«ДЫ ДӔР ЧЫРЫСТОНЫ ХАЛ АХӔР ӔМӔ, МӔНАУ,
ЧЫРЫСТИМӔ ӔРЦУ»
Интервью поэт Мамыкъаты Хъазыбегимӕ
Нӕ нырыккон курдиатджын поэтты куы ранымайӕм, уӕд фыццӕгты нӕмтты 'хсӕн поэт Мамыкъаты Хъазыбеджы ном загъын хъӕудзӕн.
Хъазыбеджы ӕз базыдтон нӕуӕдзӕм азты. Уӕд фыццаг хатт бакъахдзӕф кодтон журнал «Мах дуджы» къӕсӕрыл. Тынг мыл бацин кодта, ӕхсызгон ын уыди ног авторы фӕзынд журналы, мӕ ӕрмӕгӕн дӕр аргъ скодта, зӕрдӕ мын бавӕрдта, кӕй ӕрцӕудзӕн мыхуыр «Мах дуджы» фӕрсты. Уӕдӕй нырмӕ хӕссы нӕ лымӕндзинад, кӕрӕдзийы хорз ӕмбарӕм. Арӕх, литературӕйы ахсджиаг фарстатыл дзургӕйӕ, кӕрӕдзиимӕ быцӕуы дӕр бацӕуӕм, фӕлӕ фӕстагмӕ иу зондмӕ ӕрцӕуӕм.
Нӕ нырыккон ирон поэзийы Мамыкъаты Хъазыбеджы поэтикон хъӕлӕсӕн ивддзаггӕнӕн нӕй иннӕ поэттимӕ. Хъазыбегӕн ирон дзырдаивады ис йӕхи сӕрмагонд бынат. Фыссы ӕмдзӕвгӕтӕ иронау ӕмӕ дыгуронау. Мыхуыры йын рацыди дыууӕ чиныджы «Мӕйы соната» (чиныгуадзӕн «Алани», 1998) ӕмӕ «Ӕрвон рухс» (чиныгуадзӕн «Ир», 2003).
Мӕн дисы ӕфтауынц йе ‘мдзӕвгӕты арф хъуыдытӕ, уыдоны арӕзт, сӕ техникӕ, алцӕмӕй дæр вæййынц ӕххӕст. Лӕмбынӕгдӕр куы ‘ркӕсай сӕ аивадон текстмӕ, уӕд бахаудзынӕ поэты миддунемӕ, йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ дӕ нал ӕмӕ нал ауадздзысты уыцы диссаджы сыгъдӕг ӕмӕ алӕмӕттаг поэтикон дунейӕ.
Хъазыбеджы уацмыстӕ куы фӕкӕсын, уӕд цыма, хӕлхӕлгӕнгӕ хӕхты ӕхсӕн цы сыгъдӕг суадон уайы, уымӕй мӕ дойны асӕттын, афтӕ мӕм фӕкӕсы, ахӕм ӕхцондзинад ӕрхӕссынц мӕ зӕрдӕйӕн йӕ поэтикон рӕнхъытӕ.
Хъазыбеджы ӕмдзӕвгӕты хицӕндзинӕдтӕ, сӕ аивадон мадзӕлттӕ дзураг сты поэты курдиатыл, куыд хорз зоны адӕмы цард, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ахастытӕ, царды вазыгджындӕр проблемӕтӕ, нӕ мадӕлон ӕвзаг, йӕ бон куыд у поэтикон ахорӕнты руаджы ӕнӕферохгӕнгӕ сурӕттӕ сфӕлдисын. Ӕмдзӕвгӕтӕ фыссын уый у Дунесфӕлдисӕджы стыр лӕвар адӕймагӕн. Алкӕйы Хуыцау уыцы стыр курдиатӕй хайджын нӕ кӕны. Хъазыбегмӕ ис, А. С. Пушкины загъдау, «зарджыты диссаджы курдиат», ӕмӕ йӕ махӕн, йӕ чиныгкӕсджытӕн, цӕстуарзонæй æмæ хӕларзӕрдӕйӕ лӕвар кӕны:
Ӕфстау зынгӕй нӕ судзы пецы арт,
ӕфстау рӕнхъытӕй нӕй фыссӕн ӕмдзӕвгӕ,
нæ райсдзынӕ ӕфстау ды искӕй цард,
дӕхи цард дӕр нӕ ратдзынӕ, нымдгӕнгӕ.
Хуыцау дын радта царды зынг лӕвар,
ӕмӕ йӕ ды хъуыры ӕгънӕгӕн дар!...
