Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

ХЪАЙИ-ФУРТИ ЗАР

ХЪАЙИ-ФУРТИ ЗАР

ХЪАЙИ-ФУРТИ ЗАР

ХЪАЙИ-ФУРТИ ЗАР

Гезей цардæй Гогона Ахалбеда-æлдар;
Устур Дигорæбæл хъалон дардта;
Кизгæ, лæхъуæни дзæбæх сæмæ нæ уагъта.
Æрæгиау Хъайи-фурт Гегки ку рантæстæй,
Уæд имæ гъулæг кæсун райдæдта.
Æстур Дигори æрæмбурд кæнидæ
Сæ уæлæфтауæ кæрцити хæтдзæ,
Сæ бæрзæ лæдзгути хæтдзæ.
Сæ унафтæ нæ рæвдзæ кодтонцæ.
Загъта: «Цидæр æй, уæддæр сау халон
Уæрццæ нæ ахæссуй,
Уæздæнттæй нæ хæццæ ку нæ уа,
Уæд неци искæндзинан.»
- Мадта си кæци муггагæй байагорæн?
- Туйгъантæй лæг байагорианæ,
Фалæ синдзæ зæрдæ æма бæмпæг цъух æнцæ,
’Ма нин сæ бæрæг нæ базонун кæндзæнæнцæ.
Хъубадтæй лæг байагорианæ,
Æма етæ ба хахур силау силæвзаг æнцæ,
Æма нæ рауæйæ кæндзæнæнцæ.
Зураптæй лæг байагорианæ,
Фалæ нин уонæй лæг дæр не сбæздзæнæй:
Хæрессаг галау бæзгин лæбæз æнцæ.
Хъантемуртæмæ бæргæ хонунцæ
Иналухъи фурт, фал нæуæг уосхунд æй,
Æндæр ба дзæбæх лæхъуæн æй.
Уайунтæ ймæ байдайуй Хъайи-фурт Гегки.
Æ фидæмæ ин бадзоруй.
Æ уат ин байамонуй.
Баимæдзоруй.
Æ хабæрттæ ин æрдзоруй.
Раимæдзоруй:
- Бундзарæй рæвдзæ нæ дæн,
Æндæра фæццæуинæ. -
Æ фидæмæ ин бадзоруй.
Æрагæпп ласуй æ фидæ Иналухъ:
- Гъæйтт, биццеу, уоси фарс
Æма арти фарс ласагæ 'нцæ,
Ходуйнаг ку хæссис!
Æрагæпп ласуй лæхъуæн.
Цæунтæ байдайунцæ.
Цихцили лæгæтмæ бацæунцæ.
Гогона-æлдар зонæнгин адтæй.
Æ фунæй сæ фæууинуй.
Сæумæ мæсуги сæрккагмæ исхезуй;
Кæсæнцæститæй гъæуай кæнун байдайуй,
Æрæгиау сæ Цихцили лæгæти æруинуй.
- Марауагътæ, мæ кизгуттæ,
Мæ хъæрæймаг æрдаветæ! -
Дзоруй сæмæ: - Саг уин рамарон, бабай кизгуттæ,
Æви уин саги æууæз ху рамарон?
- Саг бал нин рамарæ, баба,
Ху ба нин кумæ ледздзæнæй? -
Хъантемури-фурти фехсуй.
Цихцили лæгæти ’й рабæкъуæл кæнуй.
Хъайи-фурт Гегки уайунтæ байдайуй
Уæллагкомбæл, Дигори кæмттæбæл
Гъæргæнгæ:
- Гезей цæрæг Гогона Ахалбеда-æлдари
Рамардтан;
Мулкбæл хæлæф кæнунмæ æрауайтæ!
Донифæрстæбæл, Устур Дигорæбæл,
Гъæргæнгæ:
Мулкуарзон адæм ниххæррæт кæнунцæ,
Бацæунцæ.
Хъантемури-фурти марди сæргъи сæ æрсадзуй,
Загъта син:
- Æз цæун, æма имæ рæхистæй баст егæрттæ ес,
’Ма мæ етæ гæни дзæхæрамæ кæд бауадзонцæ,
Уæд, Хуцау ке зæгъа, е уодзæнæй.
Фиццаг топпи гъæри фæсте,
Æзнагæн дæтдзæнæн дууæ топпи гъæри,
’Ма мулкбæл хæлæф кæнунмæ æрцæудзинайтæ.
Кæд мæ нæ бауадзонцæ гæни дзæхæрамæ,
Уæдта уæхе ма фесафетæ
’Ма Хъантемури-фурти мард хæсдзинайтæ.
Æ фазæбæл бурунтæ байдайуй;
Гæни дзæхæрамæ байервæзуй.
Сæумæрагиау Гогона Ахалбеда-æлдар
Хъувгъани хæтдзæ æрацæуй.
Е дæр æй хъæрæймагæй фехсуй;
Æрæйбæкъуæл кæнуй.
Æ рахес цонг ин æдмухур æрбалух кæнуй.
Дууæ топпи гъæри æзнаг раттуй æмбалтæмæ.
Мулкуарзон адæм син сæ циййесбæл
Ниххæлæф кæнунцæ.
Уалæнмæ Хъантемури-фурти мард æрахæссунцæ.
Къæрæугоммæ рахъæртунцæ.
Дзорунцæ уоми:
- Хъантемуртæн сæ мард зæгъун
Ка бандеудзæнæй? -
Хъайи-фурт Гегки фæннæхстæр уй,
Æрахъæртуй, æз син æй бандеудзæнæн, зæгъгæ.
Хъантемуртæмæ Гогонай цонгæй æ сæр хуайгæ бацæуй.
Хъантемурти Иналухъ
Æ гъæлæсидзаг уæд нихходуй:
- Æгæйтима æгади мард нæ ракодта!
Хисти бæсти ин кувд кæнун гъæуй.
Æ еунæг лæхъуæнæн хисти бæсти кувд искодта,
Еци бонæй аци бонмæ Устур Дигорæй
Хъалон ист нæбал æрцудæй.
Рамаигурæд нæ Дигори муггагмæ
Хъайи-фурти хузæнттæ!


ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 122, 92 п., 95-98 ф.

Возврат к списку