си некӕд фегъустайдӕ. Сӕ зӕрдӕмӕ уотӕ арф хизтӕнцӕ, уомӕн ӕма Геуӕргиӕн ӕ еугур сфӕлдистадӕ дӕр адтӕй цардӕй ист, ӕвдиста хуӕнхаг мӕгур адӕми цард, сӕ берӕ гъезӕмӕрттӕ, багъӕуаги бони сӕ лӕгдзийнадӕ ӕма бӕгъатӕрдзийнадӕ, сӕ дессаг æгъдау ӕма ӕфсӕрмидзийнадӕ. Уӕлдай хъӕбӕрдӕр сӕ зӕрдӕмӕ цудӕй Дзандзирахъи кадӕнгӕ, али изӕр дӕр мин ӕй нӕуӕгӕй бакӕсун кӕнионцӕ. Æвӕдзи гъе хумӕтӕги на 'дтӕй, еуемӕй Дзандзирахъ адтӕй, нӕхе Къамати донбӕл ка райгурдӕй, ка исгъомбӕл ӕй, ӕгас Дигоргоми ӕ хуарзи кой кӕмӕн игъустӕй, ӕма есге ардуд, есге лазӕй, ӕ сӕрӕн неци зонгӕй ка бабун ӕй. Иннемӕй ба аци кадӕнги ес устур философон гъуди.
Ӕрӕмбурдӕнцӕ абони, ӕвдӕймаг сабат Къаматӕ, уотӕ райдайуй ӕмдзӕвгӕ. Ӕвдӕймаг сабат, гъома, ку, базудтонцӕ гъӕуи цӕргутӕ, сӕ разагъди кизгӕ кедӕр бӕлахӕй ӕверхъауӕй фесавдӕй, уӕд цалинмӕ фудгӕнӕг исбӕрӕг ӕй, байзудтонцӕ, уӕдмӕ 'й нӕ ниууагътонцӕ. «Сах лӕуунцӕ и кӕстӕртӕ, сӕ фур мӕстӕй ниттелунцӕ сӕ хъӕматӕ». Гъе уобӕл дзорӕг ӕй ӕма гъӕуама уӕхӕн ӕверхъау цау мабал ӕрцудайдӕ ӕнӕгъӕнӕ тъӕпӕн Дигоргоми, алке дӕр федарӕй зудтайдӕ, ести ӕнӕгъдау, тӕрегъӕддаг гъуддаг ку бакодтайдӕ, уӕд ӕй ке багъудайдӕ Къундзай-фурти фӕстаг цӕмӕ ӕрцудӕй, уӕхӕн тӕрхонмӕ цӕун. Дзандзирахъи туххӕй ма дӕлдӕр зӕгъдзӕнӕн.
Геуӕрги айдагъ ӕмдзӕвгитӕ ӕма кадӕнгитӕ нӕ финста, хуарз, хъӕбӕр хуарз арӕхстӕй радзурдтӕ ӕма пьеситӕ финсунмӕ. Адтӕй имӕ дессаги пьесӕ-водевиль «Цауӕйнонтӕ», зӕгъгӕ. Уӕд ахур кодтон 5 къласи; баунаффӕ кодтан еци алӕмӕти игъӕлдзӕг водевиль сцени равдесун, еу дууӕ мӕйи ӕй фӕццӕттӕ кодтан, мӕхуӕдӕг си гъазтон Поцой роли. Ӕрӕмбурд кодтан цохъатӕ, рӕнттӕ, хъӕматӕ, берданкитӕ, хъатаратӕ. Равдистан ӕй скъоладзаутӕн, фал уайтагъд хуӕнхаг минкъий гъӕутӕбӕл рахӕлеу ӕй хабар, скъоладзаутӕ, дан, дессаги пьесӕ равдистонцӕ, ра ни курдтонцӕ гъӕути цӕргутӕ, цӕмӕй син æй нæуæгæй равдесӕн. Нӕ базийнадӕ кодтан, цудӕнцӕ нӕмӕ дууӕ Фӕрӕскъӕтти, Хъазахтӕ ӕма Таунтти синхитӕй, Къаматӕ ӕма Уӕхъæцæй, Хъалнӕхтӕ ӕма Мӕстинокӕй. Еци анз ӕй равдистан цуппар хатти, ка имӕ кастӕй, етӕ ходӕгӕй мардӕнцӕ, махӕн ба - «артисттӕн», устур арфитӕ кодтонцӕ. Адӕми 'хсæнæй арӕх игъустӕй:
- Уӕ нӕхе уарзон Геуӕрги, дӕ цӕрӕнбон берӕ уа, ӕма дин мӕлӕт макӕд уа, зӕрдибунӕй нӕ фӕхходун кодтай.