Мамыкъаты Хъазыбег канд ӕмдзӕвгӕтӕ нӕ фыссы. Фысджыты ӕмӕ поэтты 'хсӕн зындгонд у курдиатджын тӕлмацгӕнӕгӕй дӕр. Ныртӕккӕ у журнал «Мах дуджы» поэзи ӕмӕ драматургийы хайады сӕргълӕууӕг. Уымӕй уӕлдай ма кусы Библийы Уӕрӕсейы ӕхсӕнады дӕр, тӕлмац кӕны йе 'мбӕлттимӕ дины чингуытӕ «Мах дуджы» редакцийы сӕмбӕлдтӕн йемӕ ӕмӕ йӕм радтон цалдӕр фарсты.
- Хорз уаид, Хъазыбег, цалдӕр ныхасы нын дӕ фыдӕлты ӕмӕ дӕ бинонты тыххæй куы зӕгъис, уӕд.
- Мӕ фыдыфыд Раман йе 'фсымӕр Къостаимӕ хӕцыдысты фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты, архайдтой Сталинграды бынмӕ тохты дӕр. Хӕстӕй ссыдысты хӕрзиуджытимӕ. Ныр ацы дунейы нал сты, не 'ппӕтыл дӕр хӕрзаудӕн кӕнӕнт!
Мæ фыд, дзӕнӕтыбадинаг Джеуӕрджымӕ, уыдис нывгӕнӕджы курдиат, йӕ бӕллиц - аивӕдты училищӕмӕ бацӕуын, фӕлӕ, бирӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты хистӕр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ, йӕ заманы царды тыхст уавӕртыл хъуыды кӕнгӕйӕ, равзӕрста сау куыст. Чермены-хъӕуы каст фӕци трактористты курсытӕ ӕмӕ уыйфӕстӕ дзӕвгар азты дӕргъы фӕллой кодта Сырх-Дыгуры колхозы. Уыди хуымгӕнӕг, хортауӕг, куыста комбайныл дӕр. Фӕстӕдӕр, цыппар сывӕллоны йын уыдыстӕм, афтӕмӕй 1965 азы тынг хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ каст фӕци Хъӕууонхӕдзарадон институты зоотехникон факультет ӕмӕ кад ӕмӕ радӕй суанг йӕ ацӕргӕ азты онг нӕ колхозы фӕкуыста сӕйраг 300-техникӕй. Уӕддӕр-иу стӕм хатт дзӕбидыр, бӕх кӕнӕ ӕндӕр исты ныв куы скодта, уӕд-иу ын ӕз йӕ арӕхстыл дисӕй мардтӕн, мӕн дӕр ма-иу сцырын кодта нывтӕ кӕнынмӕ, амыдта мын нываивады сусӕгдзинӕдтӕ. Зӕрондырдӕм райдыдта хъӕдӕрмӕгӕй алы дзауматӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ, стӕй сын сӕ макеттӕ дӕр аразын: алы уӕрдӕттӕ, доны куырой ӕмӕ арахъуадзӕны макеттӕ, кӕхцытӕ, тӕсчъытӕ, уидгуытӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Йӕ конд дзауматӕн сӕ фылдӕр хай балӕвар кодта нӕ республикӕйы бӕстӕзонӕн музейӕн.
Мӕ мад Нависӕ сахуыр кодта пединституты, фӕсарӕйнаг ӕвзӕгты факультеты немыцаг хайады. Зӕронды бонтӕм Сырх-Дыгуры астӕуккаг скъолайы фӕкуыста немыцаг ӕвзаджы ахуыргӕнӕгӕй. Йе 'мбӕлтты 'хсӕн дӕр ӕмӕ йын ахуырдзауты 'хсӕн дӕр уыди стыр кад. Ныртӕккӕ йыл цӕуы 86 азы, рӕвдауы йӕ цоты цоты цоты. Стыр Иунӕг Хуыцау ма йын бирӕ цӕрӕнбон раттӕд ӕнӕнизӕй!
Мӕхицӕн мӕ бинойнагимӕ ис ӕртӕ кӕстӕры: лӕппу ӕмӕ дыууӕ чызджы. Уыдоны цот, нӕ хурты хуртӕ, сбирӕ сты, ацы аз аст бауыдзысты Хуыцауы фӕндӕй, ӕмӕ ӕнӕниз ӕмӕ амондджынӕй байрӕзӕнт - Хуыцауӕн, махӕн ӕмӕ нӕ Иры дзыллӕйӕн уарзонӕй!
