ИРÆФИ ДОН ÆМА Æ КЪАБÆЗТÆ

СОБИТИ Инал
(æрмæг финст цудæй 1890-аг æнзти)
Дигоргом айдагъ Цæгат Иристони нæ, фал еугур Кавкази дæр нимад æй тæккæ рæсугъддæр æма нивæйфæлустдæр кæмттæй еуебæл. Дигоргоми ка фæцæй, уонæмæ Иристони иннæ кæмттæ уотæ дессаг нæбал фæккæсунцæ. Еци еппæрд (æрмæстдæр сæхе хузæн), еци уæйгутау сæрустур, егъау æма бæрзонд, тæссар къæдзæхти æнæвналд рæсугъддзийнадæ коммæ бацæуæни, æзнæт Ирæфи гур-гур, кæмидæр бунæй æррайау фæхстæбæл æхе хуайгæ ка цæуй, лæги уоди бауадзунцæ цидæр устур тас æма цидæр æнæзингæ хъаурæ, æхемæ «мисти къахæй ниллæгдæр» кæсун байдайуй, уæдта, коми еу усмæ басабур уогæй, æ зæрдæ æрæллау уй æма æнахур цийнæй мегъти уæнгæ исирæзуй, хуæнхаг сæребарæ цæргæси æмварс æ уод рæсог æма рæуæг уæлдæфи бамедæг уй. И байбун фæхстæбæл сакъадахгай ауиндзæгæй лæуунцæ нади бæлæсти къохтæ æма хуæнхаг деденгути фæзгæндтитæ.
Ирæфи дони æвзурæг æй Хæреси цъæх-цъæхид цъете. Мæхчески райони центр – Мæцути фæзи уæнгæ цæуй Москæбæл цæгат-хорискæсæн æрдæмæ. Цæугæдони дæргъцæ æй еу 130 километри. Ирæф Терки хæццæ баеу уй Урух æма Александровскийи станцити цори.
Ирæф, хонхæй рахезгæй, Иристони иннæ цæугæдæнтти хузæн нæ ниххæлеутæ уй хецæн листæг къанæуттæбæл, фал ма берæ дæсгай километртæ цæуй унгæг æма бæрзонд «къæдзæхгун «ауæдзæбæл», сауæнгæ Секер æма Дзæгъебпарзи гъæути уæнгæ. Ами ба фæндон, парахат райвазуй æ реугудур, ниффæтæнтæ уй, æ цуд ба – фæссабурдæр уй.
Хонхи цæугæй дони къæдзæхгун билгæрæнтти арфæ рауæнæй-рауæнти хезуй 50-80 метри уæнгæ, Æхсинтти коми ба – 90-100 метри.
Æхсинтæ
Ирæфбæл æфтуйуй цалдæр цæугæдони: рахез фарсæй – хонсарæй цæгатæрдæмæ – Танадон,

Танадон
Къæрæугоми дон æма Сонгути дон; галеу фарсæй – рæсог Билæги дон, уæдта Хæзнидон. Ирæфи «фæсдзæуинттæй» Хæзнидон æй тæккæ даргъдæр æма тæккæ фулдæр донхæссæг, Хæзнидон Ирæфæн æхецæй дæр берæ минкъийдæр нæ ’й. Е дæр игуруй цъететæй, сауæнгæ Хæзнидони гъæуи цормæ цæуй арф къæдзæхти ’хсæн, уоми ба Ирæфи хæццæ сæ над баеу кæнунцæ. Хæзнидони рæсог цъæх дон дзæвгарæ рæстæг нæ фæккомуй Ирæфи лæкъун, бор дони хæццæ хæлæмулæ кæнун.
Ирæф, иннæ хуæнхаг цæугæдæнттау, сæрди ивулд фæууй, зумæги ба – æруæлбун уй. Сæрдидон еу сикъундмæ дæттуй дони 300 м3, зумæг ба – æдеугурæй 2 м3. Тæккæ ивулддæрфæууй июли мæйи кæрони æма августи мæйи райдайæни.
Журнал "ИРÆФ"
Сонгутидон
Билагидон
Хæзнидон
Сæрдидон.