Геуӕрги Къаматӕ берӕ ке уарзта, е бӕрӕг ӕй ӕ иннӕ ӕмдзӕвгитӕй. Еу рауӕн кӕнуй Устур фӕзи кой. Еци сӕрвӕт ӕй Къаматӕ ӕма Мӕхчески гъӕути сӕрмӕ, бӕрзонд Саухонхи къӕбурти гъӕбеси. Ами дууӕ гъӕуи сӕрдигон дарионцӕ сӕ галтӕ, бӕхтӕ ӕма хускъаг фонс, гӕс син нӕ уидӕ.
Еу хатт, дан, къаматтаг Байхъулти Фацбаййи устур цъӕх гал, хонгӕ дӕр ӕй Цъӕхсӕр худтонцӕ, уомӕ берӕгъ балӕбурдта, гал ин ӕ циргъ, федар сиутӕ ӕ губуни рацавта, тогцъух ӕ габӕзтӕ бацагъта, гал ӕй ӕ сӕрбӕл исиста, гал ӕ хезун, ӕ синӕр цӕгъдун нӕ ниууагъта, сауӕнгӕ ӕй фӕззӕгмӕ ӕ сиутӕбӕл фӕххаста. Еци ӕцӕг хабар Геуӕргиӕн ку дзурдтонцӕ, уӕд, дан, берӕ фӕххудтӕй, - е дин гал, бӕгъатар гал, е знагӕн ӕ фагӕ фӕцай, - загъта Геуӕрги.
Еу изӕр скъолайӕй ку исцудтӕн, уӕд нӕ фиди исаййафтон ӕнкъардӕй, хӕдзари пеци дуармӕ бадтӕй, ӕ дууӕ къохемæй æ сæрбӕл хуӕстӕй, цӕбӕлдӕр цидӕр арф гъудити ранигъулдӕй. Уотӕ ӕнкъардӕй ӕй фиццаг хатт фӕууидтон.
- Ци кӕнис, ести лӕгъуз хабар? - бафарстон ӕз.
- Мадта ма лӕгъуз хабарбӕл сиутӕ фӕууй, нӕ уарзон финсӕг Малити Геуӕргий ниййахӕстонцӕ, - резгӕ гъӕлӕсӕй загъта мӕ фидӕ, ӕхуӕдӕгга дирзӕг къохтӕй ӕ цӕстисугтӕ расӕрфта. Ӕз цавддорау фестадтӕн. Хуӕргӕ дӕр нӕбал бакодтон еци изӕр, арфӕй-арфдӕр кодтонцӕ мӕ гъудитӕ: цума кӕмӕн ци кодта, ӕ финстити еунӕг дзурд дӕр ку некӕми ес нӕ цардарӕзти нихмӕ. Кӕмӕн ци кодта, ке маргӕйдзаг ӕвзаги туххӕй бахаудтӕй уӕхӕн уавӕрмӕ. Ке лазӕ, ке бӕллах ибӕл исӕмбалдӕй?
Ӕвӕдзи фидтӕлти зӕгъдтитӕ раст ӕнцӕ: хуӕздӕри, дан, уарзӕн фӕтгӕ нӕййес. Уӕдта нӕмӕ ӕнхиц ӕй соцъа - ӕз цӕмӕннӕ дӕн, е цӕмӕн ӕй. Еци уӕззау рӕдуд рӕстӕги, 1937 анзӕй зӕгъун, не 'хсӕн минкъий на 'дтӕй уӕйгӕнгутӕ, цъуххӕсгутӕ. Уони азар берети бастъалдта, берӕ седзӕргӕстӕ байзадӕй, муггагмӕ ходуйнаг син фӕууӕд. Седзӕрти тӕрегъӕдӕй бун бауӕнтӕ, бун дӕр бацӕнцӕ.