- Хъазыбег, ӕз дӕ номимӕ бӕттын нӕ нырыккон ирон поэзимӕ чырыстон дины темӕйы раздӕхт. Дины ныхасы улӕфт мадӕлон ӕвзагыл фыццаг хатт ирон адӕм банкъардтой нӕ рухстауӕг - сауджын Колыты Аксойы поэтикон аивадӕй. Иу хатт ма йӕ зӕгъын: дӕ динимӕ баст ӕмдзӕвгӕтӕ куы фӕкӕсын, уӕд цин фӕкӕнын. Зӕгъ мын, цӕмӕн фыссыс ахӕм ӕмдзӕвгӕтӕ? Цы дӕ фӕнды уыдоны руаджы ирон адӕмӕн зӕгъын?
-Дӕхи загъдау, дины темӕ ног нӕу ирон поэзийы. Колыты Аксо, Мамсыраты Темырболат ӕмӕ Къостайӕ райдай ӕмӕ нырыккон поэттӕй фӕу. Ӕрмӕст советон дуджы ӕрцыдис къуылымпыгонд дины хабар, ӕцӕг, ирон адӕмӕй уӕддӕр бирӕтӕ кӕм сусӕгӕй, кӕм ӕргомӕй ӕууӕндыдысты Хуыцауыл. Мӕ мадымад Сурӕт 90 азы фӕцардис, хуыцауыуарзон сылгоймаг уыд. Скъоладзау ма уыдтӕн, ӕмӕ мын иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бафӕдзӕхста, Хуыцауыл ӕууӕнд ӕмӕ дӕ цард йӕ фӕндиаг ацӕуа, зӕгъгæ, фӕлӕ мӕн уыцы заман дин ӕппындӕр нӕ уырныдта. Дзӕвгар фӕстӕдӕр ӕй бамбӕрстон, Хуыцауыл ӕууӕндын цы стыр хӕрзиуӕг, цы егъау лӕвар у, уый. Мӕ чырыстон ӕмдзӕвгӕтӕй иуы хуымӕтӕджы не ссардтон йӕ рухс ном.
Дин, ӕцӕгдӕр, стыр лӕвар у адӕймагӕн. Хуыцауы комулӕфт йӕ удӕй чи банкъара, уый йыл гадзрахатӕй никуы рацӕудзӕн, никӕдӕмуал дзы алидздзӕн, уымӕн ӕмӕ уымӕй фӕхицӕнгӕнӕн нал ис. Уый у дӕ уырнӕн, дӕ ныфс ӕмӕ дӕ уарзт. Хуыцауы комулӕфты руаджы райгуырынц ӕмдзӕвгӕтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ лӕджы ӕрфӕнды йӕ цин адӕмимӕ адих кӕнын. Ныртӕккӕ дӕхӕдӕг куы загътай, цин фӕкӕнын, зӕгъгӕ. Хуыцауы комулӕфт, ӕвӕццӕгӕн, кӕмдӕр ме 'мдзӕвгӕтӕм дӕр фӕхӕццӕ. Уый у зӕххон адӕймагӕн ӕнӕрахатгӕ сусӕггад. Зӕрдӕйӕ фыст ӕмдзӕвгӕты, ӕнӕмӕнг, ис Хуыцауы ӕрмдзӕф. Уый нын дӕтты уарзт, курдиат, фӕлдисыны хъомыс. Махӕн нӕ бон у ӕрмӕстдӕр Хуыцауы фӕзмын, уый фӕрцы нын бантысы цыдӕр муртӕ, кӕмӕн цъусдӕр, кӕмӕн та фылдӕр. Мӕн ме 'мдзӕвгӕтӕй фӕнды мӕ адӕмы мӕ уды рӕбинагдӕр сагъӕстимӕ базонгӕ кӕнын, уыимӕ, не Сфӕлдисӕджы фарны Дзырдимӕ. Кӕд дзы мӕ дзыллӕйы зӕрдӕмӕ уӕддӕр иу рӕнхъ фӕцӕуа, уӕд - Хуыцауӕй бузныг!
- Поэт хъуамӕ ӕнкъара, йӕ адӕмы раз ыл цы хӕс ӕвӕрд ис, уый. Уымӕн зӕгъыс де 'мдзӕвгӕйы: «Ӕз рахастон / мӕ зӕрдӕйы цӕхӕртӕ / ӕмӕ сӕ арвыл / байтыдтон / ӕрмӕй». Дӕхӕдӕг та дӕхиуыл цавӕр хӕс ӕвӕрыс? Ирон дзырдаивады дӕ нысан цы у?
