Сармат Косирати
НАЛХЪУЫТ-НАЛМАС
Фыццаг чиныг. Фыццаг хатт сси Багъæраты Созырæн йæ бон байгом кæнын йæ зæрдæйы дуар. Ныры онг нæма уыд Созыры хуызæттæн уыцы амал. Мит бамбæрзы фæззыгæнд мæнæуы. Басийынц йæ фыццаг сæвзæрæнтæ...
Фæлæ уалдзæг æрцæуы, стоны зæхх æмæ хурмæ сивазы йæ талатæ. Багъæраты Созыр дæр, революцийы агъоммæ рæхыстæй баст уæвгæйæ, нæдæр йæ дзых, нæдæр йæ зæрдæ гом кодта. Афтæмæй та аджы æхсыстау æхсыста йæ зæрдæ. Дæрддзæст цуанонау уыдта алы хъуыддаджы арф дæр, алы хъуыддаджы фидар дæр. Созыр райдыдта фыссын 1908 азы, æмæ 1926 азы онг йæ иу фыст дæр мыхуыры нæма уыд. Афтæмæй, стыр диссагау, йæ зæрдыуаг æнæ фæчиугæйæ рахаста абоны онг.
Багъæраты Созыр йæхæдæг у мæгуыр зæхкусæг адæймаг. Кусæг адæмы хъуыддагмæ — революцион змæлдмæ хæстæг лæуд уыд тæккæ райдайæнæй йæ фыстæй дæр æмæ йæ куыстæй дæр...
Созыр паддзахы заманы дæр æмбæрста хъуыддаджы апп æмæ æнæбон уæвгæйæ фыста:
«Зæгъын, ныр ма цы зæгъон? Мæ дзырд æгой, æвæстаг. Фæлтау мæ дзыхыл хæцон. Хæфсау мæ хъуыр донæй дзаг».
Ахсты бынаты уæвгæйæ ницы дзырдта. Фæлæ æппæт хъуыдытæ дæр гуымбылау балвæста йæ æнгом æмдзæвгæты æмæ сæ фехъусын кодта революцийы фæстæ. Багъæраты Созыры зарджытæ кодтой Кермены фæсивæд 1917 æмæ 1919 азты, хæстмæ иæугæйæ.
Созыр ахуыргонд нæу. Уымæ гæсгæ йæ фыстыты аивадон рæдыдтæ чи агура, уый дзы, æвæццæгæн, бирæ дæр ссардзæн. Фæлæ йæ зондæй тынг арфмæ хъуыста æмæ Æхсынтты зылангау дзуаппы зыланг лæвæрдта царды алы хъуыддагæн дæр. Ирон фысджытæй бирæ нæ разындзæн, Созыры хуызæн чи бафæрæзтаид цард алы æууæлæй дæр равдисын, сæргом кæнын.
Нæ, уæвгæ та царды æппæт æвдисынмæ ныр бавнæлдтой. Фæлæ уыцы куыст чи кæна, æмæ кусæг адæмы тохы фæндагыл чи цæудзæн, уыдонæн та сæ раздзæуджытæй иуыл, æнæмæнгæй, нымад уыдзæн Багъæраты Созыр. Фæсивæдмæ сидгæйæ фыссы:
«О, иæ фæсевæд, уæ уаргъ исистайтæ.
Нур ма бауагътæ уæхе ниннæхсун.
Бартæ байстайтæ, фал уаргъ куд хæсдзиайтæ?
Уаргъ устур уаргъ æй, зин æй æ хæссун.
Тагъд фæххуæцетæ сумах кæрæдзебæл,
Хъалти ма ’руагътæ уæхемæ хæстæг.
Ард бахуардтайтæ æма цурд æнæдзебæл
Тагъд æзмæлетæ, цæуй уæ рæстæг».
Царды стыр зынты Созыр не ’руагъта йæ тырыса, бафæрæзта хъуыддаг кæронмæ рахæссын. Уæлдай зын та уыд уыцы хъуыддаг махмæ.
«Дæуæн, цид æз мæ зæрди нез ку дзурдтон,
Уæд син фæрсæй сæ ходунгъæр игъустон.
Кæугæй мæнмæ сæ зарун гъæр игъустæй,
Уидтонцæ мæн æгадæдæр сæ мистæй».
Ахæм цæстæнгас бирæтæ нæма раивтой ныронг дæр. Бирæтæ ма ныронг дæр къуырма сты кусæг адæмы æхсæны фæдисмæ...
Багъæраты Созыры хуызæттæ ирон адæмæн раргом æмæ балæвар кодта революци. Ис ма нæм ахæмтæ. Бирæ фылдæртæ ма разындзæн ног фæсивæды æхсæн. Уыдонмæ фылдæр фæрæзтæ ис. Уыдонæн бантысдзæн сæххæст кæнын Созыры курдиат:
«Мæ лæвар уин — «Зæрди дуар»,
Ма ’й ниууагътæ отемæй,
Ци гъæууаггин æй мæ зар.
Ой фæрæзнæ уæхемæ ’й».
Багъæраты Созыр у ирон пролетарон фысджыты Ассоциаци (æхсæнад) «Зиу»-ы уæнг. Уымæн йæ æмбал «зиууæттæ», стæй æппæт ног фæсивæды фæлтæр бавналæнт ирон литературæ аразынмæ æмæ, дæсныйад лæмбынæгæй базонгæйæ, бафæразæнт сæ куыст, сæ фыстыты рахæссын Багъæраты Созыры революцион, пролетарон зард.
Созырæн бантыст байгом кæнын йæ зæрдæйы дуар. Уыцы ног революцион кусæг фæсивæдæн та бантысдзæн ссарын æмæ æмцæдисæй байгом кæнын — царды дуар.
См.: Составитель: Сармат Ю. А. С Красным знаменем: Сборник статей и рассказов
