Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Дзагурти Дигорхан.

Дзагурти Дигорхан.

Дзагурти Дигорхан.



Узунлӕг.

Ӕз сюм-сюм дӕн,
Фий-сюм-сюм,
Дзорунцӕ мӕмӕ узюн!
Къахи фийтӕй - тъӕбӕрттитӕ,
Мӕ судзинттӕй - ӕсхъиуттитӕ!
Баба зӕлдӕ ку кӕрда,
Нана хъӕбун ку фица,-
Тӕф мӕ хонуй ӕ фӕдбӕл,
Некӕми раун дзӕгъӕл!
Самуркуййӕй гъӕйтдӕр дӕн,
Уӕ римӕхст уин иссердзӕн!
Мӕн хузӕн ку уай фий-лӕг,-
Рӕстӕг цӕудзӕй игъӕлдзӕг!

KE6m1aZxm2A.jpg

Тӕрсӕн дзурд.

Урундухъ ций'й,зонетӕ?
Мӕн хузӕн си тӕрсетӕ?
Къӕппӕнсуртӕ,къӕлос фий,
Ӕ даргъ къӕдзелӕ кӕми'й?

Нур,цума,еци сирд ка'й?
Лӕгау ӕй ӕрӕмпурсай!
Нӕ'ннӕ,баба,мӕн хузи
Нӕ нифсӕрдзӕй ӕ фӕзи!

Хъарабугьа дӕр нӕ дӕн,
Цӕуон,хезуй мӕ хуссӕн!..
Урундухъӕн ба баба
Ӕ мокъотӕ исцӕгъда!

CAuJdqwYz58.jpg

Тикиси дугъ-дугъ.

Ӕз нуртӕккӕ тикис дӕн!
Миститӕмӕ бацӕудзӕн:
Гъӕйдӕ-уайти,биццеутӕ,
Ма кӕнтӕ ми хӕлеутӕ!

Еумӕйагӕй рагъазӕн,
Разарӕн ма ракафӕн!
Миститӕ ми тӕрсунцӕ,
Цъӕсгитӕмӕ лӕсунцӕ!

Ци бон нӕбӕл никкодта-
Туку миццӕн ӕй лигъстаг!
Рандӕ,цӕуон гӕбусмӕ,
Тъинкфий сӕрфгӕ мӕ дусӕй!

_8TULD9Ip-o.jpg

Сӕрӕн кизгӕ.

Дацци-нана,къӕпинкӕ,
Ӕрфӕлладӕй мӕ кизгӕ,
Хуссӕг цӕсти бабурдӕй,
Тикисау си ӕрзилдӕй.

Бонизӕрмӕ мӕ бӕсти -
Ӕфсинеуӕг къӕртрӕзти,
Хӕдзаронтӕн - мийнасаг,
Адӕгонтӕн - хинцуйнаг.

Хӕдзаргиндӕр,рӕсугъддӕр
Нӕ синхи нӕййес ӕндӕр!
Ку райгъал уа,гъе удта -
Киндзи цӕугӕ дӕр ис уа...

5RJhQbuzbzQ.jpg

Зӕрдунати зар.

А ке гаггӕ'й, кудзи гаггӕ'й?
Кудзӕн дӕр ӕй нӕ дӕттӕн!
Уорс дзабурти - зупп-зупп!
Салин уӕрми - тупп-тупп!

Арви реубӕл - фӕрдгутӕ!
Бӕлӕстӕбӕл - гӕггутӕ!
Хори тунтӕй - елхъина!
Мӕ гӕботи - зӕрдуна!

Мистикъитӕй - айдӕнӕ!
Рӕсугъттӕ нин зардзӕнӕ!
Бази бӕсти - уорс тӕрхъос,
Куд нӕ фӕрреса дӕ рос!

Бӕлӕуӕй дин - базуртӕ!
Мулдзугутӕй - гъазӕнтӕ!
Дӕ мудкъелтӕн - фӕндӕгтӕ,
Куд дин уонцӕ цӕрдӕгтӕ!

Уӕриккитӕй - сикъатӕ!
Ӕрситӕй ба - лоппатӕ!
Де 'рӕзӕнтӕн - уӕлӕрвтӕ!
Ӕнтӕсттитӕн - ӕрдзӕфтӕ!

2WNoDToybnY.jpg

Возврат к списку