- Ныртӕккӕ дын дзуапп радтон ацы фарсты ӕнгӕс фарстӕн, цы дӕ фӕнды дӕ динимӕ баст ӕмдзӕвгӕты руаджы ирон адӕмӕн зӕгъын, зæгъгӕ. Фӕлӕ ма йыл бафтаудзынӕн. Аивадон сфӕлдыстад йӕхӕдӕг у ӕнӕкӕрон дуне, ӕмӕ дзы, арвы стъалытау, алы аив дзырд, алы уaз ныхасӕн дӕр, мӕнмӕ гӕсгӕ, ис йӕхи сӕрмагонд бынат. Дӕ удӕй арт куы цӕгъдай, куынӕ йӕ хӕлӕг кӕнай, уӕд уыцы арт, ӕнӕмӕнг, батавдзӕн лӕджы зӕрдӕ, йӕ уӕлныхты йӕ сисдзӕн уӕлтӕмӕны цъупмӕ, ратдзӕн ын ныфс, уарзт ӕмӕ цин. Цӕмӕй дӕ дзырд искӕй зӕрдӕйы хъусты ныззӕлланг кӕна, ныннӕра, уый тыххæй хъуамӕ уæ фӕндыры тӕнау атонынӕввонг ӕлвӕст. Дзаболаты Хазби хуымӕтӕджы нӕ загъта:
Цас уой ‘лвӕстдӕр хъистӕ,
Уыйбӕрц тонынц тагъддӕр,
Фӕлӕ уыйбӕрц искӕй
Агайы сӕ цагъд дӕр...
Ахӕм дзырдаивады бӕрзӕндтӕм тырнын ӕз дӕр ме ‘взонгӕй нырмӕ ӕмӕ бӕллын, цӕмӕй мын дзы уӕддӕр иучысыл истытӕ саразын бантыса.
- Цавӕр уыдис, Хьазыбег, дӕуӕн дӕ фӕндаг Чырыстимӕ? Цӕмӕн да фӕнды, цӕмӕй фӕсивӕд «чырыстоны хал» ахӕрой / ӕмӕ, дӕуау, «Чырыстимӕ» ӕрцӕуой, уый?
- Ӕрдӕбон ма куы загътон, Хуыцауыл ӕууӕндын цы егъау хӕрзиуӕг у, уый тыххӕй. Чырыстимӕ фӕндаг алкӕмӕн уыцы иухуызон нӕу. Кӕмӕн дӕргъвӕтин у, бирӕ цӕлхдурты сӕрты йӕ ахизын бахъӕуы, цалынмӕ йӕ ссары, уӕдмӕ. Кӕмӕдӕр та уыцы фарн арвӕй дур ӕрхауӕгау ӕрхауы ӕмӕ йын ныррухс кӕны йӕ развӕндаг, басгуыхы йын фӕндагсар. Ӕз дӕр ӕвиппайды не схайджын дӕн ацы хорзæхæй. Атеистон идеологи уыди мӕ хъомылгӕнӕг ӕмӕ мӕ тынг бахъыгдардта, фӕлӕ, фурд донмарӕнтӕ куыд атоны, афтӕ Хуыцауы рӕстдзинад дӕр иузаман арӕмыгъта мӕ гуырысхоты цӕнд, ӕмӕ бамбӕрстон, адӕймаг ацы мӕнг дунемӕ йӕхигъдауӕй кӕй не 'рцыд, уый. Куы ма йӕ загътон, лӕджы ӕрфӕнды йӕ цин адӕмимӕ адих кӕнын, зӕгъгӕ. Ӕппӕт адӕм дӕр чырыстоны хал куы ахӕриккой, уӕд дунейыл ӕрфидар уаид Хуыцауы рӕстдзинад. Малиты Геуӕргийы загъдау:
И фарни тунӕ
Ӕрфелауидӕ, –
Уарзондзийнадӕ
Ӕрфедар уидӕ...
- Де 'мдзӕвгӕ «Ӕнӕном ингӕны уӕлхъус»-ы ис ахӕм рӕнхъ: «Табу Дӕхицӕн, не Скӕнӕг Хуыцау!» Афтӕ кӕд фӕзӕгъыс? Хуыцаумӕ арӕх фӕкувыс? Аргъуаны вӕййыс?
- Къоста йæ иу ӕмдзӕвгӕйы хуымӕтӕджы нӕ фӕдзӕхста:
Ӕмӕ-иу скув: «Хуыцау, Фӕдзӕхсын дыл мӕхи!»