Рӕстдзийнадӕн исӕфӕн нӕййес, нӕ фесавдӕй нӕ разагъди болӕмӕргъӕ, нӕ адӕми зарӕггӕнӕг Малити Геуӕргий рӕстдзийнадӕ дӕр. Цъӕх арвбӕл ӕносон хор куд исбӕрӕг уй, уотӕ исбӕрæг æй æ кæдзос уоди гъӕдӕ. Абони ин ӕ алӕмӕти ӕмдзӕвгитӕ, кадӕнгитӕ, радзурдтӕ устур цӕмӕдесӕй кӕсунцӕ нӕ ирӕзгӕфӕсевӕд.
Ема ма еу цалдӕр дзурди «Дзандзирахъи» кадӕнги туххӕй. Будтути Рамазан пиффинста пьесӕ «Дзандзирахъ», финст ӕй Геуӕргий ӕнӕмӕлгæ кадӕнгӕ Дзандзирахъи бундормӕ гӕсгӕ. Еци спектаклмӕ цӕугӕй, берӕ гъудитӕ зилдӕнцӕ мӕ сӕри, цума Геуӕргий финсти хузӕн уодзнӕй пьесæ, уӕдта имӕ берӕ адӕм арӕмбурд уодзӕнӕй? Спектакль адӕми зӕрдӕмӕ фӕццудӕй, мадта рагӕй дӕр куд нӕбал адтӕй, уотӕ зали сунӕг уӕгъдӕ бунат дӕр нæ 'дтӕй. Мӕнмӕ гӕсгӕ имӕ фулдӕр адӕм ӕрцудӕнцӕ Малити Геуӕргий «Дзандзирахъмӕ» гӕсгӕ.
Рамазани туххӕй дӕр лӕгъузӕй неци зӕгъунмӕ гъавун, хуарз исархайдта мӕгур хуӕнхаг кизги меддуйне равдесунмӕ.
Геуӕрги ӕ фиццаг киунугӕ исхудта «Ирӕф». Ирӕфӕн ӕ райдайӕн ӕнцӕ Дигоргоми бӕрзонд хуӕнхти цӕстисугӕй кӕдзосдӕр сауӕдӕнттӕ, ӕносон уорс-уорсид цъететӕ. Е куд кӕдзос царди рохс хæссуй адӕмӕн, гъе уотӕ кӕдзос ӕй Малий-фурти, сфӕлдистадӕ дӕр.
Дигорон адӕм рагӕй цӕмӕ бӕлдтӕнцӕ, сӕ сци ӕнгъӕлдзау исӕнхӕст ӕй, Дигорон ӕвзагбӕл цӕун райдӕдта журнал «Ирӕф». Ӕ фӕрстӕбӕл мухургонд цӕуӕнтӕ Малити Геуӕргий «Ирафи» хузӕн дӕсни, зӕрдӕмӕдзӕугӕ уадзимистӕ. Фал еу гъуддаг: ӕз арӕх фӕуун Дигоргоми, будури гъӕути, уӕдта хонхбӕстӕй Дзӕуӕгигъӕумӕ ка ралигъдӕй, уони хӕццӕ, арӕх нӕмӕ рауайуй нӕ нӕуӕг журнал «Ирӕфи» туххӕй дзубанди, уонӕн сӕ еугурей дӕр фӕндуй, цӕмӕй журнал «Ирӕфи» фиццаг фарсбӕл мухургонд цӕуа нӕ дигорон сфӕлдистади ирд ӕстъалу Малити Геуӕргий хузист. Кӕд амал ес, уӕд журнал «Ирӕфи» редколлегиӕй корун, цӕмӕй адӕми, журнал ка кӕсуй, уони фӕндон ӕнхӕстгонд ӕрцӕуа. Ӕма ма еу гъуддаг: мӕнмӕ, уӕдта айдагъ мӕнмӕ нӕ, фал берӕ адаммӕ уотӕ кӕсуй, цума нӕ хецауади ӕрдигӕй нӕ разагъди финсӕг иронхуати изайуй. Цума абони уӕнгӕ цӕмӕннӕ, цӕй туххӕй нӕййес Геуӕргий номбӕл Дзӕуӕгигъӕуи гъӕунгӕ, цӕмæннӕ ин ӕвӕрунцӕ циртдзӕвӕн.
Ӕцӕгӕйдӕр сугъзӕрийнӕ изгӕ нӕ кӕнуй, еци ирдӕй ӕрттевуй ӕма ӕностӕмӕ дӕр ӕрттевдзӕнӕй, ӕзинӕ ести кӕми адтӕй, уоми абони дӕр ӕма исон дӕр уодзӕнӕй.
Секъинати Солтан