Рагӕй нырмӕ дӕр ирон лӕг табу кӕны Хуыцауӕн, кувы йӕм, куры дзы... Йӕ уырнынад тыхарӕзт нӕу, зӕрдӕйы уидӕгтыл баст у. Нæ фыдӕлтӕ сӕхи фӕдзӕхстой Хуыцауыл, ӕмӕ уый хъуамӕ алкӕмӕн дӕр уа йӕ балцы райдайӕн, йӕ царды сӕйраг. Хуыцауӕн табу кӕнын хъуамӕ ӕдзух лӕууа дӕ зӕрдӕйы былалгъыл, уымӕн ӕмӕ уый у ӕцӕгдӕр не Скæнӕг, нӕ Удылхӕцӕг. Хъыгагӕн, аргъуанмӕ арӕх нӕ цӕуын, ӕмӕ уый у нӕ дзыллӕйы сӕйраг бӕллӕх дӕр. Иудадзыг хъӕуы аргъуанмӕ цӕуын ӕмӕ кувӕг адӕмимӕ иумӕ не Сфӕлдисӕгмӕ кувын. Иумӕйаг куывд, зӕрдиаг куывд, Хуыцаумӕ ӕнӕмӕнг фехъуысдзӕн ӕмӕ йын уӕд фендзыстӕм йӕ кад, йӕ рухс цӕсгом, йӕ уаз дунейы диссӕгтӕ. Фендзыстӕм сӕ адӕймаджы цӕстытӕй нӕ, фӕлӕ зӕрдӕйы цӕстытæй...
- Чырыстийы сурӕт сырӕзы нӕ разы дӕ диссаджы ӕмдзӕвгӕтæй - «Чырыстийы мӕлӕт», «Скув-иу!», «Чырысти райгас», «Ӕрвон рухс», «Чырыстимӕ ӕрцу!», «Сурӕт», «Къостайы фӕзмгӕйӕ», «Сагъӕс». Цӕмӕн дын у Чырыстийы сурӕт афтӕ зынаргъ? Чи у дӕуӕн - поэт ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймагӕн - Чырысти?
- Мӕнмӕ гӕсгӕ, ацы ӕмдзӕвгӕты мидӕг ис дзуапп дӕ фӕрстытӕн, стӕй, дӕ фыццаг фӕрстытӕн цы дзуаппытӕ радтон, уыдоны мидӕг дӕр. Чырысти у нӕ удылхӕцӕг, нӕ тӕригъӕдтӕ барӕг, мыггагмӕйы цард дӕттӕг. Ӕнӕ уымӕй адӕймаджы цард, поэт уа, номдзыд ахуыргонд ӕви хуымгӕнӕг, у талынг ӕмӕ афтид, йемӕ та - рухс ӕмӕ Хуыцауы фарнӕй дзаг.
- «Зӕххон цин» – афтӕ схуыдтай де ‘мдзӕвгӕ-сонет. Ис дзы ахӕм рӕнхъытӕ:
Цӕрыны ныфсӕй ма зонӕм ӕфсис!
Бӕлццон дзыллӕтӕ банкъуысой нӕ зардмӕ
Ӕмӕ тырной ӕвӕлмӕцгӕйӕ цардмӕ!
Циныл абон бирӕтӕ нал зонынц цин кӕнын.
Бынтондӕр та искӕй хорздзинадыл.
Де ‘мдзӕвгӕтӕ та сидынц чиныгкӕсӕгмӕ, царды тых ӕмӕ адӕймаджы ныфс тыхджынӕй-тыхджындӕр куыд кӕной, уымӕ. Дӕ зӕрдӕмӕ уыцы ӕнахуыр рӕсугъд цардбӕллон ӕнкъарӕнтӕ кæцӕй цӕуынц?
- Ацы ӕмдзӕвгӕ куы ныффыстон, уӕд мыл цыдис 17 азӕй чысыл фылдӕр. Хуыцау ис, уый уӕд мӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕма уыд, фӕлӕ йӕ ныр зонын, алы ӕвзонг удӕн дӕр, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдӕйыл «ныффӕлдӕхы фӕндыр» ӕмӕ йын уый йӕ зӕрдӕйы рӕбинагдӕр къуымы ссудзы ӕрвон зынг, цырын ӕй кӕны рухс тыгъдадмӕ ӕмӕ уый фӕрцы ӕвзонг уд тырны, цӕмӕй иууыл дзыллӕтӕ дӕр йемӕ уырдӕм ныххӕррӕтт кӕной. Уыцы зынг у поэзийы сусӕг гуырӕн ӕмӕ йӕ тӕмӕн.
- 2003 азы дын Дзӕуджыхъӕуы цы чиныг рацыд, уый схуыдтай «Ӕрвон рухс». Чиныджы мидӕг йе 'мном ӕмдзӕвгӕйы ис ахӕм рӕнхъытӕ:
Уый алкӕмӕн йӕ зӕрдӕйы дуар хойы
Фӕлмӕн къухӕй ӕмӕ йӕ хоны цардмӕ.
Уый ахаста нӕ тӕригъӕд ӕккойӕ
Ӕмӕ ысси ӕцӕг фӕндаг уӕларвмӕ.
Цы у дӕуӕн та дӕ царды «ӔРВОН РУХС»?
- Йесо Чырысти!!!
- Раргом нын кӕн ацы диссаджы рӕнхъыты мидис ӕмӕ зӕгъ: дӕумӕ гӕсгӕ, иуæй-иу адӕймӕгтӕ цӕуылнӕ ӕууӕндынц Хуыцауыл?
Ӕууӕнд Хуыцауыл, кӕ Хуыцауӕн табу,
Хуыцауӕн дзур дӕ цин ӕмӕ дӕ зын.
Хуыцауы дзырд дӕ хъысмӕтӕн йӕ апп у,
Чырысти та - Сырх Сӕн ӕмӕ Кӕрдзын.
- Хуыцауы дзырд у царддӕттӕг, нӕ хъысмӕты апп. Уыцы Дзырд ӕцӕгӕй у Чырысти, уыимӕ уый у Сӕн ӕмӕ Кӕрдзын. Алы чырыстон дӕр райсы зароба ӕмӕ зоны, ацы дыууӕ дзырды цы амонынц, уый: Сӕн - Чырыстийы туг, Кӕрдзын та - йӕ буар. Сауджыны сусӕг аргъуыды фӕдыл ӕрцӕуы уӕларвон диссаг: сӕн фесты Чырыстийы туг, кӕрдзын та - йӕ буар. Ӕмӕ уыдон чи бануазы-бахӕры, уый диссаджы хуызы баиу вӕййы Чырыстиимӕ, ноджы схайджын вæййы йæ тӕригъӕдтимӕ тох кӕныны хъомысӕй. Уыимӕ Чырысти загъта: «Мӕ буар чи хӕры ӕмӕ Мӕ туг чи нуазы, уымӕн ис мыггагмӕйы цард, ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн» (Иоанны Евангели, 6:56).
Хъыгагӕн, ис, Хуыцауыл чи не 'ууӕнды ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ уыдоны тыххӕй Хуыцау йӕхӕдӕг афтӕ загъта: «...уыцы адӕм сӕ зӕрдӕ дур ныккодтой, сæ хъустӕ - къуырма, сӕ цӕстытӕ - куырм, цæмæй цӕстӕй дӕр ма феной, хъусӕй дӕр ма фехъусой, зӕрдӕйӕ дӕр ма бамбарой - ма Мӕм раздӕхой ӕмӕ сӕ ма сдзӕбӕх кӕнон» (Пехуымпар Исайы чиныг, 6:10).
- Мӕ зӕрдӕмӕ арф айстон де ‘мдзӕвгӕ «Сурӕт». Йӕ разныхасы ныффыстай: «Сурӕт... Ацы зӕдӕнгӕс сылгоймаджы мын Хуыцау уӕларвӕй мадымадӕн ӕрӕрвыста... «Хуыцауыл ӕууӕнд», зӕгъгӕ, фыццаг хатт уымӕй фехъуыстон, мӕхи ӕмбарынхъом куы фӕдӕн, уӕд. Уӕд ӕй нӕма ӕмбӕрстон, дзӕвгар фӕстӕдӕр йӕ ныхӕстӕ мӕ зӕрдӕйы арф кӕй ныххиздзысты, уый. Ӕвӕццӕгӕн мыл йе цӕг дунейӕ ардӕм уӕдӕй нырмӕ ӕвӕллайгӕйӕ хӕрзаудӕн кӕны, ӕмӕ йӕ ӕз та нырма ныр ӕмбарын райдыдтон, Хуыцауыл ӕууӕндын цы егъау, цы диссаджы лӕвар у, уый.» Дӕ ацы ныхӕсты ӕвӕрд ис стыр зонд ӕмӕ динон фӕлтӕрддзинад. Табуафси, раргом нын сӕ кӕн.
- Мӕнмӕ гӕсгӕ дын ныронг цы дзуаппытӕ радтон, уыдоны мидӕг ис дзуапп ацы фарстӕн дӕр, ӕмӕ дзы уӕлдай ницыуал зӕгъдзынӕн, уыимӕ дын ӕмдзӕвгӕйы рӕнхъытӕ сӕхӕдӕг дзуапп дӕттынц дӕ фарстӕн. Уӕлдӕр дзы цыппар рӕнхъы дӕр куы ‘рхастай.
- Ацы рӕнхъытӕ ист сты ӕмдзӕвгӕ «Скув-иу!»-ӕй:
Цин кӕны зӕрдӕ, фӕрысти,
къӕхтыл лӕууыс ӕви - хъен, -
скув: «Фыд, Сыгъдӕг Уд, Чырысти,
табу Дӕхицӕн! Аммен!»
Бирӕтӕ йӕ зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц, цы у куывд, цӕмӕн хъӕуы алы бон дӕр Хуыцаумӕ кувын. Хъазыбег, ды та кӕд ыссарыс не Скӕнӕджы ном, кӕд фӕзӕгъыс «Табу Дӕхицӕн, Хуыцау!»?
- Ӕрвылбон дӕр. Бон цалдӕр хатты. Алы хъуыддаджы размӕ дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр, суанг хӕрды размӕ ӕмӕ хӕрды фӕстӕ дӕр.
- Хъазыбег, ды алы бон дӕр кӕсыс чингуытӕ, журналтӕ, бирӕ къухфыстытӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ куыст ахӕм у. Арӕхдӕр цавӕр чингуытӕ кӕсыс? Уыдоны хсӕн дины чингуытӕ дӕр ис? Ӕрыгон лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕн та, дӕумӕ гӕсгӕ, цавӕр дины чингуытӕ хъӕуы кӕсын?
- Арӕхдӕр кӕсын, йӕ ног ӕмдзӕвгӕтӕ нӕм «Мах дуджы» редакцимӕ чи ‘рбахӕссы, уыдоны къухфыстытӕ. Ирон ӕмӕ дыгурон поэтты уацмыстӕ. Сæ фылдӕрыл редакцион ӕгъдауӕй бирӕ кусын нӕ бахъӕуы, фӕлӕ вӕййы ахӕм уацмыстӕ дӕр, ӕмӕ сыл бахардз кӕнын дзӕвгар рӕстӕг, цӕмӕй литературон журналы рауадзыны аккаг суой, уый тыххæй, уыимӕ се ‘хсӕн, хъыгагӕн, вæййы тынг лӕмӕгъ ӕмдзӕвгӕтӕ дӕр, ӕмӕ уыдон, ай-гъай, нӕ рацæуынц. Уӕгъд рӕстӕг кӕсын чингуытӕ дӕр, дунеон, уырыссаг ӕмӕ нӕхи литературӕ, адӕмон сфӕлдыстад. Кӕсын дины чингуытӕ дӕр: чырыстон сыгъдӕджыты хабӕрттӕ, стӕй уыдонӕн сӕхи куырыхон фыстытӕ дӕр. Мӕнмӕ гӕсгӕ, Библи ӕмӕ чырыстон дины иннӕ чингуытӕ кӕсын ӕмбӕлы алы кары адӕмӕн дӕр. Сӕйрагдӕр та - ӕрвылкъуыри кувынмӕ цӕуын хъӕуы аргъуанмӕ.
- Аивадон тӕлмацы куыст се ‘нцонтӕй нӕу. Ды раивыс ирон сӕвзагмӕ прозаикон ӕмӕ поэтикон тексттӕ. Мӕнӕн мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты, Цӕлыккаты Ахмӕтӕй цы таурӕгътӕ ратӕлмац кодтай, уыдон. Уӕлдайдӕр та йӕ радзырд «Фӕстаг убыхаг». Уырыссаг семӕ фӕсарӕйнаг поэттӕй та ирон ӕвзагмӕ кӕй ӕмдзӕвгӕтӕ раивтай?
- Студент ма куы уыдтӕн, уӕд фӕлвӕрдтон немыцаг ӕвзагӕй Гёте ӕмӕ Гейнейы иугай ӕмдзӕвгӕтӕ тӕлмац кӕнын. Цалдӕргай ӕмдзӕвгӕтӕ раивтон иукъорд нырыккон абхазаг поэттӕй дӕр. Уырыссаг поэттӕй тӕлмац кодтон Пушкин, Лермонтов, Есенин, Блок, Бальмонт, Маяковский, Цветаева, Тарковский ӕмӕ ӕндӕрты уацмыстӕ. Прозӕйӕ Лев Толстойӕ ратӕлмац кодтон цалдӕр миниатюрӕйы, Чеховы радзырд «Замана» («Горе»), Цӕголты Георгийы радзырд «Зымӕгон ӕхсӕв» («Зимней ночью»)... Кӕцыдӕртӕ дзы мыхуыргонд ӕрцыдысты журнал «Мах дуджы».
- Ӕмдзӕвгӕтӕ фыссынӕй уӕлдай ма ды куыстай Уӕрӕсейы Библийы Ӕхсӕнады дӕр (Российское Библейское Общество). Де 'мбӕлттимӕ - Косты Лизӕ ӕмӕ Нӕкуысаты Наирӕимӕ - тӕлмац кодтай Библийы чингуытӕ. Цас уын дзы бантыст ирон ӕвзагмӕ раивын? Дарддӕр цы тӕлмац кӕндзыстут?
- О, куыстам, тӕлмац кодтам. Конд нын ӕрцыдысты «Рагон фӕдзӕхст»-ы чингуытӕ. Фӕлӕ уыдон нырма сты фыццаг (сауфыст) варианттӕ. Ӕз ӕмӕ Лизӕ тӕлмац кодтам комкоммӕ рагон дзуттаг ӕвзагӕй (Санкт-Петербурджы йӕ дыгай азтӕ ахуыр кодтам алы рӕстӕджыты), Наирӕ та - уырыссаг ӕвзагӕй. Ныртӕккӕ дарддӕры куыст бӕлвырд аххосӕгтӕм гӕсгӕ къуылымпыгонд ӕрцыдис. Ӕмӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, тӕлмацгӕнджыты куыстӕй дарддӕр, аразгӕ у бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕй. Зӕгъӕм, мӕнӕн фаг рӕстӕг нал ис уыцы куыст кӕнынӕн, журнал «Мах дуг» дӕр домы ахсджиаг фӕллой. Лизӕ архайы дарддӕр, фӕлӕ тынг зын у иунӕг удӕй уыцы тӕлмацтӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын. Уӕддӕр ныфс ис, ӕмӕ Хуыцау баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй къорд азы фӕстӕ нӕ чингуыты тӕрхӕгыл фӕзына «Рагон Фӕдзӕхст» ирон ӕвзагыл.
- Нӕ дуне абон у змӕст ӕмӕ ӕмтъеры. Адӕм кӕрӕдзи нал ӕмбарынц, кӕрӕдзиуыл зӕрдӕйӕ нал аудынц. Алцӕмӕй, хъыгагӕн, ӕххӕст чи нӕу, нӕ уыцы дунейы дӕ зӕрдӕ цӕуыл лӕууы, царды мидӕг дын ныфсы хос цы у?
- Раст загъыс, дуне у змӕст ӕмӕ ӕмтьеры. Зӕрдӕ дзы цӕуыл фӕлӕууа, уый хаттӕй-хатт нӕ уынӕм. Уыимӕ, нӕ ирон ӕмӕ дыгурон ӕвзаг заууаты уавӕрмӕ 'рцыди. Скъолаты йын фаг сахӕттӕ лӕвӕрд нӕй. Паддзахады лӕгтӕ адӕмыл, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы тыхсиккой, уӕд, чи зоны, нӕ уавӕртӕ фӕнывылдӕр уаиккой... Уӕддӕр Хуыцаумӕ кувын хъӕуы - сыкъайӕ нӕ, фӕлӕ зӕрдӕйы уидӕгты бынӕй, цӕмӕй нӕ паддзахады лӕгтӕн ратта куырыхон зонд, цӕмӕй адӕм сӕ къӕхтыл слӕууой, кӕрӕдзи бауарзой ӕмӕ нӕ царды уаг йӕ гаччы сбада... Цӕмӕй Иры фарн ма фесӕфа!.. Архайын хъӕуы алкӕй дӕр. Алы уд дӕр у хӕсджын йӕ дзыллӕйы раз. Фӕлӕ уӕддӕр ӕмӕ уӕддӕр ныфс дарӕн ис фыццаджыдӕр Хуыцауыл! Иу хатт ма ӕрхӕсдзынӕн Хетӕгкаты Кьостайы ныхӕстӕ:
Ӕмӕ-иу скув: «Хуыцау,
Фӕдзӕхсын дыл мӕхи!»
- Хъазыбег, бузныг дын зӕгъын ацы интервьюйы тыххӕй. Дунескӕнӕджы фӕрцы дӕ къухты ног поэтикон ӕнтыстытӕ бафтӕд, ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм де ‘ртыккаг ӕмдзӕвгӕты ‘мбырдгондмӕ.
См.: Мах дуг, 2019, № 6, 89-97 фф.
